Главная > Ирон æгъдæуттæ > БЫНАТЫХИЦАУЫ КУЫВД

БЫНАТЫХИЦАУЫ КУЫВД


24 мая 2008. Разместил: 00mN1ck
Ирон адæм тынг æууæндынц Бынатыхицауыл, уæлдайдæр хæхбæсты цæрæг адæм. Мæнæ исчи йæ фыстæ иу ранæй иннæ ранмæ куы аивы, æрмæст фондзыссæдз сардзины, уæддæр фæзæгъы, мæ Бынатыхицауы хорзæх мын хуыцау раттæд, зæгъгæ. Хæхты цы ирон адæм цæры, уыдонæй алчи дæр дары Бынаты-хицауæн хъуг нывонд, æмæ йын алы аз дæр йæ родаргæвдынд куывдæн. Цы нозтытæ æмæ хæрд сцæттæ кæнынц, уыдонæй никæмæн фæдæттынц æндæр хæдзары бинонтæй, нæ, дам, дзы фæтчы, зæгъгæ. Куы, дам, дзы радтæм, уæд ныл фыдмæ разилдзæн Бынатыхицау.

Бынатыхицауæн кусарт акæнын, йе род, йе сæныкк аргæвдын кæмæн нæ бантысы, уыдон æнæуи нозт æмæ дзыккатæ-йедтæй дæр скувынц, уæддæр сæ сæ Бынатыхицау рох нæу. Хъуг снывонд кæнын йæ амал кæмæн нæ вæййы, уыдон та фæиывонд кæнынц сæгъ.

Ирон хæхбæсты устытæй-иу бирæйæн æнæ уæвгæ нæ уыди Бынатыхицауы номыл сæгъ нывонд. Уый-иу конд æрцыд йе йæ сывæллоны фæрынчыны рæстæг, науæд-иу хæлмаг куы кодта, уæд ын-иу «дæсны» бацамыдта, загъта-иу ын, дæ сывæллонмæ дын Бынатыхицау æвзиды æмæ дæ агуры сæгъ нывонд, науæд та æндæр истæмæйты куывд, кæннод дæ сывæллæттæ тыхст ран уыдзысты. Ус-иу фæстæмæ хæдзармæ æрцыд æмæ загъта, дæсны мын раздæр мæхи удæй куывд бацамыдта, стæй йын уый фæстæ та сæгъ нывонд хъæуы.

Ус хи удæй куывд афтæ скæны: йæ цæгатæй ракуры бæгæныйаг зад, дзуллаг ссад чъиритæ скæнынæн æмæ æхца кæф æлхæнынæн. Уый фæстæ чъиритæ скæныны тыххæй æнæцыд чызг, йе 'нæус лæппу, гæнæн æмæ амал куы уа, уæд фыццаг зæнæг, хъуамæ æрхæссой сыгъдæг дон æртæ куыройы уæлейæ. Кæд хæдзары вæййы æнæцыд чызг, уæд уый уыцы донæй скæны жæрдзын, ома чъиритæ, цæмæй Бынатыхицауæн барстдæр уой, уый тыххæй, Мой кæмæн уа æмæ йæ лæгимæ æхсæв хуыссæнуатмæ чи æрцæуа, уый, дам, сыгъдæг нæу æмæ йын Бынатыхицау йæ чъириты конд сыгъдæг не схондзæн.

Бынатыхицауæн устытæ фыццаг заманы афтæ арæх куывдтæ кодтой «дæсныты» амындæй, æмæ-иу, зæгъæм, хæдзары аст усы куы уыд, уæд сегасæн дæр уыдис Бынатыхицауæн сæгъ нывæндтæ. Фæлæ ныр, революцийæ фæстæмæ, уыдонæй иуæн дæр нал ис сæгъ нывонд, æмæ афтæмæй сæ цот æнæниздæр сты, уымæн æмæ сыл исты хæлмаг куы абады, уæд æруайынц ферсылмæ, æмæ сын уый хос ратты.

Хохы мидæг йæ хæдзарæй æндæр хæдзармæ цæрыны тыххæй чи. фæивы, уый раздæры Бынатыхицауæн, стæй та, кæдæм æрбаивы, уыцы Бынатыхицауæн дæр скæны куывд, скæны йын ног нывонд хъуг, йе сæгъ. Быдырмæ чи лидза, уый дæр афтæ. Æндæр ранмæ чи ива, уый нæ ныууадздзæнис фыццаг цæрæн бынаты сæрызæды хæцъил, ахæссы йе йемæ ног бынатмæ.

Бынатыхицау ирон адæммæ афтæ кадджын уыдис, афтæ йыл æууæндыдысты æмæ-иу хæдзармæ калм куы фæцæйхылдис, уæд-иу æй нæ уагътой нæдæр марын, нæдæр хъыгдарын, уый, дам, Бынатыхицау у, æрмæст калмы хуызы бацыдис, цæмæй равзара, йæ бинонтæ йæ уарзынц æви нæ. Хæдзармæ зæрватыкк йуы батæхы, уæд дæр фæзæгъынц, уый у нæ Бынатыхицау æмæ уымæн тæхы' хæдзармæ. Зæрватыччытæ арæхдæр кæй хæдзармæ тæхой, уый йæхи фæхоны амондджындæр æмæ сыи фæкæны бадæнтæ, лæмæй'йæм арæхдæр тæхой æмæ йæм амонд æрбахæссой.

Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru