Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > 32. КУЫРДТАТЫ ЗАРÆГ
32. КУЫРДТАТЫ ЗАРÆГ18 января 2008. Разместил: 00mN1ck |
(вариант) Уæй, Куырдтатæ, уæ, æрæмбырд ма ут, Дæлæ, дам, уæ агъуыст ныхасмæ. Дæллагхъæуы агъуыст ныхасмæ æрæмбырд ут, йей. Дæлæ дам-иу урс паддзахæй Хъулон гæххæтт куы схæццæ вæййы. Алы хъæутæй ызгъордтытæ куы сисынц агъуыст ныхасмæ, Æрæмбырд вæййынц агъуыст ныхасмæ. Сæ 'хъулон гæххæтмæ ракæс-бакæс куы фæкæньшц, йей. Авд лæгæй йæ куы фæхæссынц Уæртæ Уæлладжыры коммæ, Мамийы фыртмæ — хорз Хъарадзаумæ, Куыд сын æй бакæса, куыд сын æй равзара, гъей. Урс паддзах уæм куы сиды, куы, сæрвыста уæм: — Рацæут мæм, баныхас кæнæм, Бауынаффæ кæнæм нæ иумæйаг хъуыддæгтыл. Ныффыста йæ Гуыриаты Гагуыдз. ЦИНИИ-йы архив, фольклор № 45—1, папкæ 21, ф. 25. «ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961. при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Вернуться назад |