Главная > Ирон æгъдæуттæ > ДАРД ХЪÆУЫ МÆРДДЗЫГОЙ

ДАРД ХЪÆУЫ МÆРДДЗЫГОЙ


13 июня 2008. Разместил: 00mN1ck
Дард хъæуы мæрддзыгой ныгæнæн бонмæ нæ сæмбæлынц. Хъæргæнæг цы хæстæгмæ æрхизы зиан бамбарын кæныны тыххæй, уый æрзилы йæ сыхбæстыл æмæ хъæубæстыл, базоны, йемæ чи бафыдæбон кæндзæн марды тыххæй, зиан кæуыл æрцыд, уый хæдзармæ фæцæуыныл. Кæмæ бадзуры, уыдон сразы вæййынц, кæд сын амал нæ вæййы, уæддæр æфсæрмæй, ацы хатт мæхи дæр сæр куы бахъæуа, искæцæй,мæм хъæргæнæг куы уа, уæд мемæ дæр цæуын хъæудзæн искæй, зæгъгæ, (мардмæ ацæуын æфстау у, зæгъгæ афтæ фæзæгъынц).

Хъæргæнæг кæмæ вæййы, уый йæ амалмæ гæсгæ сцæттæ кæ-ны арахъ, дзултæ æмæ кусæрттаг. Фыццаг рæстæджы — галтæ, фæстагмæ та къаддæр стуртæ. Райсомæй æрæмбырд вæййынц, мардмæ цæуинаг чи у, уыдон — нæлгоймагæй, сылгоймагæй. Лæгтæ сбадынц бæхтыл, устытæ та уæрдæтты ацæуынц, мард цы хъæуы æрцыд, уырдæм. Мæрдджыны хæдзармæ æххæст нæ бахæццæ вæййынц, афтæ уынджы бауромынц, рахизынц бæхтæй æмæ уæрдæттæй. Сæ дзауматæ иууылдæр цæвæрынц уæрдæтты: берданкæ уæд, дамбаца уæд, нымæт уæд, кæлмæрзæн уæд. Нæлгоймæгтæ разæй рараст вæййынц, сылгоймæгтæ та сæ фæстæ. Мæрдджыны дуармæ фæлæууынц хъæубæсты хистæртæ. Нæлгоймаг мæрддзыгойæн сæ разæй сæ кæстæртæй иу фæцæуы, æмæ йын мæрдджыны дуармæ уæвджытæй исчи бацамоны, кæм æрлæууой, уый. Æрлæууынц мæрдджыны дуармæ рæнхъ æмæ, кæугæ бацæуын хæс кæмæн у, уыдон кæугæ дыгæйттæй араст вæййынц хæдзармæ. Хæстæгдæр чи вæййы зианджынмæ, уыдон сæ сæртæ фæхойынц, кæугæ бацæуыйц æмæ фæкæуынц, цалынмæ сæм исчи рацæуы, уæдмæ. Хъæубæстæй сæм исчи рацæуы æмæ сæ ныллæууын кæны сæ кæуынæй. Уæд рацæуынц дуармæ æмæ се 'мбæлттимæ рæнхъ æрлæууынц. Уæдмæ се 'мбæлттæ æнцад сæ къухтæ дæлæмæ уагъдæй фæлæууынц. Уæд хъæубæсты зæрæдтæй иу раздæр рацæуы æмæ сын фæзæгъы: «Æнæ хъыг уæ хуыцау уадзæд, цинтæм фæцæут абонæй фæстæмæ». Мардмæ чи æрлæууыд, уыдоны хистæр,дæр раздæр балæууы йе 'мбæлттæй æмæ раарфæ кæны: «Абонæй фæстæмæ ацы хæдзармæ, ацы хъæубæстæм адæм цæуæнт хъæлдзæгдзинæдтæм».

Бакæнынц сæ мидæмæ. Кæугæ чи кодта, уыдонæн рахæссынц хъуывгъаны дон æмæ хисæрфæн. Сæхи цæхсынц — сæ къухтæ æмæ цæстытæ æнæ сапонæй. Хъуамæ худ мачи сиса, уый худинаг у уыцы сахатыл.

Фæлæууынц, цалынмæ устытæ æрбацæуынц, уæдмæ.

Устытæ кæугæ рараст вæййынц æмхуызонæй дæр, сæ разæй — хъарæггæнаг ус. Ахæм хæстæг сылгоймаг дзы чи вæййы мардæн, уый йæхи фæтоны, фæцæвы йæ риу, æмæ йыл уæд, йæ фарсмæ цы дыууæ усы цæуа, уыдон ныххæцынц, нæ йæ фæуадзынц йæ рустæ тонын æмæ йæ риу цæвын. Кæртмæ куы бахæццæ вæййынц, уæд фæцæуыц сындæггай, къахдзæфгай, кæугæ. Сыхбæсты æмæ хъæубæсты устытæ дæр сæ размæ хæдзары дуармæ æрлæууынц æмæ хорз фæкæуынц. Иумæ бараст вæййынц хæдзармæ æмæ уым кæрæдзимæ æрдиаг фæкæнынц, се 'хсæрфæрстæ цъыкгæнгæ бацæуынц мæрдджын сылгоймæгтæм. Сæ кæуынæй куы банцайынц, уæд уыдон дæр сæхи цæхсынц.

Лæгтæн саразынц фынгтæ уазæгдоны, науæд та кæрты æмæ, кæмæн фембæлы, уыдоны æрбадын кæнынц æмæ сæ марды рухсаджы тыххæй хорз фенынц. Кæстæртæ не 'рбадынц, дзауматæм æмæ бæхтæм сæ цæст фæдарынц.

Цалынмæ лæгтæ фæхæрынц, фæнуазынц, уалынмæ устытæй алчи йæ хæстæджытыл зилыныл фæвæййы, кæдæй-уæдæй мын фадат ис мæ хæстæджы фенынæн, зæгъгæ. Ирон сылгоймаг-иу æндæр хъæубæстæм æфтыдис æрмæст искуы-иу хатт, зианы рæстæджы, чызг та — чындз хæсгæйæ. Æнæуи ацæуын сылгойма-гæн худинагыл нымад у.

Хъæубæсты зæронд лæгтæ мæрдджыны дуармæ фæлæууынц иу-дыууæ къуырийы дæргъы, цалынмæ æддагон хъæутæй мæрддзыгой цæуой, уæдмæ, Æддагон хъæуæй мæрддзыгой куы æрцæуа æмæ мæрдджыны дуармæ куы ничи уа, уæд худинаг у мæрдджынæн.

Мæрдджыны-иу йæ марды бон чи нæ федта, уый йыл-иу кæм сæмбæлдаид — фæндагыл уа æмæ æндæр ран уа, уым ын хъуамæ хъыгтæ ракодтаид, йæ къухтæ дæлæмæ уагъд, афтæмæй.

Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru