Главная > Ирон æгъдæуттæ > ТÆРХОНЫ ЛÆГТЫ КУЫСТ

ТÆРХОНЫ ЛÆГТЫ КУЫСТ


26 июня 2008. Разместил: 00mN1ck
Лæгмары бинонтæ сæ хæдзармæ æрæмбырд кæнынц, дыууæрдыгæй дæр цы тæрхоны лæгтæ æвзæрст æрцыдис, уыдон æмæ сæ хатыр фæкурынц, цæмæй сæ тагъддæр бафидауын кæ-ной сæ туджджынимæ.

Тæрхоны лæгтæ-иу бауынаффæ кодтой раздæр сæхи сфидар кæнын. Ома дыууæ мыггагæй алкæцыдæр хъуамæ йе 'взæрст лæгтæм æууæнк радтаид. Алы мыггаг дæр-иу йе 'взæрст лæгтæн æууæнк радта, хъæуы цы дзуар уыдаид, уый кувæндоны цур æвдисæнты раз, цыдæриддæр тæрхон скæнат, ууыл разы уыдзы-стæм зæгъгæ. Æууæнк-иу лæвæрдтой, дыууæ хæдзарæй æмæ сæ. хæстæгдæр æрвадæлтæй топпæхсынхъом цы нæлгоймæгтæ уыд, уыдон.

Фæстæдæр та хицауадæй исын райдыдтой фидары гæххæтт, топпæхсынхъом чи уыдис, уыдон тыххæй. Тæрхоны лæгтæ-иу сæхи куы сфидар кодтой, уæд та-иу сæ лæгмар æрæмбырд кодта йæ хæдзармæ. Кусарт сын-иу акодта,— бæгæнытæ æмæ æндæр нозтытæ-иу сцæттæ кодта, тæрхоны лæгтæ зылын лæджы хардзæй хъуамæ цæрой, зæгъгæ.

Тæрхоны лæгтæ райдайынц фæрсын, куыд, цæмæн æмæ цæуыл фæхыл сты, стæй цæмæн мард æриыди лæг, раздæр чи кæй ныццавта, стæй чи цал цæфы уыдис æмæ кæцы мыггагæй цал лæбурæджы уыд. Раздæр фарст æрцæуынц марæг æмæ, кæй амардтой, уый бинонтæ. Уый фæстæ фарст æрцæуынц æвдисæнтæ. Уыцы рафæрс-бафæрсыл ацæуы дзæвгар рæстæг. Кæйырдыгæй цас аххос ис æмæ чи цас раст у, уый куы сбæлвырд кæнынц, уæд райдайынц тæрхон кæнын.

Тæрхоны лæгтæй раздæр зæгъыны бар вæййы, хистæр дзы чи уа, уымæн. Искуы-иу йеддæмæ алы æвзæрст лæг дæр, чи равзары, уый фарс фæхæцы. Уымæ гæсгæ, хистæры чи равзары, фылдæр хатт сын уыцырдæм ныхас рауайы. Кæд хистæр, мард кæмæй æрцыдис, уыдоны æвзæрст уыдаид, уæд-иу, фыццаг заманты, загъта, зæгъгæ, рæстдзинад аккаг кæны ацы марды тугæн 100 стуры æмæ туджы бонгæн хуым, афтæ туджы фынг (дыууæ цæджджинаджы бæгæны, 25—40 агуайæны арахъ, гал æмæ 10 фысы). Фæстаг заманты та-иу загътаид: 1000 сомы æхца, туджыбонгæн, стæй туджы фынг, фыццаг куыд уыдис, фæстаг заманты дæр афтæ.

Лæгмары æвзæрст лæгтæ дæр-иу райдыдтой дзурын, уыцы туг сæвæрын æбуалгъ хъуыддаг у, зæгъгæ, æмæ-иу фæлтæрæн кæнын байдыдтой. Сæ ныхæстæ-ну кæрæдзимæ æввахс куынæ цыдысты, уæд-иу хъуамæ тынг фæхылтæ сты æмæ-иу хылтæй сæ хæдзæрттæм ацыдысты. Раст лæг-иу кастйс æмæ, тынгдæр галиу чй кодта, уымæн-иу дзырдта, дæу аххос у, зæгъгæ. Фæлæ ма-иу уымæ дæр кæм хъуыстой. Адæм-иу ахæм тæрхоны лæгтæй разы нæ уыдысты, дыууæ мыггаджы цæмæй бафидауой, уый нæ кæнынц, фæлæ сæхи мидæг хылтæ кæнынц, зæгъгæ. Нымадтой сæ æнæраст лæгтыл.

Ноджыдæр та сæ-иу æрæмбырдкодта лæгмар (бирæ тæрхоны лæгтæ-иу фæтæргай сты æртыгай-цыппæргай хæттытæ) æмæ-иу уæд, тынгдæр раст лæджы руаджы, сæ дзырд иу ранмæ æрцыд. Сæ тæрхон-иу бамбарын кодтой дыууæтæн дæр. Лæгмар-иу акаст, æмæ йæ бон куы нæ уыд туг æххæстæй бафидын, уæд-иу бамбарын кодта йæ хæстæджытæй искæмæнты æмæ, уазæджы кæмæ уыд, уыдонæн, цæмæй æрзилой хъæутыл æмæ æрæмбырд кæной, туг бафидынæн æм цы нæ фаг кæны, уый.

Ирон хъæумæ-иу курæг куы бацыдысты туг фидыны тыххæй, уæд алчи дæр лæвар кодта, уæлдайдæр, æнæбары чи амардтаид, уымæн.

Тæрхоны лæгтæ-иу куы зыдтой, лæг чи амардта, уымæн йæ фадæттæ туг бафидын нæ амонынц, йæ хъару нæу, уæд-иу иуæй-иу хатт саккаг кодтой тугмæ мæрдджыны хæдзармæ цыты чызг раттын, цæмæй ма дыууæ мыггаджы æхсæн хæстæгдзинад дæр рауайа. Фæлæ уыцы ми бирæ чызг йæ сæрмæ нæ хаста. Йæхи-иу доны чи баппæрста, ахæмтæ дæр уыд.

Цы боны æмгъуыд-иу скодтой тæрхоны лæгтæ бафидауынæн, уæдмæ-иу тугдар сцæттæ кодта, цы йын схæрхон кодтой, уый. Раздæр-иу бахсыста дыууæ цæджджинаджы бæгæны, сцæттæ кодта дыууæ галы, æргæвдинæгтæ, 25—45 аджы бæрц арахъ, мæнæуы ссадæй 8—9 мæрты дзуллаг, туджы бонгæн хуым. Тугмæ нымад æрцæуынц дурын цырт æмæ æдсаргъ, æдидон бæх, хаттæй-хатт дурын зæппадз кæнæ æфсæйнаг кау дæр. Иннæтæ та фосæй кæнæ æхцайæ банымайынц тугмæ, фæисынц ма æрхуы цæджджинаг дæр æмæ тъæпæнбын дæр.

Уыдæттæ иууылдæр куы сцæттæ кæны лæгмар, уæд тæрхоны лæгтæ æрцæуынц æмæ æркæсынц. Цы тæрхон сын скодтой, кæд уый æнæфæсайгæйæ сцæттæ кодтой, уæд хорз, кæннод сын, цы дзырд уыдысты, уыдæттæ бæлвырд сцæттæ кæнын кæнынц æмæ ма сыл «ивар» дæр сæвæрынц.

Туджджынæн адæм дæр феххуыс кæнынц хуынтæй. Тæрхоны лæгтæ, лæг кæмæй амард, уыдонмæ арвитынц, уыцы бон уæ фидауæн бон у æмæ йæ куыд зонат, афтæ, зæгъгæ. Æрвыст сæм æрцæуы тæрхоны лæгтæй йе иу, йе дыууæ.

Мæрдджынтæ сæхи бацæттæ кæнынц сæ фидауæн бонмæ. Арвитынц сæ хæстæджытæм, тынгдæр сæ хæрæфырттæм.

Лæгмартæ дæр фехъусын кæныиц сæ хæстæджытæн. Хæстæ-джытæ дæр сæхи бацæттæ кæнынц, æрхæссынц, цы сæ бон вæййы, уый.

Лæг чи амары, уыдон фидауæн бонмæ сцæттæ кæнынц, туджы фынгæн сын цы стæрхон кæнынц, уый, æхцатæ æмæ бæхтæ-йеддæ та раздæр раттынц тæрхоны лæгты къухмæ.


Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru