Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > 31. КУЫРДТАТЫ ЗАРÆГ

31. КУЫРДТАТЫ ЗАРÆГ


18 января 2008. Разместил: 00mN1ck
Æрæмбырд ут, Куырдтатæ, агъуысты ныхасмæ.
Дæлæ нæм нæ мæнгард паддзах хъулон пакет сæрвыста.
Ой æмæ куы æрæмбырд вæййынц Куырдтатæ,
Лæгæй æвзæрст æмæ бæхы хорзæй.
Цьгмытийы фарсæй, зæгъы, урс сæр цæргæсау куы ратахти, —
Уый та чи уыди цымæ, уый? Уый уыди Калманты Ацæмæз.
Гулийы фарсæй нæл хуы.йы еæпп-еæпп куы раласта
Дынджыр уæцъæфджын
Адæм дис кæнынц: уый та чи уа?
«Къаболаты дынджыр Хъылыц».
Æмæ рабалц кодтой паддзахмæ,
Æмæ сьш уый лæвæрттæ кæнын куы райдыдта,
Æмæ чи цы агуырдта, чи цы агуырдта!
Бирæ лæвæрттæй сын бар уыди.
Калманты Ацæмæзы æмбæлттæ райстой сæ лæвæрттæ.
Фæлæ уый фæстагмæ баззади,
Пæ фæндаджы хъуыддаг куыд зыдта, уымæ гæсгæ.
Фарсты мидæг ницы бакой кодта,
Топпыхосы æмæ нæмгуыты 'йедтæмæ.
Ракастысты фæстæмæ æмæ зæронд Бæтæхъойы хъаэуы рагъæй
Дурын худмæ куы æрбахæццæ вæййынц æмæ сæм стыр æфсæдтимæ куы æрлæууынц
Сæ разы Кæсæджы æлдæрттæ.
Уыдис сын дывзагон асиаг минæвар.
Æмæ, зæгъы, кæрæдзийыл сæ асуы сардыдта.
Минæвар куы бацыди, уæд æмбæлæггаг агуьгрдта!
«Мах стæм æгъдауыл разы», — загътой Куырдтаты бæлццæттæ,
Фæлæ минæвар æрбахаста фæстæмæ хæлды ныхас.
Æмæ хæцынтæ райдыдтой Кæсæджы æлдæрттимæ.
Калманты Ацæмæз дынджыр нымæтыл
Йæхицæн хостæ æрыдзаг кодта.
Æмæ загъта: «Ей, Куырдтатæ, æз уал фыццаг хатт æхсын
Мæ асиаг минæвары, фыд æвзæгтæ кæй хаста, уый тыххæй».
Хæст стынг, сæ туг калдй куыройы дæттау.
Кьаболаты Хъылыц та уæрдоны бын æнæ гæрахæй амард.

Радзырдта йæ Мырзаганты Уане. Ныффыста йæ Плиты Харитон. Мыртазаты хъæу.
ЦИНИИ-йы архив, фольклор № 21, папкæ 71, ф. 115.


«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru