Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > 44. ЗАРÆГ БОТАСЫЛ

44. ЗАРÆГ БОТАСЫЛ


10 сентября 2008. Разместил: 00mN1ck
(вариант)

Уалдзæджы фиййау, дам, зæйуатыл фæхызта,
Зæйуатыл фæхызта.
Гъай, мæгуыр, дам, Ботас.
Хæдзарæгаты, дам, хорз Къæлæу кæй хуыдтой,
Хорз Къæлæу кæй хуыдтой,
Уый Ботасы тасæй йæ уаты фæмызта,
Йæ уаты фæмызта.
Уæй, мæгуыр, дам, гъæй, мæгуырæг, Ботас.
Уæд, дам-иу, Хилачъы дон, загъта, Гæбуты 'рдыгæй,
Гæбуты 'рдыгæй.
Æмæ йæ йæ кæнгæ æфсымæр рамардта къæбуты 'рдыгæй,
Гъе, уæууæй, къæбуты 'рдыгæй.
Ныр, дам, дæ мæнгард Гæбæ,
Дæ кæнгæ æфсымæр æууæнкæй, дам, куы рамардта,
Гъо, Ботас, къæбуты 'рдыгæй, зæгъы.
Бырхиу фиййау, дам, айхъусут ма йæм,
Кæд, дам, уый кæны йæ ривæды зарджытæ.
Ныр, дам, ма байхъусут,
Мæ хорз æмгæрттæ, мæ хоты хъарджытæм.
Уыдон мыл кæнынц,
Хабæты уæлмæрды тæригъæды хъарджытæ,
Тæригъæды хъарджытæ.


Радзырдта йæ Дауыраты Къæлæуы фырт Хуысинæ, 100-аздзыд. 28 июль. 1959 аз, Ламардон. Ныффыста йæ Цагъаты Анастаси.
ЦИНИИ-йы архив, фольклор № 250, папкæ 117, ф. 33—34.


«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru