(вариант) Йеу гъæуи цардæй мæгур зæронд лæг. И лæг рамардæй 'ма йин баизадæй лæхъуæн æма кизгæ. Кизгæ уайтагъд лæгмæ рандæй. Лæхъуæн дæр рацæппо-лæппо æй; хуæрзигурд разиндтæй æма 'й хуцау фонс кæнунбæл фæккодта. Игурд фескъуæнхтæй 'ма æхе хъиамæтæй гъæу исæнтудта, æхуæдæг ба Ханти кизгæ ракурдта. Йеу æхсæвæ мæгур йеунæг иуазæгдони куд хустæй, уотæ йимæ бадзурдæй: — Сæумæ дин сехуар афони дæ уосæ хастæуй, лæги сæр дæ багъудæй, йеунæг! Лæхъуæн фестадæй, тургъæмæ рацудæй, рагъæуæйттæ кодта 'ма некæми неци фæйдта; бацудæй фæстæмæ æма æхе хуссæни куд æруагьта, уотæ ба йимæ нæуæгæй бадзурдæй: — Сехуар афони дæ фиди марæг ами уодзæнæй, йеунæг! Æртиккаг хатт имæ бадзурдæй: — Сехуар афони дæ фиди лимæн дæр ами уодзæнæй! Исхъурдохæн æй мæгур йеунæг; ци 'рдæмæ цудайдæ, кæмæн ци кодтайдæ, уой нæ бал зудта æма æ мадæмæ бацудæй æма æ хабæрттæ уомæн радзурдта. Æ мадæ ба йин загъта: — Дæ фиди марæги дæр, дæ фиди лимæни дæр, хуцауи ку фæндæуа, уæд йесгæми йердзæнæ. Уодесæг æма уосесæгæй ба игъауги-дæр нæ йес, дууæ гъуддаги дæр æмбес æнцæ 'ма дæ сæри гъуддагмæ цо! Йеунæг æ бæхбæл саргъ багæлста 'ма талингитæй Хантæмæ нихъхъæрттæй; къæразгæ бахуаста кизгæмæ, æма йимæ йе дæр ракастæй: — Кизгай, дæ арт цæмæн сайис,—зæгъгæ, 'йимæ дзоруй йеунæг. Кизгæ ба йин загъта: — Æз мæ арт ку сайдтайнæ, уæд дæмæ лæг нæ рарвистайнæ! — Мадта æрахезæ, æз ба дæ хæссон! — Уотемæй нæ рахездзæнæн, фал дæлæ авд надей астæумæ ниццо; мæн ка хæссун, йе дæ фиди марæг дæр æй 'ма мæ уомæй байсæ! Йеунæг ниццудæй авд надей астæумæ 'ма уоми æ бæх бафæсахсæн кодта. Сехуар афони йибæл хан, дууадæс бæхгиней хæтдзæ киндзæ худта, уотемæй æрбацудæй. Мæгур йеунæг сæ хæтдзæ æхе рацæуæг кодта; ханæн æ бæрзæй æрсæрфта æма и бæхæй ратулдæй, æхуæдæг ба ралигъдæй. Хани æмбæлттæ дæр сæ киндзæ фæснад йеу дорбæл фæууагътонцæ æма йеунæги фæсте сæхе рауахтонцæ. Дзæбæх ку рарæнгъæнцæ, уæд æ бæх фездахта фæстæмæ, сæ рахес фæрсти æрба-гъаста 'ма син сæ сæртæ къуæрдтитæ гæнгæ рацудæй, æртиндæсей дæр бафснайдта, сæ бæхтæбæл син сæ тонаутæ бабаста, æ разæй сæ рамбурд кодта; хани кизгæ дæр æ фæсабæрцæмæ æрбайста æма уотемæй æ хæдзарæмæ исцудæй. Йеунæгæн йе 'сцудмæ æ ф'иди лимæн гъастæй рандæй. Йеунæг уой ку базудта, уæд æй сорунтæ райдæдта; баййафта æй; хатуй йимæ, коруй æй, раздæхæ, зæгъгæ, 'ма йимæ нæбал игъуста æ фиди лимæн. Уæдта йин загъта æ фиди лимæнæн: — Кæд дæ фæндуй, уæд мæ фиди мулк дууæ æмбеси бакæнæн, кенæ ба йеу бони фонсæй ке иссердтои, уони райсæ! На-нæ-уа æй ку нæ бал уахта йеунæг, уæд æ фиди лимæн раздахтæй 'ма райста, йеу бони фонсикондæй ке иссердта йеунæг, уони. Йеунæг уотемæй йеци йеу бон æ фиди тог райста, æ фиди лимæн устур хæзнаау багъæуай кодта, æнæзæрдæхудтæй æй рарвиста, æмæ уосæ дæр æрхудта. Ци рацудæй, хуцау æхуæдæг зонуй, уæдта йеунæг фунтæ фæйдта: авд берæгъи сæгъæ раскъафтонцæ 'ма сæ цума йе ба расурдта, авдей дæр рамардта; æвдæймаги куд æстъихта, уотæ ба æ фарсæй фæтътъифстæй; уæдта цума æртæ богъай сæ ксгъоги æмбухта, уотæ; æртæ æхсинæги ба кæрæдзей тундтонцæ. йеунæг æ фуитæ æ мадæн радзурдта 'ма йин йе ба загъта: — А гъæуи кизгæ раскъавдæ уодзæнæй, ду ба фæдесæй рараз-дæр уодзæнæ; авд рамардзæнæ; æвдæймаг куд фест кæнай, уотæ ба бийде расхъеудзæнæй, дæ фарсбæл исæмбæлдзæнæй 'ма уомæй дæ адзал уодзæнæй. Æртæ богъай ба æнцæ де 'ртæ æнгари. Йетæ ба дæбæл 'богъ-богъæ'й кæудзæнаэнцæ. Æртæ æхсинæги ба æз, дæ мадæ, дæ уосæ æма дæ йеунæг хуæрæ — маха нæхе тондзинан, æндæра ци казндзинан? Уотæ рæхги ба авд абæреги гъæумæ фæллæбурдта. Абæрегтæ йеу кизгæ раскъафтонцæ. Гъæуфаэдеси разæй йеунæг фæцæй; авдей дæр рамардта; æхсæзей тонаутæ си рафснайдта; æвдæймагмæ куд бацудæй æма ниллæудтæй, уотæ ба æ фун æ зæрди æрбафтудæй æма ниллæудтæй, нæ бал имæ æндиудта. Кизгæ ниххудтæй 'ма дзоруй йеунæгмæ: — Се' гасæй син ку нæ фæттарстæ, уæд мардæй ба куд тæрсис? Йеунæг уæд æхебæл æрхудтæй; кизги æфхуæрд æ сæрмæ нæбал æрхаста æма бацудæй мардмæ; æ къандзол ин исрæдуфта; уордæгæй бийде фесхъиудтæй æма йеунæги фарсбæл исæмбалдæй. Уотемæй йеунæги æ фун æриййафта; æ хæдзарæмæ ма уодæгасæй æрхъæрттæй, уæдта æ дуйнейæй рахецæн æй.
Радзырдта йæ Кертибиты Кертиби, Мæхческ. Ныффыста йæ Гарданты Михал. «Памятники народного творчества осетин», вып. II, ф. 87—88.
«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |