Главная > Литература > Раст ма мæ Ирыстон!

Раст ма мæ Ирыстон!


3 октября 2007. Разместил: 00mN1ck
Ногæй та арвы цъæх нал зыны асæстæй,
Æрбабырынц ногæй æртхъирæн гæнгæ
Ферох,кæй нæ ис Ирыстонæн басæттæн
Лæбурынц та дардæй,нæ уæндынц бæргæ.

Фæхойынц сæ риутæ, фæдзурынц ыдæрсгæйæ
Æмæ сæ бауырны, кæй сæм ис хъару.
Цæхæрцæст лæппуты цæстынгасмæ кæсгæйæ
Бамбарынц иу сæ дæсы мсæр кæй у.

Растæм ма лæппутæ, айхъуыса арвы бын
Цух нæ лæгдзинадæй иу дæр куы нæу
Иумæ куы байсдзыстæм хурæй дæр хуры тын
Иронимæ чи скæндзæн тохы быцæу?

Раст ма мæ Ирыстон. Райтынг кæн де уæнгтæ,
Ахæсс рæстагæй цæргæсау дæ цæст.
Фæззыгон хус сыфау баризой де знæгтæ
Ногæй та Хуссары чи сиды хæст.

Раст ма мæ Ирыстон, баризой къæдзæхтæ
Расид дæ Цæгæтæй Хуссармæ цард
Номдзыд дæр фыртты зæрдæрыст фæдзæхсттæ
Иумæ нæ фæндаг, æмæ иумæ нæ зард!

Раст ма, мæ Ирыстон!


Мераб Зассеты
Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru