Главная > Песни далеких лет > Сайæджы сайд

Сайæджы сайд


8 ноября 2009. Разместил: 00mN1ck
Иу сауджынмæ уыди æххуырст, æмæ йын цæмæй фылдæр куыстаид, уый тыххæй цы нæ хин кодта, ахæм ын нæ уыди. Цы гæнæн уыд æххуырстæн дæр, æмæ быхсыд сауджыны фыдмитæ.
Хосгæрдæн куы 'рцыди, уæд та сауджын бавдæлд æмæ цыдæр хин сфæнд кодта æххуырстæн. Фæсидти æххуырстмæ æмæ йæм дзуры:
– Райсом хос кæрдынмæ цæуæм, фæлæ-иу раджы сыст.
– Хорз! – загъта æххуырст.
Райсом æххуырст нæма сыстад, афтæ сауджын фæгæпп ласта, æххуырсты дæр сыхъал кодта æмæ йæм дзуры:
– Цæй, аходæн ам бахæрæм, уыгæрдæнмæ ма йæ цы хæссын кæнæм.
– Хорз, – зæгъгæ, загъта æххуырст æмæ аходæн хæрыныл æрбадтысты. Хæрд куы фесты, уæд та сауджын дзуры:
– Æмæ уæдæ æххæст сихор дæр ныр бахæрæм æмæ сихорыл уæлдай фæстиат мауал кæнæм.
– Хорз, – загъта та æххуырст æмæ ма æнæбары цыдæртæ ахордтой, сауджыны ус сын сихорæн цы æрæвæрдта, уымæй.
– Цæй, бавдæлæм æмæ ма æххæст æхсæвæр дæр бахæрæм, уæддæр уыгæрдæны æхсæвиуат кæндзыстæм æмæ ма æхсæвæр хæрыныл та цы фæстиат кæнæм.
– Хорз! – зæгъгæ, та загъта æххуырст. Фæйнæ комдзаджы цыдæр ма систой, æхсæвæрæн сын цы хæринаг æрæвæрдтой, уымæй, æндæр сæ нал хъуыд.
Хæрд куы фесты, уæд æххуырст æнæдзургæйæ сыстад, йæ нымæты бызгъуыр йæ дæларм атыхта æмæ дæлæ фæцæуы.
– Кæдæм фæцæуыс уый? – дзуры йæм сауджын.
– Æххæст ма хуысгæ дæр ныр скæнæм, тæккæ хосгæрдæны фæсахсæвæр бадын хорз нæу! – зæгъгæ, рацыд æххуырст æмæ йæ нымæт уæлхæдзары райтыдта æмæ йыл æрхуыссыд.
Сауджын хæлиудзыхæй баззад.

ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 108, папкæ 18, ф. 216.

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru