Главная > Ирон æгъдæуттæ > ДЗЫРДУАТ

ДЗЫРДУАТ


15 июля 2008. Разместил: 00mN1ck
Адыли — дæргъбарæн, 71 сантиметры бæрц. Пайдагонд дзы цыди метрон системæмæ рахизыны размæ.
Асмускæ — уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырд. Ам: джиранкайы æетæм хай (50 граммы бæрд) тамако (Кæс «Джиранка»).
Атынæг (цыргъисæн бон) — рагон бæрæгбон; æрмæст уыцы бонæн фæстæмæ-иу бавнæлдтой хортæ æмæ уыгæрдæнтæ кæрдынмæ.
Æвæрд — ам: дугъон бæхтæ дугъы кæцæй рауайынц, уыцы бынат. Афтæ хуыйнынц хъузæттæ лæууæн бынæттæ дæр.
Æртхурон — стыр чъири Ногбоны бæрæгбонмæ. Цæвæрдтой-иу дзы бирæ цыхт, фиу, æмæ уыди тынг дзаджджын æмæ занхæрæн. Хъуамæ дзы бинонтæй. алчидæр хай бахордтааид. Æндæр хæдзайрагæн дзы нæ лæвæрдтой, нæ, дам, фæтчы, зæгъгæ. Æртхуронæн кодтой, бинонтæ цал уыдысты, уал гуылы, артхуроны хъæбынтæ. Хордта сæ хæдзары хистæр лæг.
Æрцыхъæд — къуыдзийы мыггаг, уисты къудзийы хуызы зайы атагъаты.
Басыл — ногбоны бæрæгбонмæ конд гуыл. Басылтæ-иу лæвæрдтой чысыл лæппутæн, уæлдайдæр, хæдзармæ «хæдзаронтæ» кæнынмæ чи æрбацыдаид, уыдонæн.
Бæлдæрæны хуыдаубон — рагон бæрæгбон, уыдис-иу куадзæны фæстæ хуыцаубоны. Иуæй-иутæ уыцы бон хонынц æндыснæджы бон.
Бонгæн — дзывырæй иу бон цас бахуым кæнын банхыстаид, уый бæрц зæххы хай. Раджы заманты зæххы ас нымадтой бонгæнтæй.
Глази — зæлдаг хъуымацы мыггаг.
Гоцъоби — чысыл дурын.
Дæллаггуыр — юбкæ; дæллаггуыраг — юбкæйы фаг хъуымац.
Дæуырыæхца — пысылмæттæ марды бон молломæ цы æхца раттынц мæгуыртæн байуарыны тыххæй, уыдон.
Джиранка — уæзбарæн, 410 граммы бæрц. Уæзæгтæ джиранкатæй барстой метрон системæмæ рахизыны размæ.
Дзесхо — фыццаг заманы-иу ирон лæппу ус куы æрхаста, уæд иуцас-дæр рæстæг æрвыста йæ къухылхæцæджы хæдзары. Сæхимæ цыдис æрмæст талынджы, æхсæвыгон, хистæртæй æфсæрмы кодта. Цæмæй йын æргом цæуыны бар уыдаид, уый тыххæй сæххæст кæнын хъуыди бæрæг æгъдау, æмæ гъе уыцы æгъдау хуынди «дзесхо».
Къуыстил — нарæг даргъ хъæдын мигæнæн дон хæссынæн, иуæй-иу рæтты та — царв цæгъдынæн дæр.
Лакъами — хъæбæрхоры зад-иу балуæрстой, сызмæстой-иу æй цыхтыз-мæст æмæ йæ цыхты æвæрд ныккодтой мæнæуы ссады хыссæйы мидæг, уый фæстæ-ну æй къæйыл сарыдтой дыууæрдыгæй дæр, стæй йæ арты сфыхтой. Уый хуынди лакъами.
Султъы — стад галдзари æрчъиаджы даргъ уадздзаг, йæ уæрх дзабыры уафсы дæргъæн куыд уа, афтæ лыггондæй.
Гъæпæнбын — стыр æрхуы ар бæгæны фыцынæн.
Хуымилиаг - фыццаг заамны-иу афтæ хуыдтой, дзуары номыл цы куывд арæзтой, уымæн нысайнаг— хорæй.
Цæвдар — цикъæ.
Цыты чызг — фыццаг заманы афтæ хуыдтой, марæджы мыггаг-иу сæ туджджынтæн æнæ ирæдæй моймæ цы чызг радтой бафидауыны тыххæй, уый.

Бекыза Макарович Каргиев "Осетинские обряды и обычаи", Владикавказ "Рухс", 1991.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru