Главная > Ирон æгъдæуттæ > ЧЫЗГЫСКЪАФТ

ЧЫЗГЫСКЪАФТ


8 июня 2008. Разместил: 00mN1ck
Лæппу-иу скъæфты фæндагыл цæмæн ныллæууыд. Чызгыскъæфтытæ-иу цыдис алыхуызон уавæрты, алыхуызон æфсæнтты фæдыл, фæлæ уæлдай арæхдæр — мæнæ ахæм цыппар хуызы хъуыддæгты тыххæй.

1. Лæппуйæн-иу чызджы нæ лæвæрдтой, не 'мсæр нæ дæ, зæгъгæ. Чызджы бинонтæм — йæ мад, йæ фыд æмæ йæ 'фсымæртæм-иу куы баминæвар кодта, уæд ын-иу æргом дзуапп нæ лæвæрдтой, алцы æфсæнттæ-иу фæкодтой. Лæппу сæ-иу куынæуал уагъта, иоты æргом дзуапп мын раттут, зæгъгæ, уæд-иу загътой, цæмæн ын нæ дæттынц чызг, уый. Кæд æмæ лæппуйæн чызг нæ лæвæрдтой æнæрвæссоны тыххæй, уæд-иу лæппу загъта: «Уæдæ æз мæ мад æмæ мæ фыдæн фыртæн нæ райгуырдтæн, уыцы æгад мæ сæрмæ куы æрхæссон. Сымах мæн уе 'мхуызон нæ хонут æмæ мын чызг нæ дæттут, фæлæ йæ æз куынæ аскъæфон...».

2. Лæппу-иу минæвар скодта, цы чызджы уарзта, уымæ æмæ йæ бинонтæм. Уыдон-иу акастысты лæппуйы царды уагмæ. Зæгъæм, æргом-иу зыдтой, лæппуйæн йæ мыггаг æгаддæр кæй нæу уыдоны мыггагæй, стæй лæппу дæр фау æвæринаг нæу йе 'гъдæуттæ æмæ æндæртæй, фæлæ ирæд бафидын тагъд нæ бафæраздзæн, мæгуыр куыд у, уымæ гæсгæ. Гъемæ йын-иу уæд истæй æфсон скодтой. Фæлæ-иу лæппу базыдта, йæ мæгуырдзинады тыххæй йын æй кæй нæ дæттынц, уый. Лæппу-иу уый йæ сæрмæ не 'рхаста æмæ-иу йæхи сцæттæ кодта чызджы аскъæфынмæ.

3. Лæппу-иу зыдта, чызгæн фæндон у, уый, фæлæ-иу искæй куы сминæвар кодта, уæд ын-иу алы æфсæнттæ фæкодтой. Чызг та-иу æй бирæ уарзта, фæлæ-иу йæ бон ницы уыдис зæгъын, худинаг æм кастис. Фæстагмæ-иу чызг æмæ лæппу искæй руаджы сæ ныхас сиу кодтой, цæмæй чызгыскъæфт æрцыдаид ахæм æмæ ахæм æхсæв.

4. Лæппутæ дыууæйæ, науæд та фылдæрæй фæкурынц уыцы иу чызджы. Иннæ курджытæй йæ искæмæн, мыййаг, куы радтой, зæгъгæ, чи фæтæрсы, уый йæхи бахъары чызджы аскъæфыныл. Чызджы чи кура, уыдонæй иутæ кæд æндæр хъæуккаг уой, уæд ракурыны тыххæй раздæр бар вæййы хи хъæуккагæн, ома æндæр хъæуккагæн хæс нæу хъæуккаджы разæй минæвар скæнын. Фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, дыууæ усгуры æхсæн арæх рауайы быцæутæ, æз лæгдæр дæн, зæгъгæ, æмæ кæрæдзийæн нал фæхатыр кæнынц. Алчи дæр сæ амал фæкæны, цæмæй чызг бафта уый къухы. Рæртæмттæ чи фæдæтты, ахæмтæ дæр вæййы.

Ахæм скъæфтытæ дæр-иу æрцыд, æмæ лæппу нæдæр минæвар скодта, нæдæр чызджы дзæбæх зоны, æрмæст æй хъазты федта æмæ, йæ зæрдæмæ куы фæцыд, уæд уыцы сахатыл бамбарын кодта йæ хæстæгдæр æмгæрттæн, ахæм æмæ ахæм чызджы бауарзтон æмæ йæ скъæфгæ кæнын, æмæ мын цы зæгъут? Нæ базоны æппындæр чызджы фæндон. Æмæ йын йе 'мгæрттæ дæр фæзæгъынц, цы суынаффæ кодтай, уый дын бантысæд, зæгъгæ, æмæ йын ныллæууынц скъæфæг. Хъуамæ йæ ахæссой хъазтæй дæр, науæд та, сæ хæдзармæ куы фæцæйцæуа, уæд.

Скъæфджыты æгъдæуттæ. Лæппуйæн йæ хъуыддаг скъæфыныл куы свæййы, уæд чызджы сыхæгтæй, науæд та чызджы хæстæджытæй йæхицæн амал скæны хицон. Уыцы хицоны руаджы хъуамæ рагацау базона, чызг цы бæстыхайы фæхуыссы, йæ цуры чи фæхуыссы, стæй хæдзары бинонтæй чи кæм вæййы æмæ кæцы бон цафон хуыздæр уыдзæн скъæфынæн, уыдæттæ. Хицон ын чи ныллæууа, уымæн хатгай исты гæртам дæр ратты.

Уыцы хъуыддæгтæ иууылдæр куы сбæлвырд кæны лæппу, уæд æрзилы йе 'мгæрттыл, йæ зæрдæ кæуыл фæдары, ахæмтыл. Кæд, йæхæдæг цы хъæуы цæра, уыцы хъæуы йын скъæфджытæ фаг нæ уа, уæд ацæуы æндæр хъæумæ æмæ ма уырдыгæй дæр самал кæны. Фæзæгъы сын, ахæм æхсæв ус скъæфын æмæ мын къуылымпыйы ныхас ма зæгъут.

Лæппу раздæр сбæрæг кæны, чызджы кæдæм аскъæфдзысты, уый. Скъæфæг цы фæсивæд фæцæуынц, уыдон æрæмбырд вæййынц уыцы иу ранмæ, куыд ничи сæ фена, афтæ. Уыцы æмбырдæй сын хицондæртæ бæлвырд бамбарын кæнынц, куыд бацæудзысты æмæ бинонтæ кæмыты хуыссынц, уыдæттæ. Скъæфджытæ вæййынц 10—30 адæймаджы онг. Уыдон сæхицæн равзарынц хистæр уынаффæнæг, хуыздæр чи зона хъуыддаг, ахæм. Æмæ уынаффæгæнæг цы зæгъа, уый хъуамæ æххæст кæной иниæ скъæфджытæ.

Раздæр бауынаффæ кæнынц, цыдæриддæр уа, уæддæр чызгæн æнæ раскъæфгæ нæй, зæгъгæ, уый тыххæй æмæ иу хаттæн скъæфæг цæуæм, уæд æй ома хъуамæ рахæссæм, скъæфджытæй мæрдтæ куы фæуа, уæддæр. Скъæфæг кæмæ цæуынц, уыдон сæхуыдтæг, мыййаг, маргæ куы кæной, уæддæр скъæфджытæ хъуамæ маргæ макæй акæной, уый тыххæй æмæ уый стыр худи-наг у ирон адæммæ. Фыдылтæй дæр афтæ баззадис, æмæ скъæф-джытæ чызг аскъæфæнт, фæлæ æндæр фыдбылызæй мацы саразæнт.

Скъæфджытæ ебадынц сæ бæхтыл æмæ араст вæййынц, чызджы хæдзар кæм вæййы, уырдæм. Хъæугæрон æрхизынц сæ бæхтæй æмæ сæ уым ныууадзынц бæхгæсты æвджид. Кæд сæм бæхуæрдон уа, науæд тачанкæ исты, уæд уый дæр ныууадзынц уыцы ран. Араст вæййыцц, чызг цы хæдзары вæййы, уырдæм, бацæуынц сусæгæй. Кæд сыл куыйтæ рæйой, уæд сын кæрдзымисты аппарынц. Куы бацæуынц бæстыхæйттæм, уæд, дуæрттæй æддейы æхгæнæн кæмæн вæййы, уыдон сæхгæнынц, цæмæй иннæ бинонтæй æддæмæ мачи рацæуа, уый тыххæй. Чызг цы уаты фæхуыссы, уымæн кæд æнцадæй йæ дуæрттæ кæнын комой, уæд хорз, кæннод асæттынц дуар дæр æмæ рудзынг дæр æмæ рацагурынц чызджы. Куы йæ ссарынц, уæд ын йæ дзых басылыхъæй абæттынц, цæмæй хъæр ма кæна, уый тыххæй. Чызджы цур чи фæхуыссы, уыдон, сæ бон æмæ сæ амал цас вæййы, уыйас фæцархайынц скъæфджытимæ тох кæныныл, хъуамæ хаттæй-хатт афтæ дæр рауайы, æмæ чызджы нæ раттынц, кæннод та кæрæдзийы дæр бафхæрынц. Скъæфджытæн сæ худтæ, науæд сæ басылхъытæй истытæ уым баззайы.

Ахæм хъуыддæгтæ дæр-иу æрцыдис, æмæ чызджы æфсон мады кæд ахастой, æмæ-иу æй куы базыдтой хъæугæрон, уæд-иу æй фæстæмæ рауагътой, чызг та-иу йæ хæдзары баззадис.

Ахæм скъæфджытыл-иу тынг худтысты адæм. Фæлæ-иу уæддæр.сæ хъуыддаг нæ ныууагътой, æндæр хатт-иу аскъæфтой чызджы.

Чызджы хъæугæронмæ куы рахæссынц, уæд хаттæй-хатт сфæнд кæны, кæмæн æй скъæфынц, уыимæ фæцæрын æмæ уæд фæзæгъы, чи мæ скъæфы, уый мæ йæхæдæг хæссæд йæхи бæхыл, ома мæхи лæджы къухты йеддæмæ мæм макæй къухтæ хæццæ кæнæнт. Æмæ йæ уæд уый дæр райсы йæхимæ. Дзауматæ сæм вæййы, æмæ йыл дзауматæ скæнынц, уый тыххæй æмæ йæ йæ хуыссæнæй рахæосынц мидæггаг дзаумæтты.

Кæд æмæ æвæндонæй хаст вæййы, уæд йæ уæлæ дзауматæ кæнын нæ фæуадзы. Йæхимæ хæстæг нæ фæуадзы, кæмæн æй фæхæссынц, уый дæр. Нæ йыл фæцауæрды, цæуыл хæст кæна, уымæй цæвынæй дæр. Ахæм чызджы, кæмæн æй раскъæфтой, уыимæ куы ныууадзынц хицæнæй æмæ йын куы ницы ком фæдæтты, уæд æм скъæфджытæй иу-дыууæ бацæуы, æмæ йын уæд лæппу уыдоны руаджы тыхми бакæны. Чызгæн афтæ æвæндон куы вæййы, уæд уый фæстæ дæр нæ саккаг кæны йæхицæн уыи-мæ цæрын æмæ амалтæ фæкæны йæхи байсынæн. Афтæ дæр рауайы, æмæ чызг йæхи амары.

Скъæфджытæ хæдзармæ куы бабырсынц æмæ сæ хæдзары хицæуттæй исчи куы базоны, уæд семæ стох кæны, райдайы сæ цæвын æмæ суанг топпæй æхсын дæр, кæд æм уа, уæд. Кæд фæ-дис стыхджын вæййы, уæд хатт чызджы исгæ дæр бакæнынц æмæ йæ фæстæмæ æрбакæнынц йæ хæдзармæ. Кæд скъæфджытæ сæрæн фæсивæд вæййынц, уæд скъæфт æрцæуы æнæ исты фыдбылызæй, æмæ йæ кæдæм ахæссынц, уый чызджы бинонтæ æмæ хæстæджытæ дыууæ-æртæ мæймæ нæ базоньшц.

Чызг фескъæфынц хорз саргъы бæхыл, цæмæй йæ фæдис ма байсой, уый тыххæй. Скъæфт цы хæдзармæ æрцæуы, уыцы хæдзар тынг фæхъахъæны чызджы, кæй чызг у, уыдон æй фæстæмæ куыд нæ' байсой, афтæ.

Паддзахы хицауады æгъдау æвæрд куы æрцыдис Иры бæсты, уæдæй фæстæмæ чызгыскъæфджыты дæттын райдыдтой хицæутты тæрхонмæ. Карз фыст гæххæтт сыл-иу арвыстой гæртамхор хицæуттæм, æмæ-иу сæ уыдон æрцахстой, фæлæ-иу чи куыд тагъддæр æмæ фылдæр гæртам радтаид, афтæ-иу тагъддæр рацыдис йæ хæдзармæ, иннæ-иу бадтаид ахæстоны.

Чызг чи аскъæфта, уый бинонтæ æмæ йæ кæдæм аскъæфтой, уыдон та-иу архайдтой хи æгъдауæй бафидауыныл.

Адæмы æххуыс дыууæ мыггаджы бафидауын кæнынæн. Чызг чи аскъæфы, уый мыггаг æмæ скъæфджытæ куы сбæрæг вæййынц, уæд, кæй чызг æрцыди скъæфт, уыдоны цурмæ нæ фæцæуынц. Æфсæрмы сæ фæкæнынц, аххосджын стæм, ома тыхми сын бакодтам, зæгъгæ. Чызгмæ хæстæгдæр чи вæййы, уый нæ фæхатыр кæны уышы æфхæрд, æгад æм фæкæсы æмæ фæзилы, чи аскъæфта, уыдонæй искæй амарыныл. Кæй зæгъын æй хъæуы, раздæр, кæмæн æй скъæфтой, уымæ фæхъавы. Йæхицæн сæ схоны туджджынтæй дæр фыддæр.

Цалынмæ бафидауынц, уалынмæ дæппу скъæфт чызгимæ фæцæры, кæмæ йæ аскъæфы, уыцы хæдзары.

Ус чи аскъæфта, уый æрæгмæ куы фæфидауы, уæд уый æгад у, уымæ гæсгæ, аскъæфæджы бинонты æмæ йæ кæмæ аскъæфы, уыдон æрæмбырд кæнынц алы хъæуæй алы хорз адæмты æмæ сæ барвитынц, кæй чызджы аскъæфтой, уыдонмæ, хатыр цæмæй бакæной æмæ цæмæй бафидауой, уый тыххæй. Уыцы лæгтæ бацæуынц æмæ уынджы æрлæууынц, рахизынц сæ бæхтæй, барвитынц хицон, цæмæй бамбарын кæна, цæй тыххæй æрхызтысты сæ дуармæ, уый. Кæд хæдзары хистæр уым уа, уæд рацæуы кæртмæ, æрвыст лæгтæ дæр бацæуынц æмæ рæнхъ æрлæууынц. Æрвыст адæм се 'хсæн равзарынц, дзурынмæ дæсныдæр чи у æмæ адæмы æхсæн фылдæр кад кæмæн ис, ахæм лæджы. Уый раздæр ралæууы рæнхъæй æмæ æрвыст адæмы номæй фæзæгъы хæдзары хицауæн, дæ бон хорз уæд, зæгъгæ. Уый дæр ын, йемæ цы хиуæттæ вæййы, уыдоны номæй.фæзæгъы æгасцуай. Уый фæстæ æвзæрст лæг райдайы дзурын: «Мах, зылын адæм уæвгæйæ, дæ кæртмæ æрбауæндыдыстæм цæуын, æмæ нын бахатыр кæн. Æцæгдæр, дæ кæрты цы адæм æрæмбырд ис, уыдон æрвыст сты, тых дын чи бакодта, уыдонæй. Смаст кодтой канд дæуæн нæ, фæлæ дæ сыхбæстæн дæр æмæ дæ хъæубæстæн дæр. Уыдон мах алы хъæутæй æрæмбырд кодтой, бамбарын кодтой махæн сæ рæдыд æмæ хатыр курынц. Канд уыдон нæ, фæлæ мах дæр курæм, куыд сымахæй, афтæ сыхбæстæй дæр æмæ хъæубæстæй дæр». Сæ худтæ сисынц æмæ афтæмæй фæлæгъстæ кæнынц, цæмæй фидыды дзуапп радтой, уый тыххæй.

Хæдзары хицау, цы дзуапп дзы курынц, ахæм нæ фæдæтты. Уый фæзæгъы: «Махæн нæ - бон исты куы уаид, уæд нæм не 'рбауæндыдаиккой æмæ нæм нæ ныббырстаиккой, нæ нæ фæхудинаг кодтаиккой адæмы æхсæн. Махæн ныр нæ цардæй нæ мæлæт хуыздæр у. Ахæм мыггагимæ хæстæг нæ бакæндзыстæм. Æцæг сымахæй тынг æфсæрмы кæнæм, мах тыххæй уæ буц хæдзæрттæ, уæ. буц куыстытæ ныууагътат, цæмæй дыууæ мыггаджы æхсæн дарддæр фыдбылыз ма æрцæуа, уый тыххæй, æмæ уæ хуыцау бузныг уæд».

Уæд та æрвыст адæмы хистæр райдайы сегасы номæй лæгъстæ кæнын худаистæй. Фæзæгъы, æгады æрвыстæй нæ ма арвитут, зæгъгæ. Уæд, курæг кæмæ æрцыдысты, уыцы хистæр фæзæгъы: «Уæдæ мын бахатыр кæнут, мæнæн дæр кæстæртæ æмæ æрвадæлтæ ис, æмæ уын уыдоны æвастæй ницы зæгъдзынæн, бафæрсон сæ, базонон, уыдон та цы зæгъынц, уый». Æрвыст адæм уыцы дзуаппимæ раздæхынц, раарфæтæ кæнынц, æнæ фыдбылызæй цæмæй баззайой, уый тыххæй. Кæй чызг скъæфт æрцыд, уыдон тынг мæсты куы вæййынц, уæд æппындæр ницы дзуапп раттынц, æмæ курæг адæм фæстæмæ ацæуынц æнæ исты бæрæгæй.

Дыккаг хатт та æрæмбырд кæнынц уыцы хорз адæмы æмæ та сæ барвитынц хатыр курæг, цæмæй бафидауой, уый тыххæй. Хъæуы хистæртæ дæр æрцæуынц курæг адæммæ æмæ афтæмæй иумæ бамбарын кæнынц, кæй арвитынц, уымæн, зæгъгæ, хъæубæсты зæрæдтæ дæр курæг адæмимæ иумæ сты æмæ курынц, уæхимæ нæ бауадзут. Кæд æмæ сæ сæ кæртмæ уадзинаг уой, уæд бамбарын кæнынц æрвыст лæгæн, рацæуæнт, зæгъгæ. Æмæ уæд уый уыцы ныхас сæмбæлын кæны курæг адæмыл æмæ хъæубæсты хистæртыл. Уыдон араст вæййынц æфхæрд лæджы кæртмæ. Цалынмæ уыдон фæцæуынц, уалынмæ æфхæрд лæг арвиты йæ æрвадæлтæм æмæ ма йæ кæмæ фæфæнды, уыдонмæ. Курæг адæм хъæуы хистæртимæ æрлæууынц лæджы кæрты уыцы иу рæнхъыл. Æфхæрд лæг сæм рацæуы, кæимæ йын æмбæлы, уыдонимæ. Уыдон дæр ын раарфæ кæнынц, нырæй фæстæмæ адæм дæ кæртмæ хорздзинæдты куыд цæуой, хуыцау уый саккаг кæнæд, зæгъгæ. Райдайы та æвзæрст лæг дзурьш. Афтæ хъæубæсты номæй дæр фæлæгъстæ кæны хъæуы хистæртæй иу.

Уыцы бирæ лæгъстæты фæстæ сын æфхæрд лæг дзуапп ратты мæнæ ахæм хуызы ныхæстæй: «Уæдæ нын бахатыр кæнут, мах дæр мыггаг стæм æмæ нæ кæрæдзийы ацы хъуыддаджы тыххæй нæма федтам æмæ уын ныртæккæ бæрæг дзуапп раттын мæ бон нæу. Чызг кæд ацы хæдзары райгуырдис, уæддæр йæ уынаффæ лæвæрд у мыггагмæ, уый тыххæй æмæ, сымах чи æрæрвыста, уыдон батых кодтой æнæхъæн мыггагæн. Цы дзуапп нæм уа, уый, кæмæ зæгъат, уымæ сæмбæлын кæндзыстæм».

Курæг адæм æмæ хъæубæсты хистæртæ ныллæууынц æмæ сæ худтæ сисынц, фæлæгъстæ та кæнынц: «Мах уæ уый курæг стæм, æртыккаг хатт нæ мауал цæуын кæнут, цы дзуапп дæттинаг стут, уый нын абоны бон зæгъут, ам чи ис, уыдонимæ уæ кæрæдзийы фенут æмæ. Мах уæдмæ кæрты фæлæудзыстæм.

Фысымтæн дæр, кæд гæнæн нал вæййы æмæ сын мыггагæй æцæг æнæфарст ничиуал баззайы,уæд сæ кæрæдзимæ асидынц æмæ бауынаффæ кæнынц. Кæд кæстæртæй искæй нæ фæфæнды бафидауын, ома йæ зæрды вæййы исты маст скæнын, уæд ын хистæртæ фæндаг нал раттынц, ома, махмæ ныр дыккаг хатт алы хъæуæй алы хорз адæмтæ æрæмбырд сты æмæ уыдонæн дзуапп раттын хъæуы, зæгъгæ. Кæннод худинаг у, адæм нæ æнæдзуаппыл банымайдзысты, æмæ уый та æгады хос у дзыллæйы æхсæн. Мыййаг, нæхи дæр искуы куы бахъæуа сæр, уæд нын дзуапп ничы ратдзæни, уыдон сæхæдæг дæр æнæдзуапп сты, зæгъгæ. Æмæ мыггагæн худинаг у йæхи æгады бынаты сæвæрын. Хистæр мыггаджы æхсæц куы фæзæгъы, фидауын хъæуы, зæгъгæ, уæд кæстæртæн æнæ сразы хос нæй.

Сæ дзырд куы сиу кæнынц, уæд рацæуынц адæммæ. Сæ хистæр фæзæгъы: «Мæнæ буц адæм, бахатыр нын кæнут, бирæ уæ кæй фæлæууын кодтам, уый. Бæргæ йæ зонæм, стыр тых ныл сæмбæлдис. Нæ хæдзармæ нæм ныббырстой, нæ тых нын басастой. Адæмы æхсæн нæ æгады бынаты сæвæрдтой, чызг чи аскъæфта, канд уый нæ, фæлæ дзы скъæфæг чи уыдис, уыдон дæр. Ахæм æфхæрд бахатыргæнинаг бæргæ нæ уыдис. Нæ фыдæлтæ дæр никуы ныууагътой æфхæрд сæ уæлæ. Фæлæ мæнæ дзыллæ, мæнæ хорз адæм, йæ буц хъуыддæгтæ мах тыххæй чи ныууагъта, мах æхсæн дарддæр фыдбылыз мауал æрцæуа, зæгъгæ,— сымах хатыр сын фæуæд нæ тыхгæнджытæн, мах чи фæхудинаг кодта ирон адæмы æхсæн. Сымах хатыр сын кæнæм, уымæн æмæ нæм хорз нæ фæкастис сымах хуызæн хорз адæмы æнæ дзуаппæй аздахын».

Уыдон дæр райдайынц уæд арфæтæ кæнын. Раздæр раарфæ кæны хъæубæсты хистæр. Уый фæзæгъы: «Уæ, мæнæ хорз мыггаг, уæ фыдæлтæ дæр адæмы æхсæн лæгтæ уыдысты æмæ хорз дзуаппытæ лæвæрдтой, ныр та сымах дæр уæ фыдæлты кардæй рариуыгътат, æмæ уæ мах куыд фæбузныг стæм, афтæ уæ стыр хуыцау дæр фæбузныг уæд. Хъæубæстæн дæр æмæ курæг адæмæн дæр аргъ скодтат, уæхицæн та кад скодтат».

Уый фæстæ райдайы арфæтæ кæнын курæг адæмы хистæр. Уый фæзæгъы: «Сымахæн æгъдау уæ фыдæй баззад, æмæ хуыцау афтæ саккаг кæнæд, уыцы хорз уæ къухæй куыд никуы ахауа. Мах арфæ кæнын нæ фæразæм, фæлæ уын хуыцау раарфæ кæнæд, мах хорз адæмыл чи банымадта æмæ нын аргъ чи скодта. Мах алы хъæутæй стæм æмæ ацы хорздзинад радзурдзыстæм алы хъæуы, уыцы мыггаг ахæм æгъдауджын сты, зæгъгæ. Фæлæ мах та уый курæг стæм сымахæй, æмæ, дзуапп кæм радтат, уым уæ дзурæг лæгты дæр куыд сбæрæг кæнат абоны бон».

Кæд æмæ сьш амал вæййы, уæд фæзæгъынц, дзурæг лæгтæн кæй æвзарынц, уыдоны нæмттæ æмæ курæг адæм ныббуц вæййынц. Æфхæрд чи вæййы, уыдонæн бар вæййы дзурæг лæгтæн æртæ лæджы равзарын, зылын чи вæййы, уыдонæн та дыууæ. Æдæппæт фондз лæджы. Иу та дзы вæййы раст лæг. Уый равзарынц курæг адæм.

Курзег адæмта раарфæ кæнынц æмæ уыцы æмбырдæй ацæуынц скъæфæджы хæдзæрмæ æмæ уым бамбарын кæнынц, хъуыддаг куыд æвæрд у, уый. Уыдон дæр сбæрæг кæнынц дыууæ лæджы. Æфхæрд чи уа, уымæн йæ бон у, йæ зæрдæмæ дзы чи нæ цæуа, уый аивын кæнын, æмæ та уæд, æфхæрæг чи уыдис, уыдон йæ бæсты æндæр лæг равзарынц.

Дзурæг лæгты тæрхон. Уыцы фондз тæрхонгæнæджы æрæмбырд кæны йæ хæдзармæ скъæфæг, æмæ бауынаффæ кæнынц. Фыццаг рæстæджы-иу скъæфæг, скъæфджытæ æмæ чызджы, æфсымæртæ дзуары цур æууæнк радтой, дзурæг лæгтæ цы бауынаффæ кæной, ууыл уæлдай кæй нæ зæгъдзысты, æмæ-иу уый уыдис стыр фидардзинад. Паддзахы хицауад куы æрлæууыд, уæдæй фæстæмæ та хъуамæ зылынтæ дæр æмæ æфхæрд дæр радтой фидары гæххæтт хицауы къухæвæрдæй, тæрхоныл разы кæй уыдзысты, уый тыххæй.

Дзурæг лæгтæн скъæфæг йæ хæдзары кусарт акæны, æмæ хорз фæминас кæнынц зылыны хардзæй. Фæрсын райдайынц, чызг скъæфт кæцæй æрцыд, уымæй. Бафæрсынц, кæй цурæй йæ ахастой, уыцы æвдисæнты æмæ йæ сыхæгтæй чи базоны, уыдоны дæр. Уым фарст куы фæвæййынц, уæд та райдайынц фæрсын, чызг кæмæн аскъæфтой, уыцы лæппуйы: цæмæн аскъæфта æмæ цæй тыххæй фæрæдыди? Лæппу бæлвырд бамбарын кæны йæ хъуыддаг. Бæлвырддæры тыххæй ма бафæрсынц æндæр æвдисæнты дæр, раздæр ын минæвар чи уыдис, уыдоны. Фæстагмæ æрæмбырд кæнынц, скъæфæг чи уыдис, уыцы фæсивæды æмæ уыдоны дæр бафæрсынц. Скъæфджытæ дæр фæзæгъынц, хъуыддагæй цы фæзонынц, уый, стæй радзурынц, чызджы куыд аскъæфтой, уый дæр.

Кæй фæрсын фæхъæуы хъуыддаджы тыххæй, уыдон се 'ппæт дæр фарст куы æрцæуынц, уæд дзурæг лæгтæ скъæфджыты зиантæн саргъ кæнынц æхцайæ. Хæдзармæ кæй ныббырстой æмæ тых кæй бакодтой, уымæн дæр скæнынц æхцайæ аргъ æмæ сегас иумæ сæвæрынц.

Тæрхоны лæгтæм куы ницыуал дзырддаг вæййы, уæд бамбарын кæнынц, цы тæрхон рахастой, уый. Фыццаг заманы-иу æй бамбарын кодтой сыхæгты раз, уыдон æвдисæн куыд уой, афтæмæй. Фæстаджырдæм-иу сæ тæрхон хицауады фыссæидоны гæххæттыл сфидар кодтой. Кæд искæцы фарс разы нæ уыдаид, уæддæр-иу йæ бон ницыуал уыд, æрмæст ма-иу сæ ист лæгты азымы дардтой, иннæты дзурæг лæгтæ уыл фæуæлахиз сты, зæгъгæ.

Кæд, чызг чи аскъæфта, уыцы.лæппу цæрæг уа, уæд, скъæфджытыл цы ивар сæвæрынц, уый дæр йæхæдæг бафиды. Науæд та, кæд æмæ йæхæдæг ирæд бафидынæн дæр нæ вæййы æххæстæй, уæд ма йын скъæфджытæ, цы хъуаг вæййы, уый се 'хсæны æрæмбырд кæнынц, стæй сæхиуыл цы ивар æвæрд вæййы, уый дæр бафидынц. Хъуыддаг ирæды тыххæй фехæла, уый сæм æгад фæкæсы, скъæфæг кæмæн уыдысты, уымæн йæ хъуыддаг кæрæй-кæронмæ ахицæн кæнын сæ хæс фæхонынц. Скъæфджытыл иварæн фылдæр хатт æвæрд вæййы — хорз саргъы бæх.

Кæд æфхæрд фылдæры аргъ уа, уæд ма йемæ æхца дæр. Бæх уый тыххæй, æмæ адæмы цæсты кадджын у. Чызг кæмæй аскъæфтой, уыдонæн дæр уæд сæ зæрдæ фæлмæндæр кæны скъæфджытæм.

Ирæд дæр æмæ æфхæрды ивар дæр куы ахицæн кæнынц, уæд уый фæстæ чызджы æрхæссынц лæппуйы хæдзармæ. Къухылхæцæг æмæ йын æмдзуарджын хъуамæ уой скъæфджытæй.

Уый фæстæ дзурæг лæгтæ лæппуйæн сцæттæ кæнын кæнынц алы хæрд æмæ нозт кусæрттагимæ. Æрæмбырд кæнынц уырдæм чызджы фыд æмæ йæ мыггаджы, афтæ скъæфджытæ æмæ лæппуйы мыггаджы дæр. Хæрд æмæ нозт куы сцæттæ вæййынц, уæд сæ скувынц хистæртæ. Дзурæг лæгтæ радыгай фæдзурынц, арфæ фæкæнынц сæ алкæмæн дæр, аргъ скодтат дзурæг лæгтæн, æмæ уæ хорз дзуаппæй бузныг, зæгъгæ, радыгай сæ сæ кæрæдзимæ дзурын кæнын райдайынц. Фæсивæдæй тынгдæр кæмæн фæтæрсынц, уыдонæн та иу нуазæн баназдлн кæнынц иумæ, йæ хуылфы йын æвзист, йе та сызгъæрин æхца цæвæрынц, афтæмæй.

Уæдæй фæстæмæ дыууæ мыггаджы баззайынц хæстæгæй. Æцæг лæппуйæн йæ хæдзары ницыуал вæййы, æмæ йæ усимæ мæгуырæй баззайы. Лæппуйæн ма æххуыреты æнæ ацæугæ цы хос вæййы, цæмæй та цæрынæн исты самал кæна, уый тыххæй. Афтæ кæрæдзийæ æнæбары иртæст æрцæуынц дыууæ ног къайы æмæ сæ хъæлдзæджы бонты кæрæдзи уындæй нæ бафсæдынц.

Кæй чызг æрцæуы скъæфт, уыдон фæдисы куы ацæуынц æмæ сæ къухы куынæ бафты чызджы фæстæмæ байсын, уæд сæ маст райсыны тыххæй ныббырсынц, чызг кæмæн скъæфт æрцыд, уый хæдзармæ. Хæдзары бинонтæй нæлгоймæгтæй кæй феной, ууыл марынæй дæр нæ. фæауæрдынц. Иннæ ахæм нæ фæцауæрдынц хæдзар басудзыныл дæр. Кæд дзы чызг уа хæдзары æмæ сæ къухы бафта рахæссынмæ, уæд æй рахæссынц сæ чызджы скъæфтмæ, æмæ йæ сæ мыггаджы фæсивæдæй исчи йæ ус скæны, сæ кæрæдзи уарзой, нæ уарзой, уæддæр. Ома нæ хæс райстам нæ батыхгæнджытæй, зæгъгæ. Уæддæр дыууæ мыггаджы кæрæдзимæ нæ фæдзурынц.

Раздæр чи батых кодта, уый зылындæр кæй вæййы, уыма гæсгæ сæ мыггаг адæмы хорз, дзырддзæугæдæр лæгтæн бамбарын кæнынц, цæмæй сæ бафидауын кæной. Æмæ се 'хсæн равзарынц тæрхоны лæгтæ æмæ сæ бафидауын кæнынц.

Бярæ чызшскъæфты хъуыддæгтæ дзæбæх ахицæн вæййынц, се 'хсæн хорз адæм куы бацæуынц, уæд, Фæлæ иуæй-иутæ та æнæ фидыдæй баззайынц.

Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru