Главная > Ирон æгъдæуттæ > САБАТИЗÆРТÆ

САБАТИЗÆРТÆ


15 июня 2008. Разместил: 00mN1ck
Ирон адæм (чырыстæттæ) мардæн кæнынц сабатизæртæ. Йæ амæлыны фæстæ йын устытæ хъуамæ æппьшкъаддæр ахæссой авд сабатизæры алы хæрд æмæ нозт йæ йнгæны уæлхъусмæ. Хъæздыгдæр чи вæййы, уый та фылдæр хæттыты. Хæдзары бинонтæ уæлибæхтæ скæнынц, семæ дыууæ дынджыр чъирийы, кæрчытæ аргæвдынц, пырындз сæкæримæ сфыцынц, балхæнынц къафеттæ æмæ æндæр ахæм истытæ. Сцæттæ кæнынц нозт дæр. Сæ хæстæджытæ дæр алы хъæутæй æрхæссынц хæрд æмæ нозт, æрцаразынц сæ хæдзары астæу. Бирæ хæрд æмæ нозт куы уой, уæд арвитынц хонæг сыхбæстæм, хъуамæ хъæубæстæм дæр. Уый вæййы майрæмбоны изæрæй. Хистæртæ бацæуынц хæрд, нозты цурмæ, цæхх байзæрынц, æрбахæссынц хъуывгъаны дзаг дон тасимæ, сæ цуры æрæвæрынц сапон æмæ хисæрфæн, кард æрæвæрынц стъолыл. Хистæрмæ раттынц нуазæн. Йæ худ сисы æмæ райдайы нозт æмæ хæринæгтæ хæлар кæнын (фæлдисын), Фæлдыст куы фæвæййы, уæд нозтæй дыууæ-æртæ æртахы фынгмæ æртадзы æмæ фæзæгъы, æнæбары хай дзы æндæр макæмæн бакæн, зæгъгæ.

Фæлдисæгæн йæ къухы цы нозт вæййы, уый йæхæдæг аназы, ома мæхæдæг мæрдтæм хæстæгдæр дæн, зæгъгæ. Фæлдисæггаг чи аназа, уый, дам, раздæр мæлы, фæзæгъынц.

Уый фæстæ устытæ ахæссынц, сæхицæн цы æмбæлы, уыдон семæ уæлмæрдтæм, иннæ хæрд æмæ нозтыл та æрбадынц лæгтæ.

Мæрдджынтæ сыхбæсты устытæ æрхонынц сабатизæры цæуынмæ, æмæ хъуамæ, цалынмæ ма хур кæса, уалынмæ ингæны уæлхъус уой. Марды ингæны цур æрлæууынц æмæ фæкæ-уынц мардыл, хъарджытæ фæкæнынц. Стæй æрбадынц æмæ сæ-хи хорз фенынц. Сидзæргæс устытæ сæ хæйттæ семæ æрбахæс-сынц сæ сывæллæттæн, иннæ устытæ дæр ма сын фæдæттынц сæхи хæйттæй, адон мæгуыр сты, зæгъгæ.

Сабатизæры тыххæй хæстæджытæ æмæ хъæубæстæ фæхæс-сынц хуынтæ — дыгай кæнæ цыппæргай дынджыр чъиритæ, кæрчытæ æмæ нозтимæ.

Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru