Хъæбæрде, Хъæбæрде кæмæй адтæнцæ? Тасолтанти Солтанбий æлдарæй. Уомæн адтæй авд лæхъуæни æма йеунæг кизгæ, Æ авд лæхъуæнемæн уоститæ æрхудта; Æ кизги ба лæгмæ нæма равардта, Уотемæй адзали сæйгæ фæцæй. Æма уосиат кодта æ лæхъуæнтæн: — Нивæрзæн адзали нисан æй, Ка'й зонуй, æз мæ дуйнейæй Ку рахецæн уон, Уæд уæ йеунæг хуæрæбæл Дзурд ма бафтауетæ, Цалдæнгæ мæ адзали бонæй Афæй рахецæн уа, уалдæн! Рамардæй Солтанбий-æлдар. Æ афæдзи бон æрхъæрдтæй; Тасолтанти авд æнсувæри Рарвистонцæ алли 'рдæмæ, Нæ хуæри дæтгæ кæнæн, зæгъгæ. Æмбурд кæнун райдæдтонцæ Алли æрдæгæй уосгортæ; Æрæгиау баигъустæй йеци хабар медхонхмæ; Хæмицати Хæмици фурт мæнкъæй Хæмиц уой ку фегъуста, уæд загъта: — Цæй, мах Дигорæ дæр Бабæрæг кæнæн йеу хатт, Байзадан къуми æлхъивдæй! Ракурдта над сæ зæрæндтæй Æма рацудæй сау хъадирбæл. Надбæл, ку ниххæстæг æй, Уæд фæййидта берæ бæхгинтæ 'Ма дес кодта: «Атæ ци уонцæ? Мæрддзогойнæ уонцæ, Æма мæрддзогойни цуд ку нæ кæнунцæ; Киндзгъонтæ уонцæ, æма йе куд уа?» Уæд имæ исхъæрдтæнцæ Æма сæ фæрсуй: «Ци 'й а, ци 'рдæгæй, Кæми адтайтæ?» Æма йин загътонцæ: «Тасолтанти авд æнсувæри Сæ йеунæг хуæрæ Фатъимæт рæсугъди Дæтгæ кæнунцæ Æма мах дæр уомæ фæццудан». Хæмицай фурт фæрсуй: «Мадта кутемæй исæздахтайтæ?» «Æ сæри аргъ ин хъазар кодтонцæ; Солтанбий æлдари уосиат авд фуртемæн: Ка'й зонуй, уæ хуæрæбæл дзурд ку 'фтауайтæ, Уæд уин æ сæри æмаргъ йе уодзæнæй: Сау Ногъайи æлдари бæхтæй Сæдæ бæхи ка 'рбатæра æд урситæ, Æма йейæ нæ бон не ссæй». Рандæй уотемæй Хæмицати Хæмиц; Бацудæй Тасолтантæмæ уосгори æгъдауæй; Ра-йин-дзурдтонцæ авд æнсувæри Сæ йеунæг хуæрæн æ сæри аргъ: «Сау Ногъайæй сæдæ бæхи ка 'рбатæра æд урситæ, Уомæн ратдзинан нæ йеунæг хуæри». Хæмиц син загъта: «Цæуон, мадта махмæ дæр Йес хестæртæ; Уони бафæрсон». Æ над рафæлифта Æма рандæй Ногъай æлдармæ. Сæумæ бонивайæни æрбахъæрдтæй бæх æргъауи хæтдзæ, Сæдæ бæхи æрбатардта æд урситæ, Æртæ сæ уæлдай. Тасолтантæн сæ галауани сæрти Цъеу, маргъ нæ тахтæй; Хæмиц ба син се 'фсæн дуар Йе 'хси фиййæй бакъуæрдта Æма сæдæ бæхи бакодта, Æртæ сæ уæлдай, тургъæмæ. Æхуæдæгка сæ астæу Сау нимæти æрбахустæй. Фатъимæт ракастæй Æма дзоруй: «Тасолтантæ, бун бацайтæ, Æндæмæ ракæсетæ, Нæ тургъæ бæхæй байдзаг æй!» Ракастæнцæ авд æнсувæри Æма дзорунцæ Хæмицмæ: «Ци дæ, йе циуавæр дæ, Дæ цæсгом нæмæ равдесæ!» Фестадæй Хæмиц 'ма дзоруй, Æз дæн Хæмицати Хæмиц, — зæгъгæ. Дзорунцæ Тасолтантæ: «А ци дессаг æй, Сæдæ бæхи 'ма сæдæ бæхи æнцæ, Фал ма дин æртæ уæлдай Ци уодзæнæнцæ?» «Уони дæр уин зæгъдзæнæн, — Зæгъгæ, загъта Хæмиц, — Уонæй йеу уодзæнæй Дигорон æгъдауæй мадирвади бæх». Тасолтантæ бабæй дзорунцæ: «Уомæн бунат иссердтай, Фал ма дин а дууæ ци уодзæнæнцæ?» Хæмиц син загъта: «Дуккаг ба уодзæнæй Дигорон æгъдауæй цæсгоми хъумац». Тасолтантæ дзорунцæ: «Уомæн дæр бунат иссердтай, Фал ма дин æртиккаг ци уодзæнæй?» Хæмиц син загъта: «Йе ба уодзæнæй колдуари бæ.х». Тасолтантæ равардтонцæ Фатъимæт-рæеугъди Хæмицай фуртæн. Рандæй Хæмици фурт бийнонти хæтдзæ. Ци рацудæй, хуцау зонуй, Уæд 'нæуарзонтæ цъухтæ хæссун байдæдтонцæ Тасолтантæмæ: «Уæ йеунæг хуæри уин Хæмицай фурт Курондзау æма фагусхæссæг искодта!» Йеци æфхуæрд Тасолтантæ Сæхецæн не саккаг кодтонцæ, Æма рамбурд æнцæ сæ фæсевæд: Сæ хуæри бæрæг кæнунмæ раннæхстæр æнцæ комидумæгмæ. Уæд сæбæл исæмбалдæй Хæмицай фурт, Ра-сæмæ-фестæг æй æма сæбæл бацийнæ кодта; Уалдæн син загъта: «Ра-нæмæ-хæстæг уотæ. Уæ хæтдзæ цæуинæ, Фал махмæ дæр хестæртæ йес Æма мин æй ходуйнаг искæндзæнæнцæ, Кегъæре уæ нæ гъæууй!» Раарфæ кодтонцæ кæрæдземæн. Хæмицай фурт æхе ку фæззилдта, Уæд ин æ фæтæн уонтæбæл Никкалдтонцæ. Уой ку рамардтонцæ, Уæд рандæ 'нцæ, Цæуæн нæ хуæри рахонæн, зæгъгæ. Бацудæнцæ сæ хуæрæмæ; Бадзурдтонцæ тургъæй сæ хуæрæмæ: «Ра-нæмæ-кæсæ!» Сæ хуæрæ сæмæ дзоруй: «Неци уæмæ рацæудзæнæн æндæмæ, Медæгмæ рацотæ!» Уæд сæ кæстæри барвистонцæ, . Цогæ, нæ хабар ин ракæнæ, зæгъгæ. Сæ кæстæр ку бацудæй, Уæд авари рæсугъддзинадæ, Æ дарийти пæрпæр æма авари авгин фæрстæ Уомæ дессаг кастæнцæ æма загъта: «Мæнæ ци рæдуд фæккодтан», — зæгъгæ, Æма æ зæрдæ багъар æй. Уæд сæмæ Фатъимæт рацудæй: «Хуцау уи ма 'сарази уæд, Æнгъæл дæн 'ма цидæр бакодтайтæ?» Загътонцæ йин йетæ дæр: «Цъухтæ нæмæ фæххастæй, Æма дин дæ лæги, Хæмицай фурти, рамардтан!» «Хуцау уи ма сарази уæд, Уайтæгкидæр аци цард мæнæн Æгæр æвгъау адтæй», — зæгъгæ, — Æма бацудæй хæдзарæмæ Æма кæрдæн æ дууæ дзедзей астæу рацафта Æма рамардæй. Уæд Тасолтантæ рацудæнцæ Æфхуæрдæй сæхемæ. Хæмицай фуртæн йе 'нсувæр Адтæй коми думæги хуасæ кæрдуни; Хабар имæ ку райгъустæй, Уæд сæ размæ бабадтæй; Гагадзагъд сæ никкодта; Сæ хауæккаг — ледзæккаг, Сæ ледзæккаг ба хауæккаг фæццæй, Уотемæй Хæмицатæ æма Тасолтантæ Рахецæн æнцæ кæрæдземæй.
ЦИНИИ-йы архив, фольклор № 126, папкæ 12, ф. 517 — 524.
«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |