Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > 26. ХÆМИЦАТИ ХÆМИЦИ ЗАР

26. ХÆМИЦАТИ ХÆМИЦИ ЗАР


15 декабря 2007. Разместил: 00mN1ck
Хъæбæрде, Хъæбæрде кæмæй адтæнцæ?
Тасолтанти Солтанбий æлдарæй.
Уомæн адтæй авд лæхъуæни æма йеунæг кизгæ,
Æ авд лæхъуæнемæн уоститæ æрхудта;
Æ кизги ба лæгмæ нæма равардта,
Уотемæй адзали сæйгæ фæцæй.
Æма уосиат кодта æ лæхъуæнтæн:
— Нивæрзæн адзали нисан æй,
Ка'й зонуй, æз мæ дуйнейæй
Ку рахецæн уон,
Уæд уæ йеунæг хуæрæбæл
Дзурд ма бафтауетæ,
Цалдæнгæ мæ адзали бонæй
Афæй рахецæн уа, уалдæн!
Рамардæй Солтанбий-æлдар.
Æ афæдзи бон æрхъæрдтæй;
Тасолтанти авд æнсувæри
Рарвистонцæ алли 'рдæмæ,
Нæ хуæри дæтгæ кæнæн, зæгъгæ.
Æмбурд кæнун райдæдтонцæ
Алли æрдæгæй уосгортæ;
Æрæгиау баигъустæй йеци хабар медхонхмæ;
Хæмицати Хæмици фурт мæнкъæй
Хæмиц уой ку фегъуста, уæд загъта:
— Цæй, мах Дигорæ дæр
Бабæрæг кæнæн йеу хатт,
Байзадан къуми æлхъивдæй!
Ракурдта над сæ зæрæндтæй
Æма рацудæй сау хъадирбæл.
Надбæл, ку ниххæстæг æй,
Уæд фæййидта берæ бæхгинтæ
'Ма дес кодта:
«Атæ ци уонцæ? Мæрддзогойнæ уонцæ,
Æма мæрддзогойни цуд ку нæ кæнунцæ;
Киндзгъонтæ уонцæ, æма йе куд уа?»
Уæд имæ исхъæрдтæнцæ
Æма сæ фæрсуй:
«Ци 'й а, ци 'рдæгæй,
Кæми адтайтæ?»
Æма йин загътонцæ:
«Тасолтанти авд æнсувæри
Сæ йеунæг хуæрæ Фатъимæт рæсугъди
Дæтгæ кæнунцæ
Æма мах дæр уомæ фæццудан».
Хæмицай фурт фæрсуй:
«Мадта кутемæй исæздахтайтæ?»
«Æ сæри аргъ ин хъазар кодтонцæ;
Солтанбий æлдари уосиат авд фуртемæн:
Ка'й зонуй, уæ хуæрæбæл дзурд ку 'фтауайтæ,
Уæд уин æ сæри æмаргъ йе уодзæнæй:
Сау Ногъайи æлдари бæхтæй
Сæдæ бæхи ка 'рбатæра æд урситæ,
Æма йейæ нæ бон не ссæй».
Рандæй уотемæй Хæмицати Хæмиц;
Бацудæй Тасолтантæмæ уосгори æгъдауæй;
Ра-йин-дзурдтонцæ авд æнсувæри
Сæ йеунæг хуæрæн æ сæри аргъ:
«Сау Ногъайæй сæдæ бæхи ка 'рбатæра æд урситæ,
Уомæн ратдзинан нæ йеунæг хуæри».
Хæмиц син загъта:
«Цæуон, мадта махмæ дæр
Йес хестæртæ;
Уони бафæрсон».
Æ над рафæлифта
Æма рандæй Ногъай æлдармæ.
Сæумæ бонивайæни æрбахъæрдтæй бæх æргъауи хæтдзæ,
Сæдæ бæхи æрбатардта æд урситæ,
Æртæ сæ уæлдай.
Тасолтантæн сæ галауани сæрти
Цъеу, маргъ нæ тахтæй;
Хæмиц ба син се 'фсæн дуар
Йе 'хси фиййæй бакъуæрдта
Æма сæдæ бæхи бакодта,
Æртæ сæ уæлдай, тургъæмæ.
Æхуæдæгка сæ астæу
Сау нимæти æрбахустæй.
Фатъимæт ракастæй
Æма дзоруй:
«Тасолтантæ, бун бацайтæ,
Æндæмæ ракæсетæ,
Нæ тургъæ бæхæй байдзаг æй!»
Ракастæнцæ авд æнсувæри
Æма дзорунцæ Хæмицмæ:
«Ци дæ, йе циуавæр дæ,
Дæ цæсгом нæмæ равдесæ!»
Фестадæй Хæмиц 'ма дзоруй,
Æз дæн Хæмицати Хæмиц, — зæгъгæ.
Дзорунцæ Тасолтантæ:
«А ци дессаг æй,
Сæдæ бæхи 'ма сæдæ бæхи æнцæ,
Фал ма дин æртæ уæлдай
Ци уодзæнæнцæ?»
«Уони дæр уин зæгъдзæнæн, —
Зæгъгæ, загъта Хæмиц, —
Уонæй йеу уодзæнæй
Дигорон æгъдауæй мадирвади бæх».
Тасолтантæ бабæй дзорунцæ:
«Уомæн бунат иссердтай,
Фал ма дин а дууæ ци уодзæнæнцæ?»
Хæмиц син загъта:
«Дуккаг ба уодзæнæй
Дигорон æгъдауæй цæсгоми хъумац».
Тасолтантæ дзорунцæ:
«Уомæн дæр бунат иссердтай,
Фал ма дин æртиккаг ци уодзæнæй?»
Хæмиц син загъта:
«Йе ба уодзæнæй колдуари бæ.х».
Тасолтантæ равардтонцæ
Фатъимæт-рæеугъди Хæмицай фуртæн.
Рандæй Хæмици фурт бийнонти хæтдзæ.
Ци рацудæй, хуцау зонуй,
Уæд 'нæуарзонтæ цъухтæ хæссун байдæдтонцæ
Тасолтантæмæ:
«Уæ йеунæг хуæри уин Хæмицай фурт
Курондзау æма фагусхæссæг искодта!»
Йеци æфхуæрд Тасолтантæ
Сæхецæн не саккаг кодтонцæ,
Æма рамбурд æнцæ сæ фæсевæд:
Сæ хуæри бæрæг кæнунмæ раннæхстæр æнцæ комидумæгмæ.
Уæд сæбæл исæмбалдæй Хæмицай фурт,
Ра-сæмæ-фестæг æй æма сæбæл бацийнæ кодта;
Уалдæн син загъта:
«Ра-нæмæ-хæстæг уотæ.
Уæ хæтдзæ цæуинæ,
Фал махмæ дæр хестæртæ йес
Æма мин æй ходуйнаг искæндзæнæнцæ,
Кегъæре уæ нæ гъæууй!»
Раарфæ кодтонцæ кæрæдземæн.
Хæмицай фурт æхе ку фæззилдта,
Уæд ин æ фæтæн уонтæбæл
Никкалдтонцæ.
Уой ку рамардтонцæ,
Уæд рандæ 'нцæ,
Цæуæн нæ хуæри рахонæн, зæгъгæ.
Бацудæнцæ сæ хуæрæмæ;
Бадзурдтонцæ тургъæй сæ хуæрæмæ:
«Ра-нæмæ-кæсæ!»
Сæ хуæрæ сæмæ дзоруй:
«Неци уæмæ рацæудзæнæн æндæмæ,
Медæгмæ рацотæ!»
Уæд сæ кæстæри барвистонцæ, .
Цогæ, нæ хабар ин ракæнæ, зæгъгæ.
Сæ кæстæр ку бацудæй,
Уæд авари рæсугъддзинадæ,
Æ дарийти пæрпæр æма авари авгин фæрстæ
Уомæ дессаг кастæнцæ æма загъта:
«Мæнæ ци рæдуд фæккодтан», — зæгъгæ,
Æма æ зæрдæ багъар æй.
Уæд сæмæ Фатъимæт рацудæй:
«Хуцау уи ма 'сарази уæд,
Æнгъæл дæн 'ма цидæр бакодтайтæ?»
Загътонцæ йин йетæ дæр:
«Цъухтæ нæмæ фæххастæй,
Æма дин дæ лæги, Хæмицай фурти, рамардтан!»
«Хуцау уи ма сарази уæд,
Уайтæгкидæр аци цард мæнæн
Æгæр æвгъау адтæй», — зæгъгæ, —
Æма бацудæй хæдзарæмæ
Æма кæрдæн æ дууæ дзедзей астæу рацафта
Æма рамардæй.
Уæд Тасолтантæ рацудæнцæ
Æфхуæрдæй сæхемæ.
Хæмицай фуртæн йе 'нсувæр
Адтæй коми думæги хуасæ кæрдуни;
Хабар имæ ку райгъустæй,
Уæд сæ размæ бабадтæй;
Гагадзагъд сæ никкодта;
Сæ хауæккаг — ледзæккаг,
Сæ ледзæккаг ба хауæккаг фæццæй,
Уотемæй Хæмицатæ æма Тасолтантæ
Рахецæн æнцæ кæрæдземæй.

ЦИНИИ-йы архив, фольклор № 126, папкæ 12, ф. 517 — 524.


«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru