поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
9. ХЪАНШАУБИЙ ÆЛДАРИ ДЗУБАНДИ
Автор: 00mN1ck / 5 ноября 2007 / Категория: Хицан кадджытæ
Дзансохъ æма Хъаншаубий райстонцæ Хадохчихъотæ сæхецæн йенчегæн. Дзансохъ хестæр æнсувæр адтæй. Уосгор ку ссæй, уæд ин йе схæссæг мадæ дзагъта: — Бийнонтæ байагорæ, Дзансохъ, афонæ дин иссæй.
Рабадтæй бæхбæл, Хадохчихъотæй æ хæццæ — йе 'мгарæ лæхъуæнтæ, æма рандæнцæ уосгор æндаг гъæумæ. Фæххаттæнцæ. Не 'сшердта Дзансохъ æхецæн бийнонтæ æзæрдæмæ цæугæ. Æрæздагътæнцæ. Иеу гъæумæ æрхъæрттæнцæ. Гъæуи дони найæнбæл æрбахистæнцæ 'ма "гъæуи дони кизгуттæ æртайгæ фæууидтонцæ. И кизгуттæ фæттарстæнцæ: знаги рæстæг адтæй, — сæ хъæппæлтæ раскъæфтонцæ, æведауцæ ралигъдæнцæ. Йеу ба æ сæрмæ не 'рхаста, 'ма дони йеуфарсæрдæмæ æхе байаууон кодта 'ма не 'шистадæй. Дзансохъ дзагъта: — Ачи, ка байзадæй, йечи кижгæ кенæ фур гъæлайæй, кенæ фур зундгинæй не шистадæй. Нур ба сумах цотæ, æз ба цалинмæ ачи шилæстæги бæрæг базонон, уæдмæ некумæ фæццæудзæнæн.
Дзансохъ раздагъдæй. Æссудæй дони билæмæ. Дони билæбæл йеу æстур дор адтæй 'ма и кизгæн æ хъæппæлтæ уой аууонмæ бахаста. Æхуæдæкка æхе йеуварсмæ раласта, цæмæй и кизгæ хъæппæлтæ æскодтайдæ, уомæн.
Шилгоймаг уæд, уойасæ æзнаг лæг кена 'дтæй, уой базудта. Фестадæй Дори аууæнтти 'ма æ хъæппæлтæ æскодта. И шилæстæг ка 'дтæй, йе хундтæй Гуæшазгъа. Цæветтонгæ æгириддæр неке фæууидта, уотæ, æ хъæппæлтæ конд ку фæццæй, уæд ранæхстдæрæй 'ма фæцæ'уй сæ хæдзарæмæ. Дзансохъ уæд æ бæхбæл рабадтæй, фæццæуй æ горæй-гормæ, ачи шилистæг кумæ цæуй, уордæмæ мин æнæ цæун амал нæййес, зæгъгæ. Бацæмæ фусун кодта уæд Дзансохъ йеци хæдзарæмæ.— Уе зæртæ хуарз, дзæгъгæ. — Æгассо, рахæстæг уо, хуарз иуазæг, дзæгъгæй, æрфестæг кодтонцæ. Се уазæгдонæмæ 'й бахудтонцæ.
Йечи бон æй байуазæг кодтонцæ. Дуккаг бон дæр æй байуазæг кодтонцæ, æртиккаг бон дæр æй байуазæг кодтонцæ; къуæрей уалдæнгæ уонæмæ фæццæй. Нæ й бафарстонцæ къуæрей уалдæнги, зæгъгæ, ка дæ, чи дæ, чи дæ гъæуй. Йе дæр нæ радзахта ка æй, чи æй, чя æй гъæуй. Йеци замани уæд не 'нгъистæй къуæрей уалдæнги уой дзæгъун. Уой фæште æй бафарстонцæ: — Иуазæг, чи дæ фæндуй, чи агори, кæцæй дæ? дзæгъгæ. — Æз дæн йечи 'рдигон, æз дæн бийнонтæ агор мæхецæн, сумахмæ æрбацудтæн сæри гъуддаги.
— Махмæ нæййе мадта дæу аккаг, абони мах ке радтæн, уæхæн. Сувæллон нæмæ йес, афонæ ин нæма 'й, 'ма не суодзæнæй дæ гъуддаг.
— Æз уин дзурд дæттун, сумах куд багъæуай кæнджинайтæ йечи сувæллони, уотæ 'й ке багъæуай кæндзæнæн æз, цалдæн исбайлæгъ уа, уæдмæ. Æ гъуддагутæмæ ин ку 'ркастæнцæ, уæд сæ зæрдæмæ бацудæй гъуддаг ка 'дтæй, йейæ 'ма исарази æнцæ. Йедæр син равардта федардзийнадæ.—Æз æй абони хæсгæ кæнун, аци фæдбæл ралух кæнæн нæ гъуддаг, 'ма куд рандæ уæн, куд æй фæххæссон, уотæ.
Райста сувæллони Дзансохъ. Æрæйхаста йе схæссæг мадæмæ Гуæшæгъай рæсугъди. Йе схæссæг мадæндзахта: — Ме схæссæг мадæ, æрхастон æз мæнæ уой мæхецæн, амæнатæй багъæуай кæнунмæ фондз анжей уалдæнгæ, мæхецæн бийнонтæн.
Дууæ анжи йибæл ку рацудæй, уæд дзахта йе схæссæг мадæ: «Нур нæ рæвдзитæ кæнун гъæуй нæ гъуддаги туххæй». Гуæшæгъай рæсугъди йе схæссæг мадæ нæ фæууинун кодта лæхъуæнæн дууæ анжей уалæнгæ. Дууæ анжей фæстей уæд рамардæй Дзалсохъ.
Схæсеæг мадæ уæд кижги хæссун байдæдта уой фæштей дæр. Æртæ амжи ку 'рхъæрдтæй, уæд иеунаффæ кодтонцæ Хадохчихъотæ, маха Хъаншаубийæн исаккаг кæнæн Гуæшæгъай рæсугъди.
Æ 'фæндзæймаг анж ку 'рхъæрттæй, уæди уалдæнги сау бадардта Хъаншаубий æлдар йе 'нсувæрбæл. Уæд гъæуи йеу рауæн киндзæ æрхудтонцæ 'ма дзахтонцæ Хъаншаубий æлдарæн: — Фæццо, гæшæхха, бакаэсæ, 'ма дæ зæрдæмæ кæд йешке бацæудзæнæй, уæд равзарæ.
Йе 'нгарæ лæхъуæнти хæццæ æхе æсрæвдзæ кодта Хъаншаубий æлдар гьаштмæ. Гуæшæгъа'й рæсугъди дæр гъе уæд рарæвдзæ кодтонцæ ма 'й æндæр надбæл рарвистонцæ гъастмæ.
Хъаншаубий æлдар гъашти рæнгъæбæл лæууй. Æ фæрстæмæ лæуунцæ лæхъуæнтæ. «Æлдар гъаштмæ æрцудæй, ке хæцщæ ракафдзæнæй», — дзæгъгæ, адæн сатыæс кодтонцæ. — «Мæнæ иуазæг кижгæ гъаштмæ æр'цудæй, 'ма йе, æвæджи, æлдари кижтæ й», — дзæгъгæ, 'ма уой рахудтонцæ. Хъаншаубий æлдар гъашти утупмæ ку рацудæй, уæд Гуæшæгъа'й дæр рахудтонцæ гъашти утугмæ, 'ма йеумæ ракафтонцæ. Йе дæр 'йеци кавдæй фæстæмæ неци ракодта, шилæстæг дзэр. Шилæстæг дæр æссудæй сæ хæдзармæ æхе надбæл, нæлæстæг дæр æссудæй, æма кæрæджей нæ бафæсмардтонцæ. Бафарстовцæ Хъаншаубий æлдари, дæ зæрдæмæ ка бацудæй, куд бацудæй, дзæгъгæ.—Йеу кижгæ ши адтæй, 'ма мин уой ракорджи айтæ, кæд мин бийнонтæ корайтæ, уæд. И кижги дæр уогæ бафарстонцæ: — Дæ зæрдæмæ йешке бацудæй? Йе дæр уотæ: — Мæ зæрдæмæ бацудæй, ке хæццæ ракафтон, ечи лæхъуæн. Идардмæ цæун сæнæгъудæй. Идууæ дæр сæхемæ адтæнцæ. Сæ фондз анжей рæвдзæ райгон кодтонцæ. Æрæжудтонцæ Хъаншаубий 'æлдарæн Гуæшæгъай рæсугъди. Йечи жамани æгъдаумæ гæсгæ Хъаншаубий афæй балчи цæунмæ æхе исрæвдзæ кодта. Гуææгъай рæсугъди ниууагъта æ мæйи бони. Афæджи бон ку 'рхæстæг æй, уæд исæнтæстæй Гуæшæгъайæн дууæ биччеуи — Хъаз æма Хъанте.
Афæджи кæрони дуу 'авдæни уæлшерамæ рахæшидæ, 'ма æ дууæ къахемæй дуу 'авдæни узта, æхуæдтæгка æнгъæл кастæй æ цæуæги æсхъæртунмæ. Æ афæджи 'бон ку 'рхъæрттæи, уæд Хъаншаубий æлдар æрбажилдæй æма æруидта Гуæшæгъай рæсугъди æ авари уæлшери дуу 'авдæни æ къахæй уозгæ 'ма цæуæг мæ йе 'нгæс даргæ. Фелвæстæй Хъаншаубюй æлдар. Уæд фæггурусхæ й Хъаншаубий æлдар. Лæгъуз нет искодта: а куд дессаг æй, мæнбæл мæйæй æндæр ку нæ рацудæй, уæд æй сувæллæнтти хæццæ цæмæ исæййафтон, æвæджи мæн бийнойнат нæб,ал æй. Хъæбæр жинæй ма тургъæмæ æрбацудæй. Æ бæхæй æрфестæг æй. Бæх бæхбæттæнбæл багæлста. Иуазæгдонæмæ бацудæй æма хуссæнбæл æхе багæлста.
Гуæшæгъа фæккастæй, уæдта фестадæй: «А куд деосаг æй, мæ хæдзарæмæ куд не 'рбацудæй!» — 'ма имæ иуазæгдонæмæ бацудæй, кæд, дзæгъгæ, сæйгæ йешти кæнуй. — Чи кæни, йешти ди рессуй, чи кæнис, анн 'авармæ цæмæннæ æрбанудтæ? Нечи имæ исдзурдта æлдар. Æвæццæгæн æй базудта Гуæшæгъа дæр 'ма йе схæрсæг мадæмæ рарвиста:—Уæ цæуæг æрцудæй æма имæ æрбакæшетæ, дзæгъгæ. Муккаги лæхъуæнтæ æрбакалдæнцæ, чийнæгæнгæ. Фазйимæ медæг æнцæ иуазæгдонæмæ, æма сæмæ нæ дзоруй. йе схæрсæг мадæ дæр уæд.дессагмæ æрбахъæрттæй. фæрсунцæ й, фал дзуалп некæмæн дæттуй. Уæдта имæ йе схæрсæг мадæ æрлæудтæй: — Æз дæуæн мæ къохæй ке равардтон йе дин хæран уодзæнæй, ду чи кæни,!уой ку нæ радзæгъай, уæд. — Мæ мадæ, — дзæгъгæ, фестадæй, — цогæ ду, æз дзæгъдзæкæн мæ гъуддаг, мæнæ амп ка 'й, 'йечи лæппотæн. Рацудæй и мадæ. Фестадæй лæг æма дзагъта уæд: — Æз æсгурусхæ дæн мæ бийнойнагбæл йешке фиддзарæй. Гуæшæгъамæ фæхабар кодтонцæ. Гуæшæгъа æрбацудæй. Гъе уæд Гуæшæгъа дзахта: — Кæд мæнбæл йешке фиддзар банбалдæй, дæу фиддзарæй æндæр, уæд шилæстæгæн йес гæлæхха нез, 'ма мæ хуцау уой буни фæккæнæд. На ма кæд мæ раст уод мин дзæгъæли хæран кæнис, уæдта ду дæ хуцауи хæццæ æндæуогъ исо. Уæд Хъаншаубий æлдарæн æ зæрдæ æрæнцойнæй, æма куд идард балчи адтæй, уомæ гæсгæ рацудæй йе 'схуæрсгутæмæ чийнæ кæнунмæ, кафунмæ, игъæлдзæг кæнунмæ, ниуазувмæ. Йеубон дæр, дууæ бони дæр мийнаеæ фæккодта, æртиккаг бонæ ка 'дтæй, уоми йе схæрсæг мадæмæ бацудæй. Йесхæрсæг мадæ ба ин йе сеудмæ ниуæшти дзæбæхтæ исрæвдзæ кодта, 'ма æртиккаг ниуазæн ку баниуаста, уæдта æ закъæ æрсæрфта 'ма æ закъæ æ къохи байзадæй. Иннæ ниуазæн иеишта 'ма æ бецъо æрсæрфта 'ма æ къохи байзадæй. Æллах, и гиаур налат шили æлгъистæ мæ насау никкарста,—'ма фестадæй йечи фæдбæл уордæги. Æрбацудæй æ хæдзарæмæ. Æ бæх бангæнттæ кодта. Æхе барæвдзæ кодта. Æ сау саулохбæл рабадтæй 'ма æхе райста уордæги. Идард бæстæмæ рацудæй. Уæд йеу гъæуи астæу урдугмæ рацудæй, сæрддон бони уорс б.аслæхъæй æ сæр баст, уотемæй Хъаншаубий æлдар. Æртæ шили йеу рауæн тургъи бадунцæ æмæ дес кæнунцæ: «Айæ циуавæр бæхгин уа, сæрддон бони æ сæр баслæхъæй æнгом ка батухта йе?!» Сæ йеу дзахта: «Айæ Хъаншаубий æлдар ку уа, уæд æй æз базондзæнæн», дзæгъгæ, 'ма æ фæсте ракастæй, нивтæ ибæл ракарета, ма 'й базудтонцæ, Хъаншаубий ке 'й, уой. Æртиккаг шилæстæг дзахта, мадта уомæн æз æ бæрæг никкидæр хуæздæр базовдзæнæн, дзæгъгæ 'ада тургътæбæл урдугмæ рацудæй, æ над ин цæхгæрмæ равгарста 'ма ин æ надбæл фæллæудтæй.
Æ надмæ ку лæудтæй шилæстæг, уæд Хъаншаубий æлдар æрхъæрттæй 'ма ин дзахта: — «Дæ бон хуарз, хуарз шилæстæг!»
— Ке бон æй, уой хуарзæнхæ дæ фæууæд, Хъаншаубий æлдари хузæн мæмæ кæсис?
— Хъаншаубий æлдар дæн æз.
— Мадта дин нæ акюаг кодтон сæрддон бони уоре баслæкъæй дæ сæр исбæттун, 'ма чи кæнис, Хъаншаубий æлдар?
— Хъæбæр лæгъуз æй мæ гъуддаг, ауæхæн нез мæбæл ражиндтæй æма мæ сæр райстон. Кенæ фесæфдзæнæн, кенæдта хуаеæбæл исæнбæлдзæнæн.
— Рахæстæг уо мадта, Хъаншаубий æлдар. Бауолæфдзæнæ, йеу дон баниуаздзæнæ. Кæд нæ бон йешти исуа, уæд дин йести байамондзинан.
Рахæстæг æ'й Хъаншаубий æлдар. Гъе уæд ин шилистæг дзахта: «Хъаншаубий æлдар, кæд мин сæрихецауæн ниллæудзæнæ, уæд дæ дзæбæх ба æз æскæндзæнæн». Уод аккин æй. Зæрдæ ин байвардта, федардзийиадæ ин равардта, ниллæудзæнæн, зæгъгæ. Ра'йбæл цудæй мæйтæ, бæнттæ. Æ закъæ, æ рехæ фæстæмæ цæун байдæдта. Æхуæдæкка мæтъæл кæнун баидæдта бонæй-бонмæ. Уæд æй бафарета: «Чи кæни, Хъаншаубий æлдар, кæд дæ еабинтæ дæ зæрди æфтуйунцæ, уæд фæццо, фæссæуинæ. Каэд гæнæн нæ уа, уæд сæ хæстæ дæр ракæнæ. Фал ку не 'рцæуай, уæдта дæбæл и нез фæстæмæ ражиндзæнæй, йеугур дзæбæх нæ дæ». Хъаншаубий æлдар æ хæдзарæмæ гъе уæд æссудæй. Ниччийнæй Гуæшæгъа, æ дууæ сувæллони дæр æ хæццæ, уотемæй. Æлда'рæн лæвæрд адтæй æртæ мæйи æнгъуд. Æртæ мæйей фæште ба ма ибæл рацудæй мæйæ 'ма ибæл разиндтæй фæстæмæ æ нез. Гæнæн ин ку нæбал адтæй, уæд амæлттæ кæнун байдæдта, æхебæл унаффæ кæнун байдæдта Хъаншаубий æлдар. Æ дууæ сувæллони æ хæццæ райсуни, сосæккити радавуни, Гуæшæгъа'й ба ниууадзуни фæндæ искодта. «Мадта чи амалæй мæ бийнонтæй мæ зæрдæ фæххæтдзæнæй»,—дзæгъгæ, уæхæн фæндæ гъуди кæнун байдаздта.—«Чи хужи æведауцæй æй фæууинон», дзæгъгæ, уæхæн нет æокодта. Хуæздæр амал ин несшердта, дзахта ин: «Мæнæ уæллаг авармæ бацо, 'ма æнæхъæппæлтæй мæнмæ æрцо», дзæгъгæ. Шилæстæгæй зундгин шилæстæг адтæй Гуæшæгъа, 'ма æхъæппæлтæ раласта, æ джиккотæ ба йе шкъелтæмæ адтæнцæ, бæхи думæгæй даргъдæр, 'ма уони размæ æрбагæлста, кæдзос æхе рамбарста æцæсгони жилдæй уæлдай, уотемæй имæ æрцудæй, 'ма бунтойдæр æ зæрди ниххиетæй и адгинджийнадæ. Хуæздæр амал ку нæбал исшердта, уæдта ин загъта: «Цогæ фæстæмæ», дзæгъгæ. йе усхъæ ку ражилдæй, уæдта æ джиккотæ фæстæмæ рагæлста, 'ма æ фæстаг рамбарста, уотемæй рандæй, 'ма бунтондæр Хъаншаубий æлдарæн æ зæрдæ басастæй йечи фæндагбæл. Уæддæр ин гæнæн нæбал адтæй æнæ цæун Хъаишаубий æлдарæн. Йе схæегутæ ка 'й, уонæ-мæ фæвнистауæн кодта, 'ма шин дзагъта: «Мæнæн æнæ цæун нæбал йе, ме сæвди фæндагбæл дæн æз, 'ма мæ сабийтæ ка 'й, йетæ мæ къохи цæмæй бафтуйуонцæ, уой мин бакæнтæ». «Чи дæ фаэндуй?» дзæгъгæй, бафарстонцæ. — «Тачанкæ бæхдзорæги хæццæ, ахоæви ку раталингæ уа, уæд æндæколдуар куд лæууа, уотæ. Колдуар ба мин игон уадзджинайтæ, ма æндæмæ ку рацæуон, уæдта колдуар куд нихгæяа'йтæ, уотæ».
Ниххустæнцæ æхсæвæ, æнæсагъæс цæветтонгæ адтæнцæ, уотæ Хъамшаубий æма Гуæшæгъа сæ сабийти хæццæ. Æхсæвæ йеу афони Хъаншаубий æлдар фестадæй, Гуæшæгъа ку ниффунæй æй, уæд. Хъаз æма Хъамтей æшисяа 'ма сæ рахаста тачанкæмæ æма фæццæуй абони дæр ма, æ фæште ин колдуар нихгæдтонцæ. Æхсæвæ йеу афони Гуæшæгъа æригъалæй 'ма æ фæрстæмæ æ дууæ сувæллони ка 'й, уони райагурдта, фал сæ нæбал æешердта. Нийахах кодта Гуæшæгъа. Уæд фæггæпп ласта дама æ хъæппæлтæ ракодта. Нижжелæнтæ кодта Хадохчихъоти устур тургъи æма неке раирдта, Тачанкæ уоми ку нæбал æсшердта, уæд æй базудта, чи ибæл æрцудæй, уой. Хадохчихъоти устур колдуармæ бæргæ рауадæй, æма 'й уойдæр æрхуйæй ку иссердта. Гъе уæд нигъгъа'рæнгæ кодта Гуæшæгъа: «Хадохчихъоти' устур тургъæ, йеунæг колдуарæй уæлдай ма скæнайтæ мæ тæрегъæдæй. Мæн тæрегъæдæй дууæ колдуари макæд искæнайтæ. Йеуæй-йеумæ фæццæрайтæ мæ тæрегъæдæй. Фæсбестауи будур, цæуæгæй ма сцох уай. Мæнæ устур муккаг, Хадохчихъоти устур тургъæ, мæ тæрегъæдæй кæуæгæй ма сцох уай. Дессаг, дессаг, ауæхæн дессаг куы некæд фæууидтон. Шилæстæгбæл хъадама ниввæргæ ба нур ку фæууидтон». Ку 'рбонæй, уæд Хадохчихъоти устур колдуар ин райгон кодтонцæ. Хадохчихъоти устур бæрзæндтæй Терк æрдæмæ уæд ниффæлгæштитæ кодта: «Мæ тæрегъæдæй уæртæ Терки билтæ цагъанай шиндзæй байзайайтæ, йеу цæуæг дæр уи ку некæми йес. Дессаг, дессаг, тьуачъи будуртæ, мæ тæрегъæдæй кокон шиндзæй байзайайтæ, йеу фецауæгдæр уи ку некæми йес». Æ дууæ думæггаги æ астæубæл уæд бабаста, Терки билæмæ уæд бавгарста. Терк.и билтæбæл урдугмæ уæд рацудæй. Адæм цæуæг ку нæ уинуй. Балхъи билтæбæл фæстæмæйе кусжилдæй. Дзæллихъой думæгмæ йе ку схъæрттæй. Æдонугæй уæд батухстæй: «Тæходуй, тæходуй, мæнæ зæнхæ, дон дæр ди ку нæбал йес». Æ къахи шкъелæй зæнхæ уæд ниццафта. Æ къахи шкъелæй зæнхæ ку фæхъхъулуф кодта. Йечи æ къахи цæфи æмбæрцæ сауæдон уордæики уæд ку суадæй. Гуæшæгъай сауæдонæй йе æхе уæд бафсаста. Æке уæд рауагъта. Дуйнейæи уæд æсцох æй Гуæшæгъа.

Радзырдта йæ Цæрикъати Солтан Хаджибари фырт, 9 июль, 1956 аз, Озрек.
Ныффыста йæ Цагъаты Анастаси.
ЦИНИИ-йы архив, фольклор № 175, папкæ 44, ф. 29—39.


«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru