Главная > Ирон æгъдæуттæ > ИРОН БАРДЖЫТÆ ФÆНДАГЫЛ

ИРОН БАРДЖЫТÆ ФÆНДАГЫЛ


9 июля 2008. Разместил: 00mN1ck
...Ирон барджытæ иукъордæй искуыдæм куы цæуой, уæд сæ кæстæр, цалынмæ сæ балц ахицæн уа, уалынмæ фæкæны кæстæриуæг. Зæгъæм, æртæ барæджы уæрæх фæндагыл куы цæуой, уæд хистæр цæудзæнис астæуæй, уый кæстæр — йæ галиу фарсырдыгæй, æппæты кæстæр та — хистæрæн йæ рахиз фарсырдыгæй. Кæд фæндаг фæнарæгдæр уа, уæд хъуамæ æппæты кæстæр цæуа разæй иунæгæй, иннæ дыууæ та, куыд цыдысты, афтæ фæрсæ-фæрстæм. Кæд бынтон нарæг фæндаг уа, иу бæхдзæуæн йеддæмæ дзы куынæ уа, уæд дыккаг кæстæр хъуамæ ныллæууа фæсте, хистæр астæуæй куыд цæуа, афтæ.

Барджыты искуы сæ бæхтæй æрхизын куы бахъæуа, уæд хъуамæ кæстæр иннæтæй раздæр æрхиза æмæ фæхæца хистæры æгъдынцойыл. Хистæр куы æрхиза, уæд ын йæ бæх хъуамæ кæстæр райса йæхимæ. Цæуынмæ куы хъавой, уæд хъуамæ кæстæр раздæр сбадын кæна хистæры, йе ‘гъдынцойыл ын фæхæца, афтæмæй, стæй дыккаг хистæры, æппæты фæстæ та сбада йæхæдæг. Искуы сæ доны ауайын куы хъæуа, уæд дæр хъуамæ раздæр ауайа кæстæр барæг. Куы бахæццæ уой фысыммæ, уæд æрлæудзысты, æмæ, хистæр рахизынмæ куы фезмæлын кæна йæ къах, уæд хъуамæ кæстæр тагъддæр æргæпп кæна æмæ та хистæры бæх йæхимæ райса.

Искуы куы сæмбæлой хъæлдзæгдзинады, уæд хъуамæ раздæр схъазын кæной кæстæр барæджы, уый кæстæрæн кад у, ома зæрдæдаргæ кæстæр у йæ хистæртæн. Куы нæ фæзæгъынц кæстæрæн æмæ йын раздæр бар куы нæ раттынц, уæд уый кæстæр барæгæн ирмæ æфхæрд у.


Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru