(Дзæрæхи кадæнгæ) Сæ над еу фæууй сæ даргъ фæндагбæл Етæ цæунцæ, дзубанди гæнгæ. Хæрам лæг цæуй фестæгæй бæргæ, Хæлар лæг, раст лæг — йæ аласабæл. Хуцауи уарзон мæгур хæлар лæг Зæгъуй йе 'мбалæн: «Табуафши, мæ хор, Атæ фæххуæцæ мæ фæллад бæхбæл! Мæ ком ниссор æй фур æдонугæй... Рæсог уазал дон ауæхæн бони Фæндаггон лæгæн дзенет æй, дзенет!». Æ бæх фездахуй фæснадмæ-донмæ, Æргæпп кæнуй 'ма æ бæх февæруй Хæлар зæрдæ лæг хæрам æмбалмæ. Æнцад ниххезуй и арф мæскъæмæ, И арф мæскъæмæ — сауæдонæмæ. Ку 'ссатæг кæнуй æхе, ку схезуй, Бæргæ ракæсуй æ фалæмбулай; Рагъæуай-багъæуай, инуй идардмæ: Е 'мбал фæттæхуй йæ аласабæл, Йæ аласабæл, йæ фæллад бæхбæл. Бæргæ ниххуайуй æ уæраги сæр: «Ку мæ фæссайдтай æмбалдзинадæй; Æмбалхуар ку дæ. Хуцау дæ фагæ: Ци ма ин кæнон, ци ес мæ къохи? Æз фестæгæй дæр бæргæ лæсдзæмæн?» Цæунти фæууй Хуцауи раст лæг. Рахæтуй сах хор изæрæрдæмæ; Идардмæ зиннуй толдзæ бæлашæ, Омæ ниццæуй мæгур æфхуæрд лæг. Бæлаши буни æртæ бадæни, Æртæ листæни фæрсæй-фæрстæмæ. Ниддес уй лæгай — Хуцауи уарзон: «Æз ани бæрæг æнæ рартасгæ Нæ ниууадздзæнæн; мæ сайтани хай Ами кæд бадуй — уæддæр нæ зонун». Зæгъгæ ку схезуй бæлаши сæрмæ. Æрталингæ уй, фиццаг æстъалу Куддæр сасодзуй, отæ ба кæсуй: Арс æрбацæуй, берæгъ æ фæдбæл, Сæ фæсте робас — ширдони думæг. Астæуткæй сбадтæй æ дзæмбу стæргæ Гъолон æфцæг арс е 'стур бадæни; Æ галеу фарсæй халхуар цъæх берæгь Æ рахес фарсæй æ думæг телгæ Нæ робас кæнуй «гуассæ-нисши» бадт. Уæд арс райдайуй æ бæзгин хъурæй: «Æз аци бонæ уæртæ хонсари Дони билæбæл мура бæлашæ Охæн исширдтон, мудæй е дзагæй! Къуæрей фагæ мин уæддæр одзæнæй! Минасæ гæнгæ 'ма фарни зар дæр Гъæди никкæнун... идзаг мæ губун! Офф-офф! мæ хортæ, æ муд куд хуарз æй!» Берæгъ райдайуй: «Æз дæр абони Æзинæй хуæздæр мæхе нифсастон. Минасæ кæнун уалдзæгæй нурмæ: Муртазатæбæл цæруй мæ фиййау, Æгас фондз анзи хæтуй хъæрæуæй Æ рахес цæстæй, бæргæ иннæ даэр Ку батаруидæ берæгъи нивæн... Хъæрæймаг æ рази — сайгæ мæ кæнис! Нæбал ди тæрсун! кæцæй нæ инуй, Раст еци 'рдæгæй фæууй мæ лæбурд... Мæхе бацæнцæ нард косæрттæгтæ, Тъæпп хауй нур дæр фидæй мæ хитъин. Фийауæн хуасæ мæхецæй æздæр Аци дуйнебæл ку неке зонуй. Æ фусти астæу сау гулу сæгъæ, Куддæр байсæрда йæ хъæрæу цæстæ Ой тогæй, отæ мæнæн мæ ком — баст! Ку не 'срешидæ мæ губун уæдмæ, Цалдæнмæ омæн хуасæ искиндæ уа, Ести радзорæ, нæ кæстæр хуæрæ!» Робас ку дзоруй, æ губун хафгæ: «Миститæ арæх — нæ лигъз будури, Хуцауæй боз дæн — æз бон-изæрмæ Гъазун æхцатæй, сугъзæринтæ 'ма Кæдзос æвзестæй — дæлæ надгæрон Они ку сширдтон и къотæр рæбун, Сæумæ дæр цæттæ 'й мæ гъазæн гъолæ». Ширдтæ фестунцæ сæумæ рагиау, Алке æ надбæл фæффудвæндаг уй. Æрхезуй лæг дæр бæрзонд бадæнæй, Сæумæ ку сшеруй æхца ходи дзаг, Æхца ходи дзаг — робаши гъазæн. Уайун байдайуй Хуцауи раст лæг Уæлæ къолæмæ, оми раеруй Мура бæлашæ; мура бæлашæ. Мудæй е 'дзаг æй, орс-оршид мудæй. Æхе нифсадуй, æ хæццæ дæр ма Хæссун байдайуй хъæрæу фийауæн; Муртазатæмæ æрхæццæй нæ лæг, Оми фæндагбæл инуй фийауи. Салам ин радтуй: «О, дæ фонс беурæ». «Беурæ фæццæрæ! Медæмæ, уазæг, Мæ осонгæмæ! æдонуг кæд дæ? Уæртæ гъошини хуарз тæнæг къумæл, Æстонг одзæнæ — фид нæмæ арæх! Фестæг лæг ку дæ, кæцæй фæндараст?» «Атæ 'ма атæ», зæгъгæ, радзоруй Мæгур æфхуард лæг æ бæхи хабар. «Хуцау ке кæна, — дзоруй хъæрæу лæг,— Е хуарз ку хуннуй: æз дæр фондз анзи Хæтун хъæрæуæй, мæ еу цæстæ ма Бæргæ фæлгæсуй цъæх будуртæмæ Мæ сау фустæмæ, гъолон сæгътæмæ; Кунæг кæнунцæ мæ хуæздæр фустæ... Мин сæ нимадтон — нур мин кæд æнцæ Фараст инсæдзи цуппар гъæуагкин. Еу гаддза берæгъ мæбæл исагъудæй, Цард мае нæ уадзуй, цæгъдуй мæ фусти! Ме 'ннæ цæстæй ма æз ку скæшинæ Ескæд —мæ маст ин уæд бахатинæ». «Æз дин ку зонун дæ цæсти хуасæ!» — Зæгъуй хæлар лæг уæд æ фусунæн. Фийау ниссурх уй: «Корун ди, уазæг, Айуан ма кæнæ, дæуæй æфхуарддæр Лæг кæд разиндтæй — уæд дæр омæй хъал Дæ зæрдæ ма уæд! Уæллаг ци 'рхæссуй, Ой неке зонуй æсфæлдесонтæй!» «Дæ сæгъти астæу сау гулу сæгъæ... Æрба 'й æвгæрдæ, æ гъар тогæй дин Дæ хъæрæу цæетæ æз баисæрддзæнæн, Хуцау æ гъуддаг отæ аразуй». Лæг фæггæпп ласуй, æ гулу сæгъæ Æрбайахæссуй, ра 'й косарт кæнуй. Сæгъæн æ тогæй Хуцауи раст лæг Уайтагъд раисæрдуй фийауи цæстæ, Фийау ракæсуй æ дууæ цæстемæй, Кинау низзелуй уæд æ фур цийнæй, Хинцун байдайуй æ хуæрзгæнæги. И сæумæ ба ин æ фустæн се 'рдæг Ку стумбул кæнуй раст лæги разæй. Цæун баидайуй Хуцауи уарзон, Хуцауи уарзон, кæдзос зæрдæ лæг, Фембæлуй ибæл æ хæрам æмбал: «Æз ба ма, — зæгъуй, — дæу ку агурдтон Уæдæй ардæмæ, дæ бæх дин ластон. Кæми дин адтæй еци фусти къуар?» Ра-ин сæ дзоруй хæларзæрдæ лæг Æ хуарз хабæрттæ. Хæрам зæрдæ лæг Соцъа гæнагæ 'й: «Цæуон ахсæви Еци толдзæмæ, æз дæр бавзарон Мæ нивæ, мæ хор! Хуæрзæ бонæ бал!» Фæннæхстæруй 'ма бæлаши цонгбæл Æрбадуй бæргæ — зæнхæмæ хæстæг, Зæнхæмæ хæстæг нæл гогузи бадт. Зæгъуй æ зæрдтæй — æз шин сæ дзурдтæй Еу дæр дзæгъæли нæ рауадздзæнæн». Сах хор куд фæццæй нæ хуæнхти аууон, Æрбацæунцæ, сæ гъирнун цæугæй, Разæй гъунтъуз арс, е стур дзæмбуйæй Сикъит ку скалуй æма нимбохуй, Низзутъгъут ласуй æ разæй дортæ, Æхе ниггæлдзуй фæлмæн листæнбæл; Æ фæдбæл робас мæтъæл-мæтъæлæй, Нур райдайдзæнæй-уæд райдайдзæнæй Тъиф-тъифæй кæун нæ гæди шил'æ. Æрæгиау ба къулух-къулухæй Гъæрзгæ 'ма нæтгæ 'нæ цъæх абæрег Æрбацæйхилдæй, æ листæнмæ дæр Æнхæст не схæццæ 'й. хъæбæр зæнхæбæл Æрхаудтæй, æ къах æвзагæй стæргæ. Зæгъуй гъунгун арс: «Рамардтæн судæй! Фæццудтæн бабæй мæ еубонтигкон Бæласæмæ, 'ма мудæн æ кой дæр Нæ бал ес, нæ бал, фæ-ммин æй къагъдæй Ухстбæл цума 'нцæ 'мæ сау артæнтæ Отæ содзунцæ... гъе — уæууæй, уæууæй!» Робас райдайуй кæунгъæлæеæй: «А дууæ бони æз дæр агорун Ме 'хцатæ — фал фæ-ммин сæ хастæй, Цæмæй гъаздзæнæн амæй æндæмæ?» Берæгъ ниннæтуй: «Хæдзаруат бадæн! Абони бабæй хъæрæу фийаумæ Багъузтæн æмæ фустæн сæ нарддæр Куддæр раскъафтон, отæ мæ фийау Æ хъæрæу цæстæй ракастæй æма Æ даргъ хъæрæймаг æ сау агъодæй Æваст фелваста, фæггæрах ласта... Æркæшетæ-ма, мæ рахес къахæн, Мæ фæстаг къахæн æ фади гъолæ Куд ниццæхмор æй... мæ тæрегъæдæй Ку фæххæтидæ мæнау къулухæй! Дес цæбæл кæнун... сумахæн дæр ма Уæ муд, уе 'хцатæ хæтгæ лæг исшерæд, Фал мæ фийауи цæсти хуасæ ба Ку неке зудта мæхецæй æндæр! Хуцауи дессаг, ка ин æй загъта? Игъосгæ нæмæ маке кæнæд, ма? Искæшетæ ма бæлаши сæрмæ». «Уæлæ 'й!» — гъæр 'кæнуй цъæхснагхъур робас «Уæлæ 'й!» —иимбохуй гъолон æвцæг арс. «Исхезæ 'ймæ уæлæмæ, робас!» «Ци ма мин кæнай? — зæгъуй ин робас, — Мæ мæгуыр сæр мин ницъæлæ кæна?» «Исхезæ 'ймæ, нæ цурд лæборæг!» «Кумæ уин хезон къулух-къулухæй! Дæхуæдæг, баба, ма рауадзæ, ма!» Арс дæр фæллæууй æ фæстæттæбæл, Хезун баидайуй хæрами фæдбæл, Е дæр хезунæй ку нæ ауæрдуй, Уæлдæрæй уæлдæр бæлаши цъопмæ, Ордæгæй æхе бæргæ нинтъохуй. «Ма рауадзетæ!» — æмбохуй уæллаг. Уæд е скъелæбæл нæ хæрам лæгæн Робас ниххуæцуй æ циргъ æнсуртæй, Берæгъ дæр имæ къулух-къулухæй Æхе батæруй. Лæу-лæуæй сæмæ Æрхъæртуй арс дæр æма нимпурсуй Мæгур хæрами! дæ фудгол отæ! Хæрам бабун æй, хæрами фæндаг Беурæ нæ хæссуй, цубур æй, цубур! Хæларзæрдæ лæг адæми рæнгъи Цæруй дуйнейбæл æ рæстдзинадæй Адæми уарзгæ, Хуцауæй тæрсгæ.
«Дигорон кадæнгæ». Туйгъанти Махарбеги финст. Владикавказ, Типо-литография 3. П. Шувалова 1911, ф. 16—23.
«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |