Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > 43. БОТАСЫ ЗАРÆГ

43. БОТАСЫ ЗАРÆГ


1 сентября 2008. Разместил: 00mN1ck
Уæрæйдæ мæ, дам, Ботас
Илалай дыл ныккæной, Тъеры-фырт Ботас.
Уау, Хабæты Ботас, дам, Хабæты Ботас,
Афтæ, дам, куы дзуры:
— Цæрын, дам, мæ нал уадзынц Дæргъæфсы хъахбайтæ,
Дæргъæфсы налæттæ.
Гъемæ, зæгъы, Джергаты Къалдыммæ
Фæрсынмæ куы ссыди, фæрсынмæ куы ссыди,
Цæрын, дам, мæ нал уадзынц,
Гъемæ, дам, абырæг алидзынвæнд скодтон.
Къалдым хорз лæг уыдис
Æ'мæ йын ныффæнд кодта:
— Ма алидз, Ботас, ма алидз, Абырæг хорз нæу.
Ноджыдæр та йæ куы бафæрсы Къалдымы:
— Уæдæ цы кæнон, цæрын мæ куы нал уадзынц,
Цæрын мæ куы нал уадзынц.
— Кæдæм лидзыс, Ботас, кæдæм лидзыс?
— Куырттаты коммæ, Къалдым, Куырттаты коммæ.
Уый йын афтæ куы зæгъы:
— Уыдон, дам, мæнгард сты,
Уыдон, дам, дæ фæсайдзысты!
Куы нæ йæм байхъуыста мæгуыр Ботас.
Хорз Къалдыммæ, куы нæ йæм байхъуыста,
Æмæ Куырттаты коммæ куы афардæг и,
Куы афардæг и Куырттаты коммæ.
Гæлæу-хъæуыхицау мæнгард куы уыди,
Æмæ Дзодзыккаты Гæбæйы туманæй куы балхæдта.
Шанаты уæрдон, дам, къубалыл тулы,
Уай, Дзодзыккаты Гæбæ, де 'ууæнк, дам,
Куы бахордтай туманы тыххæй.
Тмены хъæуы, дам, хуыргарчы сабæттаг,
Хуыргарчы сабæттаг.
Гъа, уæууæй, дам, Ботас,
Дæ иунæг сæр, дам, куы бацис Куырттаты амæттаг,
Куырттаты амæттаг.
Усш Беслæныхъæу, дам, Зилгæйæ баззад,
Уай, Ботас, дæ иунæг мад ниугæйæ баззад.
Уай, дæ сабæттаг дзырдтагæй баззад,
Уа-уæууæй, дæ иунæг бæх та дæлæ хынцæгæн баззад.
Дæргъæфсы сауджын, дам, судтæ ныккодта,
Уай, дæ цъæх цæстытæй, Ботас,
Кæд дæ сау туг ныккалдтай.
Быдтаты Гæлæу уарыны тыххæй
Æстæмтæ фæфыхта,
Хæдзарæгаты, дам, хистхор гæбæрбæрзæй Къазлæу
Куырттаты хъалтæн гæртæмттæ фæфыста
Ботасы тыххæй.
Уый кæмæн фæфыста:
Цереккаты Дзамболатæн гæртæмттæ
Фæфыста Ботасы марыны тыххæй.
Хуыскъададжы, дам, Борсейы фæндаг.
Де 'намонд сæр сафæг — Мылыхаты Цорæ.
Дæргъæвсы, дам, Кæкусмæ хуыдтон,
Дзодзыккаты Цорæйы мæнгард загъта: «Тæрхъус æй фæхуыдтон».
Огойты Иван, дам, быдуафæнтæ фæкодта,
Æмæ, дам, дыл Куырттаты хъалтæ
Марыны тыххæй уынаффæтæ фæкодтой.
Сæ уыгæрдæнты, дам, æртæ мæкъуылы,
Ботас бадзуры:
Мæнæн, дам, баззади Дæргъæвсы астæу æртæ мæгуыры.

Зарыд æй Бежаты Мæйыр Бесæгъуыры фырт. Ныффыста йæ Цагъаты Анастаси, 27 июль, 1959 аз, Хъахъхъæдур.
ЦИНИИ-йы архив, фольклор № 250, папкæ 117, ф. 34—36.


«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru