Главная > Новости > МАДЫ ЗÆРДÆ

МАДЫ ЗÆРДÆ


27 октября 2008. Разместил: 00mN1ck
Раджы кæддæр иу хъæуы царди сидзæргæс ус. Йæ лæг амард, æмæ йæ дыууæ æнахъом лæппуимæ хæрз æрыгонæй идæдзæй баззади. Ус мой нал скодта, йæ сонт сæр нывондæн æрхаста йæ фыртты цæрæнбонæн. Йæ лæджы амарды фæстæ уый адджынæн хæринаг никуал бахордта, йæ хуыссæн нал схъарм кодта, йæ цонг лæгъз дарæсы никуал атьыста, «уæдæ мын макæмæ бахæлæг кæной, къулбæрзæйæ мын макæмæ бакæсой, иннæ сывæллæттæй æнæрæвдыддæр ма уой». Æмæ цынæ куыст кодта сидзæргæс ус: хъæдæй суг хаста, хуым кодта, хос карста. Дыууæ усы-иу кæм ныхас кодтой, уым никуы алæууыд æмæ йæхи никуы аирхæфста, кæд уыцы рæстæг дæр мæ сидзæртæн истытæ акæнин, зæгъгæ.

Лæппутæ бахъомыл сты, уæдæ цы! Сæ рустыл хъуын рахæцыд, сæ фындзыбынтæ фæмил сты. Æрцыди сын бинонты хъуыддаг кæнын афон дæр. Æмæ ус уыцы цинæй йæхи хаста. Цæрæнбонты цæмæ фæбæллыди мад, уый ныр йæхи цæстæй фендзæн. Кæдæй-уæдæй уый мæгуыр хæдзарæй дæр фæндыры цагъдæмæ цины зард райхъуысдзæн. Ныр кæд уый дæр цардæй исты фенид, кæд йæ арм чысыл фæрогдæр уаид!..

Фæлæ æнцон цæрдтытæ кæнынæн нæ райгуырди сидзæргæс. Цæрæнбонты амонд фæстейы бæргæ фæсырдта, фæлæ йæм амонд хæстæг никуы æрцыд. Чындзытæ нæ фæрæстмæ сты: æфсины нæ бауарзтой æмæ йын алы æвзæр митæ кæнын райдыдтой. Сæ бæсты йæ кусын кодтой, хæринаг ын нæ лæвæрдтой. Ноджы ма йыл сæ лæгты дæр ардыдтой: «Кæнæ зæгъы, уæ мады фесафут, кæнæ та мах нæ хæдзæрттæм ауадзут».

Лæппутæ фыццаг сæ устыты ныхæстæ ницæмæ дардтой. Фæлæ, фыдæлты загъдау, нæвæрзæн здахаг у, доны 'ртах та дур дæр ахуынкъ кæны. Куыдфæстæмæ сæ мадмæ мæсты кæнын райдыдтой. Байхъуыстой сæ устытæм æмæ фыдгæнды къахыл ныллæууыдысты. «Цæй æмæ йæ амарæм, тæсчъы йæ нывæрæм, тар хъæдмæ йæ фæхæссæм æмæ йæ уым баныгæнæм».

Куыд бадзырдтой, кæнгæ дæр афтæ бакодтой. Ферох сæ сты сæ мады тухи æмæ фыдæбæттæ, ферох ын кодтой йе 'нæхуыссæг æхсæвтæ, йæ фыд цæрдтытæ æмæ йæ амардтой...

Фæхæссы йæ кæстæр фырт тæсчъы мидæг хъæдмæ. Цæуы тæрсгæ-ризгæйæ, алырдæм фæкæс-фæкæс кæны, мачи мæ фенæд, зæгъгæ.

Фæлæ æхсæвыгон тар хъæды чи хъуамæ уыдаид? Æрдæбон ма мæй касти йæ цалхыдзагæй, фæлæ ныр уый дæр мигъты фæстæмæ йæхи байста æмæ уырдыгæй ракæс-ракæс кæны, цыма йæ уыцы æбуалгъы мийæн æвдисæн уæвын нæ фæнды, уыйау. Чысыл раздæр стъалытæ зæхмæ кастысты æнцад, æдзынæгæй, ныр фæныкъул-фæныкъул кæнын байдыдтой, цыма мады тæригъæдæй сæ цæстысыгтæ балæмарынц. Кæрæдзимæ тæхынц, цыма зæххыл чи не 'рцыд, ахæм æвирхъау хабар хъусын кæнынц кæрæдзийæн.

Фæлæ лæппу уыдæттæ ницæмæ дары. Размæ тындзы йæ чъизи фæнд сæххæст кæнынмæ.

Уæртæ ма уыцы стыр тулдз бæласы онг цæуы, стæй йæ уый бын баныгæндзæн.

Бирæ йæ нал хъуыди бæласы бынмæ, афтæ йæ къах къудзийыл скъуырдта æмæ йæ былтæ размæ бахаста. Стынмæ хъавы, фæлæ йæ бон нал у...

— Дæхи ныццавтай, мæ хур? — æрдзырдта йæм уæд мады уд кæцæйдæр.

Ныффыста йæ Мамиаты Надинæ йæ фыд Хъасболаты ныхæстæй. Орджоникидзе, 1949 аз, сентябрь.


Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ томы. Дыккаг том. Дзæуджыхъæу: Ир, 2007.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru