Главная > Ирон æгъдæуттæ > ХЪАЗУАТЫ МАРД

ХЪАЗУАТЫ МАРД


3 июля 2008. Разместил: 00mN1ck
Хæххон адæм иннæ адæмтæй тыхстдæр æмæ мæгуырдæр цард кодтой, уымæн æмæ сын паддзахы хицауад се 'хсæнты дзæбæхдæр зæххытыл æрцæрын кодта хъазахъы, æмæ сæ уыдон фезмæлын ничердæм уагътой. Ноджы ма хæххон адæмты æхсæн давд æмæ тыхист дæр арæх уыдысты. Мæгуыр лæг та йæ мулк бахъахъæныныл æнувыддæр вæййы, уый тыххæй æмæ йæм цы чысыл мулк ис, уымæй куы бавдæлон уа, уæд бынтон сæфтмæ цæуы. Стæй ирон адæмы æхсæн стыр худинаг у æгады лæвæрдæй æмæ тыхы фæндагыл исты искæмæн раттын удæгасæй. Афтæ чи бакæны, уымæн, цалынмæ цæра, уæдмæ адæм фидис фæкæнынц. Гъемæ ирон лæгыл тыхгæнджытæ (абырджытæ) фæндагыл куы сæмбæлынц, йе та йын йæ хæдзармæ куы ныббырсынц, уæд семæ стох кæны. Фондзыссæдзæй фылдæр-фылдæр равзæрдзæнис фондз—дæс адæймаджы, худинаджы бæсты мæлæт хуыздæр у, зæгъгæ, хъазуат чи нæ сараза, ахæмтæ. Гæрзтæ йæм куы вæййы, уæд абырджытимæ схæцы, æмæ йæхицæн дзæбæх ран бынат скæнын йæ къухы куы бафты, уæд абырджыты басæтты, нæ сын ратты йæ фос, абырджытæй ма маргæ дæр акæны. Науæд та йæ хъуамæ уыдон амарой æмæ йын йæ фос атæрой, йæхæдæг дæр уыдонæй амары, афтæмæй.

Хъазуаты мардæй чи амардис, ууыл скæнынц хъæбатыры кады зарæг æмæ йæ фæзарынц адæмы æхсæн. Зарæг цы лæппутæ скæньшц, уыдоны æрбахонынц, зарæг кæуыл скодтой, уый бинонтæ æмæ хæстæджытæ æмæ йæ сæ хæдзары фæзарын кæнынц. Кæд зарæг сæ зæрдæмæ фæцæуа, уæд сын цæттæ вæййы алцы хæрд æмæ нозт æмæ сæ марды рухсаджы тыххæй хорз сбуц кæнынц. Ноджы сын лæвар ракæнынц зарæг скæнæггаг.

Зарæггæнджытæ ацæуынц æндæр хъæутæм дæр, уыцы марды хæстæджытæ, æрвадæлтæ кæм цæрынц, уырдæм æмæ йæ уымыты дæр фæзарынц. Уыдон дæр сæ лæвары хæйттæ ракæнынц зарæггæнджытæн. Зарæг куы айхъуысы адæмыл, уæд æй иууылдæр фæзарынц.

Ахæм хъазуаты зарджытæ кæуыл ис ирон адæмæй, уыдон бирæ сты. Æз ам зæгъдзынæн æрмæст йу къорды нæмттæ.

1. Кодзырты Дзæрæхмæт хъæды уыд, æмæ йын абырджытæ йæ бæхтæ истой, уый сæ нæ лæвæрдта, æмæ йæ уый тыххæй амардтой.

2. Къубалты Куыдзыгус æхсæвыгон йæ галтæ хызта, æмæ йæм абырджытæ тых кæнынмæ æрбацыдысты. Уый тыххæй хæст самадта абырджытимæ æмæ дзы йæхæдæг дæр амардта, йæхи дæр ын амардтой.

3. Теместы Джеорæн абырджытæ йæ æхца æмæ йæ бæхтæ истой. Уый дæр хæст самадта, амардта абырджытæй дæр, йæхæдæг дæр фæмард.

4. Тотиты Акимæн абырджытæ йæ галтæ истой, æмæ семæ хæст самадта иунæгæй. Уый уыцы хъалтæй цалдæры амардта, фæлæ йын йæхи дæр амардтой.

5. Къарджиаты Хъуыдæберд æмæ Макъар уыдысты нартхор тонынмæ, æмæ сæм æрбацыдысты абырджытæ сæ галтæ æмæ сæ бæхтæ исынмæ. Уыдон сæ сæрмæ не 'рхастой сæ фос раттын

æмæ самадтой хъаматæй хæст. Амардтой абырджытæй, стæй сын сæхи дæр амардтой.

6. Берозты Тотырадз уыди рæгъаугæс, æмæ йæм æрбацыдысты абырджытæ йæ рæгъау тæрынмæ. Йæхимæ дæр ын хъавыдысты, цæмæй йæ æууæнкæй, удæгасæй, аластаиккой тугмæ.

Тотырадз хъазуаты тох скодта æмæ амардта абырджытæй, фæ лæ йæхæдæг дæр фæмард и.

Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru