Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > 20. КЪАЙИ ФУРТИ ЗАР

20. КЪАЙИ ФУРТИ ЗАР


3 декабря 2007. Разместил: 00mN1ck
Гезей цардæй Гогона Ахалбеда-æлдар;
Устур Дигорæбæл хъалон дардта;
Кизгæ, лæхъуæни дзæбæх сæмæ нæ уагъта.
Æрæгиау Къайи фурт Гегки ку рантæстæй,
Уæд имæ гъулæг кæсун райдæдта.
Æстур Дигори æрæмбурд кæнидæ
Сæ уæлæфтауæ кæрцити хæтдзæ,
Сæ бæрзæ лæдзгути хæтдзæ.
Сæ унæфтæ нæ рæвдзæ кодтонцæ.
Загъта: — Цидæр æй, уæддæр сау халон
Уæртдзæ нæ ахæссуй,
Уæздæнттæй нæ хæтдзæ ку нæ уа,
Уæд неци искæндзинан.
— Мадта си кæци муггагæй баагорæн?
— Туйгъантæй лæг баагорианæ,
Фалæ синдзæ зæрдæ æма бæмпæг цъух æнцæ,
'Ма нин сæ бæрæг нæ базонун кæндзæнæнцæ.
Хъубадтæй лæг баагорианæ,
Æма йетæ ба хахур силау силæвзаг æнцæ.
Æма нæ рауæйæ кæндзæнæнцæ.
Зурагпптæй лæг баагорианæ,
Фалæ нин уонæй лæг дæр не 'сбæздзæнæй:
Хæрессаг галау бæзгин лæбæз æнцæ.
Хъантемуртæмæ бæргæ хонунцæ
Иналухъи фурт, фал нæуæг уосхунд æй,
Æндæр ба дзæбæх лæхъуæн æй.
Уайунтæ ймæ байдайуй Къайи фурт Гегки.
Æ фидæмæ йин бадзоруй.
Æ уат ин байамонуй.
Ба-имæ дзоруй.
Æ хабæрттæ йин æрдзоруй.
Раимæ дзоруй:
— Бундзарæй1(Бундзарæй — æркъетæй.) рæвдзæ нæ дæн,
Æндæра фæццæуинæ.
Æ фидæмæ йин бадзоруй.
Æрагæпп ласуй æ фидæ Иналухъ:
— Гъæйдт, битдзеу, уоси фарс
Æма арти фарс ласагæ 'нцæ,
Ходуйнаг ку хæссис!
Æрагæпп ласуй лæхъуæн.
Цæунтæ ба.йдайунцæ.
Цихцили лæгæтмæ бацæунцæ.
Гогона-æлдар зонæнгин адтæй.
Æ фунæй сæ фæууинуй.
Сæумæ мæсуги сæргкагмæ исхезуй;
Кæсазнцæститæй гъæуай кæнун байдайуй, —
Æрæгиау сæ Цихцили лæгæти æруйнуй.
— Ма рауагътæ, мæ кизгуттæ,
Мæ хъæрæймаг æрадаветæ ! —
Дзоруй сæмæ.—Саг уин рамарон, бабай кизгуттæ,
Æви уин саги æууæз хуы рамарон?
— Саг бал нин рамарæ, баба, Хуы ба нин кумæ ледздзæнæй?
Хъантсмури фурти фехсуй.
Цихцили лæгæти 'й рабæкъуæл кæнуй.
Къайи фурт Гегки уайунтæ байдайуй.
Уæллагкомбæл, Дигори кæмттæбæл
Гъæр гæнгæ:
— Гезей цæрæг Гогона Ахалбеда-æлдари
Рамардтан;
Мулкбæл хæлæф кæнунмæ æрауайтæ!
Донифæрстæбæл, Устур Дигорæбæл,
Гъæр гæнгæ,
Мулкуарзон адæм ниххæррæт кæнунцæ,
Бацæунцæ.
Хъантемури-фурти марди сæргъи сæ æрсадзуй.
Загъта син:
— Æз цæун, æма йимæ рæхисæй баст йегæрттæ йес,
'Ма мæ йетæ гæни дзæхæрамæ кæд бауадзонцæ,
Уæд, хуцау ке зæгъа, йе уодзæнæй.
Фитдзаг топпи гъæри фæсте
Æзнагæн дæтдзæнæн дууæ топпи гъæри,
Ма мулкбæл хæлæф кæнунмæ æрцæудзинайтæ.
Кæд мæ нæ бауадзонцæ гæни дзæхæрамæ,
Уæдта уæхе ма фесафетæ
'Ма Хъантемури-фурти мард хæсдзинайтæ.
Æ фазæбæл бурунтæ байдайуй;
Гæни дзæхæрамæ байервæзуй.
Сæумæ рагиау Гогона Ахалбеда-æлдар
Хъувгъани хæтдзæ æрацæуй.
Йе дæр æй хъæрæймагæй фехсуй;
Æр-æй-бæкъуæл кæнуй.
Æ рахес цонг ин æдмухур
Æрбалух кæнуй.
Дууæ топпи гъæри æзнаг радтуй æмбалтæмæ.
Мулкуарзон адæм ин æ циййесбæл
Ниххæлæф кæнунцæ.
Уалæнмæ Хъантемури-фурти мард
Æрахæссунцæ.
Къæрæугоммæ рахъæртунцæ.
Дзорунцæ оми:
— Хъантемуртæн сæ мард зæгъун
Ка бандеудзæнæй?
Къайи фурт Гегки фæннæхстæруй,
Æрахъæртуй, æз син æй бандеудзæнæн, зæгъгæ.
Хъантемуртæмæ Гогонай цонгæй
Æ сæр хуайгæ бацæуй.
Хъантемурти Иналухъ
Æ гъæлæсидзаг уæд нихходуй:
— Æгæйтма æгади мард нæ ракодта!
Хисти бæсти йин кувд кæнун гъæуй.
Æ йеунæг лæхъуæнæн хисти бæсти кувд искодта.
Йеци бонæй аци бонмæ Устур Дигорæй
Хъалон ист нæ бал æрцудæй.
Ра-ма игурæд нæ. Дигори муггагмæ
Къайи фурти хузæнттæ!

ЦИНИИ-йы архив, фольклор № 122, папкæ 92, ф. 95 — 98


«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru