поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
3. ЕУНÆГИ КАДÆНГÆ
Автор: 00mN1ck / 30 октября 2007 / Категория: Хицан кадджытæ
Еунæг мæгур æй, еунæг мæгур æй!
Гъæдæй дæр, дорæй дæр еунæг мæгур æй.
Будури астæу еунæг бæласæ —
Е дæр мæгур æй! И хор дæр имæ
Æгæр ку кæсуй, æгæр æй тавуй,
И дон дæр имæ идард ку цæуй,
Идард ку цæуй.
Мæргъти астæу дæр, сирдти æхсæн дæр
Еунæг мæгур æй, еунæг мæгур æй,
Адæмти астæу дæр еувæг мæгур æй.
Æ ном еунæг фæууй, æхуæдæг дæр еунæг æй.
Æнсувæр кæмæн нæйес, æрдхуард, æмтарæ
Æ фарсмæ æрбалæууæг кæмæн нæйес,
Еунæг ку хуннуй. Еунæг мæгур æй.
Еунæг цæрун байдайуй дуйнебæл
Æ зæронд мади хæццæ. Æ лимæнтæ имæ
Дууадæсемæй ку 'рцæунцæ,
Сæ лимæни-седзæри бабæрæг кæнунцæ.
Уазæгдонæ мæгур лæгæн ку нæ фæууй,
Æ хæдзарæмæ сæ бахонуй.
Æ зæронд мадæн раздæр ку зæгъуй:
«Нана мин цæра, фæссæмæ ходæ!
Сæ зæрдæ мин омæй балхæнæ.
Уазæг æфсини ходгæ-билтæ ку фæйинуй,
Уæд цинæ ку кæнуй, —
Таукелдзинадæ ку æй.
Æфсийнæ æ билтæ æмгом ку даруй,
Уæд уазæги зæрдæ мæгур ку кæнуй».
Арти уæлгъос Еунæг зелæнтæ кæнуй,
Е уазгутæн фезонгутæ цæттæ гæнгæ.
Æ гъоси æрцæуй: «О, мæгур Еунæг!
Æндæмæ ракæсæ! Дæ фиди маргутæ
Герги коми авдемæй æрбацæунцæ.
Аци бон сæ ку нæ ссерай, уæд дæ къохн
Некæдбал бафтуйдзæнæнцæ».
Еунæг æндæмæ рауайуй. Фæстæмæ
Тургъæй фездæхуй, æ цæстисут сæрфгæй.
Фæрсунцæ й иуазгутæ — неци син дзоруй,
Фезонгутæ рахатæ-бахатæ кæнуй.
Дуккаг хатт æригъосуй:
«Тузартæ дин дæ курд оси
Æндæр кæмæндæр дæттунцæ,
Ма рауадзæ!» Æ цæстисуг ку расæрфуй,
Æ фиди лимæнтæ й нæбал уадзунцæ:
«Ци кæнис, Еунæг, цæмæннæ й зæгъис махæн?»
Ра-син æй дзоруй.
Фиццаг ранæхстæр уй е тоггинтн марунмæ.
Ра-сæ маруй, тохæнтæй син
Куреси тухт бакæнуй
Æма Тузартæмæ бацæуй.
Кизгæ 'й къæразгæй раинуй, æ кæун кæун æй.
Фæходуй имæ. Кизгуттæ й бафæрсунцæ:
«Цæбæл фæхудтæ?» Ра-син зæгъуй:
«Хори тунæ мæмæ æрбакастæй,
Æма омæн ходун».
«Не уазгутæн бадун афон æй», — зæгъунцæ.
Медæмæ сæ бакæнунцæ, Еунæг фæсдуар слæууй
Ку сбадунцæ даргъ фингтæбæл,
Ку сковунцæ, уæд сиахсæн ковæггаг рарветунцæ.
Фæсдуарæй æхе ниццæвуй Еунæг,
Цъеусор каркбæл куд ниццæва, уойау.
Ковæггагæй, къеретæй ку сахуадуй.
«Сиахсæн ковæггаг, сиахсæн нæ хай!»
Рахæссунцæ, 'ма æхе ниццæвуй бабæй,
Еунæг бæгæниæй сахуадуй,
Фидæй дæр сахуадуй.
Адæм ку сдæгъогъ унцæ:
«Ций а? Ци уавæр æй?
Аци æнæгъдау кæцæй æрцудæй?»
Уалдæнмæ къохбæлхуæцæг ку ранæхстæр уй
Уатмæ, киндзи рахонунмæ.
Æ пæлæз фæгæлдзуй, æ кард фелвасуй
Æма фæгъгъæр кæнуй: «Ци кæнтæ?
Ке оси хæссетæ? Кизгæн æ фиди
Бафæрсетæ — кæд мæ фиди хæццæ
Федуд нæ адтæй, кæд кизгæ мæхе курд нæй?!»
Кизгæн æ фиди бафæрсунцæ.
Æртæ лæги сæртасунцæ,
Кизги бафæрсунцæ — е дæр разæгъуй,
Авдæни огæй курд разиннуй кизгæ Еунæгæн.
Еунæг æ ирæд бафедуй е знæгти хæзнатæй,
Ра 'й хæссуй. Æ фиди лимæнти е хæдзари
Ку ссеруй. Тумбул симд кæнунцæ.
Астæмæй-астæмæ идзулунцæ.
Цæрунтæ байдайунцæ.
Еу бон Еунæг æ мади ку бафæрсуй:
«Дессаги фун фæидтон: еу богъа
Æрбацудæй 'ма мæ æ сикъайæй сцафта,
Мæ сæргъи ба дууæ бæлæуи сæ кæрæдзей тудтонцæ,
Сæ пакъу калгæ 'ма сæ тог пурх гæнгæ».
«Ма мин æй зæгъун кæнæ, — загъта æ мадæ, —
Де 'рваддæлтæй еуей хæццæ хилæ кæндзаэнæ
Æма мард фæууодзæнæ! Дæ мадæ 'ма дæ осæ ба
Дæ марди сæргъи сæхе тондзæнæнцæ».
Еунæг мæгур æй, Еунæг мæгур куд нæй?
Æхсар æма Æхсæртæг фæунцæ дууæ 'рвади,
Они хæццæ фæбуцæууй Еунæг, æма 'й
Æхсæртæг рамаруй.
Е осæ уæззауæй байзадæй
Гъæдæмæ фæллигъдæй: «Кæд мæ берæгътæ
Бахуæрионцæ», зæгъгæ.
Фал од цæруйнаг ку уа, уæд имæ
Берæгъ дæр не 'вналуй. Сувæллон ин ку райгуруй.
Лæгæти ку цæруй, хæссун æй байдайуй.
Фат æма ин æндурæ ку скодта,
Цъеутæ ин ку маруй.
Еу бон бæласи сæрмæ ку схезуй,
Ордæгæй ракæсуй биццеу æма зæгъуй æ мадæн:
«Хъуæцæ цæуй еу æрдозæй! Ци уавæр æнцæ?»
«Етæ 'нцæ Тузартæ — дæ мади 'рваддæлтæ;
Ба-сæмæ цо — кæд дин радтонцæ
Еу топпи хæтæл; топпитæ гæнæг ку æнцæ».
Ба-сæмæ цæуй. Цийнæ ибæл кæнунцæ,
Топп дæр ин радтунцæ.
Сæгтæ марун байдайуй.
Еу бон ку ранæхстæруй цауæни,
Уæд робас фæцæф кæнуй,
Æма ин будурмæ рафтауй,
Æ фæдбæл цæун байдануй.
Ци рауæн æй баййафуй, оми æй равгæрдун,
Ра-йæ стъегъуй, ба 'й кой кæнуй.
Æ цурд æвнæлдмæ ин идардæй
Æхсар æма Æхсæртæг фæккæсунцæ,
Æма ин æ арæхстбæл дес кæнунцæ.
Кæрæдземæ дзорунцæ хатиагау:
«Аци лæхъуæн хумæтæги лæхъуæн нæй».
Байфæрсунцæ: «0, дæ бун сой,
Кæмæй дæ, ке фурт дæ?»
Ра-син дзоруй: «Мæ мади хæццæ
Гъæди цæрун. Кæмæй дæн, омæн
Неци зонун, фал мæ мадæй,
Еунæги фурт дæн, зæгъгæ, фегъустон, —
Атæ 'ма атæ, зæгьгæ, радзоруй, —
Нури уæнгæ гъæди сгъомбæл дæн
Æма гъæди фæццардтæн».
Хатиагау сæ кæрæдземæ дзорунцæ:
«А не 'нсувæр æй, — ке рамардтан, ой фуртх
Æхсæртæг-марæг æ гæрстæ рагæлдзуй
Æма разæгъуй: «Æз дæ фиди марæг дæн!
Мæрдти дæ фиди тог федуни бæсти мæ
Нур ку рамарай, уæд хуæздæр æй.
Цæвæ мæ, æз цæттæ дæн!»
«Кæд мæ фиди марæг дæ ду —
Æз дæу нæ рамардзæнæн! Дæ гæрстæ
Бабæттæ! Мæ фиди хæццæ ба уæхуæттæ
Мæрдти бафедаудзинайтæ.
Æз хуцауæй боз дæн; цæуæн, мæ мади размæ:
Æз уæ бафедаун кæндзæнæн».
Дууæ дæр, Æхсар æма Æхсæртæг, скудтæнцæ
Æма æрцудæнцæ Еунæги сæгдзар осонгæмæ.
Е мадæ они ку фæидта, уæд æ зæрдæ багъар æй
Æма æрхаудтæй. Ку 'рискъиттæй, уæд ин
Æ фурт загъта: «Мæ мадæ, берæгъи цард
Гъæди астæу фæкодтан, адæмæй нæхе
Идард фæлласта'н — нур ба, корун ди,
Æма не 'рвадæлтæн дæр сæ фуд ниххатир кæнæ,
Адæми астæу-ма бацæрæн». Ци сæмæ адтæй,
Ой сæ хæццæ рахастонцæ 'ма
Се 'рваддæлти æхсæн æрцардæнцæ.
Цауæнæй не 'нцайуй Еунæг. Сирди фидæй
Хæссуй æгас синхи. Æфсатий фонс
Кунæг кæнуй æ къохæй, берæй нæ евгъауй.
Еу бон цауæни рацæуй. Еу сæргин саг
Æ размæ фæууй, фæ 'й æхсуй.
Тæгæр бæласи бунмæ æрзелуй саг.
Кой кæнун æй байдайуй. Арт ку скæнуй,
Хурфи дзаумæттæй фезонæг фицуй.
Æ хъуæцæмæ ин «базургантæ» бæласи бунмæ
Æртæ лæги бацæуй: «Дæ бун сой, лæхъуæн!» —
Зæгьгæ имæ дзорунцæ, — е фæууй хатиагау арфæ
«Æгас æрцотæ!.. æрбадетæ бал, ести бахуæретаэ!»
«Махæн не 'мбæлæггаг рахæссæ!»
«Æмбæлæггаг дæр уин цæттæ 'й, фал
Фингæбæл евгъуйун ходуйнаг æй».
Нецибал имæ сдзорунцæ, фал ибæл
Сæхе ниццæвунцæ æма 'й сæ буни фæккæнунцæ.
Сæ кæрдтæ е цæсти размæ ку ферттевунцæ,
Уæд си ракоруй фæстаг дзурд ма:
«Тæгæр бæласæ, ду о ме 'вдесæн; хор, ду мæ федар,
Хуцау, ду мæ тæрегъæд хæссæг!»
Уалдзигон уæри хузæн æй равгæрдунцæ,
Мæгур Еунæги, арф пихсити ин æ мард
Баримæхсунцæ; тæгæри сифтæ ибæл
Æ тогæй пурф гондæй
Бæрзондгомау самайунцæ.
Уæдæй ардæмæ тæгæри сифæ
Иннæ бæлæсти сифтæй уæлдайдæр
Гъæди астæу сурх даруй.
Еунæги мард Æхсар æма Æхсæртæг
Агорунтæ байдайунцæ.
Æвдæймаг бони 'й рæфти ку ссерунцæ
Пихсити буни нигæдæй. Æр-æй-хæссунцæ,
Уæлмæрди 'й байвæрунцæ,
Æ къуæрейы бон ин хист ку скæнунцæ,
«Рохсаг» зæгъунмæ адæм цæунцæ.
Фингтæбæл куд æрбадунцæ,
Отæ сæ рæзти хуцау æрбахæссуй
Æртæ бæхгини. Æрба-сæ-хонунцæ
Мардæн «рохсаг зæгъетæ», зæгъгæ.
Уазæгæн æ бунат не 'гъдаумæ гæсгæ
Алли рауæн дæр цитгин æй. Фингæн
Æ уæллæй етæ 'рбадунцæ.
Хуæздæр кæрдзинтæ, хуæздæр фунх фидтæ
Они размæ æрæвæрунцæ:
«Еунæгæн абони 'вдæймаг бон æй.
Кæд мард фæццæй æма ин рохсаг,
Рохсаг зæгьетæ!» Æхсар æма Æхсæртæг
Уазгути уæлгъос лæуунцæ.
Хуæздæр хуæрдæ син сæ размæ хæесунцæ,
Фал ци дессаг æй, фал куд дессаг æй!..
Дзол син æрсæттунцæ, 'ма си тог ракæлуй,
Фунх фид син æрæвæрунцæ сæ размæ,
Æма тогæй райдзаг уй.
Фефсæрми унцæ урдугистгутæ дæр:
«Ходуйнаг кæнæн, цитæ хæссетæ
Уазæги размæ! Еу хузæнæн хай
Куд некæми ес?»
Æхсæртæг дзоруй: «Рохсаг зæгъунмæ
Уазгутæн — бæгаэни» Рахæссунцæ 'ма
Дæттунцæ уазгути хестæрмæ бæгæний синон.
Къос æ къохмæ куддæр райсуй,
Отæ зелгæ думгæ æрбацæуй, æма
Тæгæри сифæ къоси астæу ниххауй,
Хори тунæ дæр бæгæниймæ никкæсуй,
Сурх тогæй сирайуй хæрдмæ бæгæни.
Уазæг фæттæрсуй 'ма дзоруй хатиагау
Е 'мбалтæмæ: «Ледзæн ардигæй,
Еунæги кувд нæбæл æрцудæй,
Æ мæлæти бони кувд; ледзæн,
Цалдæнмæ нæбæл æ хæстæгутæ
Нæма рафарс æнцæ»...
Æхсар æмæ Æхсæртæг хатиагау
Дæсни фæунцæ. Фæгъæйт кæнунцæ
Æма Еунæги маргути райахæссунцæ.
Еунæги уæлмæрдæмæ сæ бакæнунцæ
Ни-йин сæ фæлдесунцæ 'ма сæ нивгæрдунцæ æ уæлмæрдбæл.
Еунæг мæгур æй, еунæг мæгур æй!
Еунæг мæгур æй, æ къох цубур æй!..
Æ од минкъий æй, бун бауинаг æй,
Мæргъти астæу дæр еунæг мæгур æй,
Сирдти астæу дæр еунæг мæгур æй.
Фал онæй мæгурдæр дзиллити астæу
Еунæги сæр æй, еунæги од æй!
Еунæг мæгур æй, еунæг мæгур æй.

Радзырдта йæ Зороты Дзамболат. Ныффыста йæ Тугъанты Махарбег, 1901 аз, январь.
ЦИНИИ-йы архив, фольклор 13, папкæ 6, ф. 22—28.


«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru