Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > 28. ТАЙМУРАЗЫ ЗАРÆГ

28. ТАЙМУРАЗЫ ЗАРÆГ


22 декабря 2007. Разместил: 00mN1ck
Ой, тох! Фыд фынтæ куы рауыдтон, Дзицца, гъей,
Гъей, фæлæ та уæддæр райеом цуаны куы цæуын.
Уæрæйдæ, дзицца, бавдæл, æмæ мын фæндаггаг
Рацæттæ кæн, хæссынмæ рог чи уа, хæрынмæ адджын, Дзицца, гъей...
Ой, тох! Райеомæй раджы, йæ хъримаг
Йе 'фцæджы куы бафтауы, уæдæ, гъей,
Гъей, Хæрхы хæд сæрмæ, ой, куы сфардæг вæййы, уæрæйдæ,
Æмæ йыл уым саг-сæгуытты рæгъау хæрхæмбæлд куы 'рбавæййынц,
Хæрхæмбæлд, лæппутæ, гъей...
Ой, тох! Гæрæхтæ сыл куы самайы, уæдæ,
Гъей, гъей, хъалсæрджын сиууон, гъейт, доны былмæ куы раппары.
Уæдæ, уæрæйдæ, æмше физонджытæ, гъей, гъей, физонджытæ
Кæныныл куы схæцы, мæ хуртæ, гъей.
Ой, тох! Уыцы афоныл фыдбылызы адæм æрбафты,
Мæ хуртæ, гъей, гъей, дыууадæс барæгæй:
Топп, фæтджын хъримæгтимæ, сау нымæттæ — сæ уæлæ,
Ахæм адæм, гъей, тох... «Мидæмæ рацæут,
Физонæг бахæрут, уазджытæ!»
Гъей, тох! «Физонæг дæр мах куы у æмæ сырды мард дæр,
Гъей, хæххон дзигло».
Гъей, гъей, уæрæйдæ, мардзæ,
Сæр дæ б.ахъуыд, Таймураз, уæрæйдæ æмæ,
Дæ рагон знæгтæ бæлвырд сæ хъалрн исын
Дæ тугæй сфæнд кодтой, Таймураз!
Гъей, гъей, мигъæй æврагъы астæу æрбадтис
Кодзырты чысыл Таймураз, гъей, гъей,
Уæрæйдæ, æмæ Хæрхы сæрмæ джиауырты гъс уырдыгæй
Рагъæй фæлдахынтæ куы райдыдта, гъей.
Гъей, гъей, «Дзиццамæ мын уæ чи бадзурдзæн, гъей,
Гъей, уæрæйдæ, йæ уарзон хъæбул уæлæ Хæрхы сæрмæ,
Уæрæйдæ æмæ, сæрджын саг рамардта;
Гъей, гъей, хъыг дæр ыл ма ракæн, цин дæр ма бакæн, Дзицца», гъей.
Гъей, тох, ноджы ма Дзиццамæ чи бадзурдзæн, гъей,
Гъей, Нинийы пæлæз Церечы 'згъæр басгуыхти,
Уæрæйдæ æмæ, Церечы 'згъæр, гъей, гъей.
Топп дæр дзы нал хизы, кард дæр æй нал кæрды,
Дзицца, гъей!

Цæгат Ирыстоны радиокомитеты архив.


«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru