Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > 34. АСЛÆНБЕДЖЫ ЗАРÆГ

34. АСЛÆНБЕДЖЫ ЗАРÆГ


21 января 2008. Разместил: 00mN1ck
Ой, Хъобаны уæздæтты тыхмитæй
Бæтæйы фырттæ нал фæрæзтой.
Уæд иу бон куы бафæнд кæнынц:
«Тар хъæдмæ фæлидзын хъæуы, —
Тар хъæды абырæгæй хæтæм, гъей».
Будзи дын Аслæнбегмæ бадзуры:
— Ам ньш фæцæрæн куынæуал ис,
Æмæ фæлидзæм, Аслæнбег, Куырттаты коммæ.
Æфхæрдæй цæрын нæ бон нал у, —
Ой, аппарæм нæ уæздæтты 'фсондз!
— Ой, ме 'фсымæр, мæ уарзон Будзи,
Куырттатæ ыыл сайдæй рацæудзысты,
Фæлæ уæртæ Уæлладжыргоммæ,
Цæй, æмæ фæцæуæм, ой,
Нæ мадырвадæлтæм-Цæлойтæм.
Науæд та уæртæ Мызурмæ фæцæуæм —-
Не 'стыр мадьгрвадæлтæм-Зæнджиатæм.
Уыдон нæ хорз бавæрдзысты!
Æмæ фæфардæг сты Мызурмæ —
Сæ хорз мады'рвадæлтæм-Зæнажиатæм,
Æмæ Мызурæй Хъобаны уæздæттæм
Æрдхъирæнтæ кæнын куы байдыдтой:
«Мах уын ныр нал ныббардзыстæм,
Не 'фхæрдтытæ, æлдæрттæ!»
Мызурæй-иу тыхгæнæг рацæуынц
Хъобан æмæ Кæсæджы уæздæттæм.
Уыдонæн-иу сæ фосы рæгъæуттæ,
Ой, куы ратæрынц, уæдæ,
Æмæ сæ Мызуры мæгуыр адæмæн
Уой, æмæ куы байуарынц, уæдæ, гъей.
Ой, сæ кæсдæр æфсымæр Уæгъуыллæ
Хъобаны уæздæттæм рæгъаугæсæй куы баззади
Ой, æмæ йæ Тæгиатæ куы 'фхæрдтой,
Бæгънæг-бæгъæввадæй куы цыдис.
Ой, ой, æмбисбонмæ-иу заргæ куы кодта.
Уырдыгæй изæрмæ та, бецау,
Мæгуыр саби, кæугæ куы кодта.
Хъобаны фæсрагъы уæздæттæн
Се 'стыр рæгъау хызтис.
Ой, ой, Бæтæйы фырттæ дын, зæгъы,
Уыцы рæгъаумæ куы 'рбафардæг сты.
Уым, дын, æфсымæртæ куы фехъусынц
Уæгъуыллæйы æнкъард зарджытæ:
«Уæ, мæ тæригъæд фæхæссат, ме 'фсымæртæ,
Се 'нахъом æфсымæры
Уæздæттæн хъомгæсæй чи ныууагъта! —
Куынæуал сын фæразын се 'фхæрдæй».
Уæд æм йе 'фсымæртæ куы фæзындысты
Æмæ йын куы зæгъынц, цингæнгæйæ:
— Уæ, Уæгъуыллæ, тæрсгæ мауал 'кæн,
Де 'фсымæртæ мæнæ куы сты.
Ды ма æрбамбырд кæн уæздæтты фос
Æмæ цæугæ немæ, не 'фсымæр,
Хъаныхъуаты хъал бæхыл
Æмæ немæ хæтæнты куы цæудзыиæ.
Æмæ ратардтой Хъобанæй
Уыдон ыстыр рæгъау сæ разæй.
Фæлæ Тæгиаты уæздæттæ
Ннцыма зыдтой уыцы хабарæн, уой.
Æмæ дис кодтой Хъобаны:
«Ацы бон къаннæг Уæгъуыллæйы кæуын
Сæрвæттæй куынæ хъуысы», зæгъгæ.
Кæсгон æлдæртты зынгæдæр
Айдаболы фырт Саулох
Бæтæйы фырттæн сæ зонгæ уыди.
Фæцыдысты йæм иу бон, уæдæ,
Уой, сæ рæгъау ивынмæ.
Айдаболты Саулохмæ та уæд уыди,
Ой, йе 'мсæр уæздан уазджытæ.
Ой, æмæ Айдаболты Саулох
Бæтæйы фырттыл хорз нæ бауызæлыд, —
Нæ сæм ракасти йæ рæстмæ цæстæй.
Аслæнбег дын уæд йæ уарзон
Æфсымæр Будзийæн загъта:
«Махæй кадджындæр кæй хъуамæ скæнид!» —
Æмбисбон куы ратардтой
Сæрыстыр Саулохы рæгъау.
Æмæ рæгъаугæстæн куы бафæдзæхстой:
«Цæут æмæ зæгъут Айдаболы фыртæн,
Бæтæйы фырттæ, дын, зæгъ, фæтардтой
Ой, æмæ де 'стыр рæгъау».
Фæдис сæ расырдта æмæ сæ баййæфта.
Уæд сæм Саулох маэетыйæ бадзуры:
«Уæ, Аслæнбег, мæ рæгъау мын раздах,
О, ме стыр рæгъау, Аслæнбег!»
Уæд æм Аслæнбег афтæ бадзуры:
«Айдаболы фырт, нæ дын сæ ратдзынаэн.
Уыдон Уæлладжыры стыр Ныхасы
Мæгуыр адæмæн æз байуардзынæн,
Уымæн æмæ адæмыл нæ нымайыс
Ды мæгуыр хæххонты».
Уæд ын Саулох ахæм дзуапп куы ратты:
«Аслæнбег, афтæмæй нæ фæцæудзынæ, —
Æнæ схæцгæйæ дын 'мæ рæгъау 'нæ ратдзынæн.
Дæ ныфс кæм бахастан, уым фæкæн фыццаг æхст!»
Аслæнбег бадзуры: «Æфхæрды ды фæдæ, —
Æмæ фехс, фыццаг æхст дæ бар у».
Саулох, дын, фехста, æмæ йæ сау фыд нæмыг
Аслæнбеджы галиу агьд куы ныммур кодта.
Уæд, дын, æм Аслæнбег афтæ бадзуры:
«Фæхъхъахъхъæ ма, уæдæ, Айдаболы фырт,
Дæ галиу фарсы сæрмæ!»
Æмæ Аслæнбеджы нæмыг
Ныппырх кодта Саулохы фарс.
Бæхæй рахауди зæхмæ
Ой, йæ туджы амæнтгæ.
Фæдис фæстæмæ куы фæлыгъдысты
Хъæбатыр æфсымæрты тæссæй.
Æмæ Бæтæйы фырттæ рæгъау ратардтой
Сæ райгуырæн бээстырдæм.
Фæсвæд иу ран Будзи фездæхти
Йæ дзабыртæ бæттынмæ,
Æмæ йæм Аслæнбег бадзуры:
«Уæ, ме 'фсымæр, ма мын афынæй у —
Дæуæн дæ мæлæт дæ хуыссæджы ис».
Будзи, дын, стæры цæуынæй бафæллади,
Уыйадыл хуры хъарммæ тарф фынæй бацис.
Будзийы афынæй кæсæг куы базыдтой,
Уæд, дын, фæдисы куы рацыдысты.
Кънйæзтæ йæм бахъуызыдысты
Æмæ йæ уым фынæйæ амардтой.
Аслæнбег Саулохы рæгъау
Дыгуры хохыл æрбатардта
Æмæ Ходы хæхтыл æрхызти
Æмæ, дын, Мызуры хъæумæ барасти.
Уьгм, дььн, Аслæнбеджы
Ныхасы зæронд лæгтæ сæ цæссыгкалгæ
Иæ сау бæхæй куы раргъæвтой.
Аслæнбег ма сæм, йæ удисгæ, бадзырдта:
«Ныхас кæнын мæ бон куы нал у:
Тæхуды, Мызуры зæрæдтæн ма
Сæ ныхасмæ хъусынæй куы бафсæдин!..»
Уæд дын Аслæнбеджы фсымæр Будзийы
Мызуры фæсивæд куы 'рбаластой,
Æмæ сæ дыууæйы дæр иумæ
Мызуры бæрзонд уæлмæрды
Стыр кадимæ куы баныгæдтой.

Радзырдта йæ Наниты Сергей. Ныффыста йæ Плиты Харитон, 1936 аз, 6 октябрь, Алагир.
ЦИНИИ-йы архив, фольклор № 25, папкæ 71, ф. 3—6.


«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru