|
|
Царциаты сæфт |
Автор: 00mN1ck / 15 октября 2009 / Категория: Царциаты таурагъта |
Царциатæ ахæм рауадысты æмæ нал Хуыцауы зыдтой, нал дзуарæн куывтой, сæхиуыл фæхæцыдысты. Никæмæн баргæ кодтой, никæй нымайгæ кодтой. Хуыцау сæм æрырвыста: - Цы кæнут, Царциатæ, цæмæн фæдæх хæссут, æвиу уын æрхъуыдыйы аккаг дæр нал дæн? Царциатæ загътой: - Мах нæхицæн Хуыцау дæр стæм, мах нæхицæн æппæт дæр стæм, бирæ хорздзинадæй нын хай ницы бакодтат, уæ хорздзинады тæххæй махæй дывæр хорздзинад фæхъæуы. Искуы нын уæхи иу хатт уæддæр куы равдисиккат. |
Хана |
Автор: 00mN1ck / 15 октября 2009 / Категория: Царциаты таурагъта |
Нарты цæуæтæй иу, Чырдæмха йæ ном, хорз хæцæг, хъæбатыр лæг уыдис æмæ æфсæдтимæ хистæрæй æрвыст уыдис, æддагон адæмтæм цы æфсæдтæ æххуырстæй ацыдысты, уыдонимæ йæ Хæмыц арвыста хистæрæй. Чæрдæмхайæн баззадис ус Хана. Хана бакасти æмæ йæ бамбæрста, Ирыстон кæй сæфы, Хæмыц æмæ Сырдон уыйас бирæ кæрæдзиимæ кæй хæцынц, уый фыдæй. |
Басыл æмæ Олгъа |
Автор: 00mN1ck / 15 октября 2009 / Категория: Царциаты таурагъта |
Нарты фæсивæдæй иу усæн райгуырдис лæппу. Уыцы усæн мой нæ уыдис. Ацы рæстæджы, Гуыдары хистæрдзинады рæстæджы, уыдис иу ус, йæ ном Тæраз. Алы фисынæй йæм цыдысты, фарстой йæ зонд. Кæд дæсны нæ уыдис Тæраз, уæддæр алцыппæт дæр хорз амыдта. Тæразмæ бацыдис уыцы ус æмæ йын загъта: - Нарты цотæй иу лæг мын тыхми бакодта æмæ мын лæппу райгуырдис. Нæдæр мæ фæнды дзæппазы бахауын, нæдæр мæ фæнды мæ лæппуйы амарон. Дæумæ æрбацыдтæн. Цы мын баххуыс кæндзынæ, цы мын бацамондзынæ? |
Ирон |
Автор: 00mN1ck / 14 октября 2009 / Категория: Царциаты таурагъта |
Къаукъазæн лæппу райгуырдис, кæцыйæн йæ ном схуыдта Ирон. Цыдæриддæр уыдысты къæлæтджынтæ, уæлæсинтæ, дæлæсинтæ, алкæмæн загъта: - Абонæй фæстæмæ не ‘гъдæуттыл чи цæуа, уый хуындзæнис ирон æмæ иуыл хондзысты сæхи мæ лæппутæ иронтæ, куыд Нартийы цот. Уый ус Нарти хуындис. Рацыдис та рæстæг æмæ Къаукъазæн райгуырдис дыккаг лæппу дæр, кæцыйæн радта ном Къив. |
Царциатæ |
Автор: 00mN1ck / 14 октября 2009 / Категория: Царциаты таурагъта |
Æз уын радзурдзынæн кадæг ирон адæмы фæзынды æмæ нарты фыдбылызты тыххæй. Раджы æмæ раджы, иттæг раджы уыдис ахæм адæм, æмæ сæ ном хуынди Царциатæ. Абон дæр ма æмбисондæн баззадис ирон адæмы æхсæн Царциаты æмбисæндтæ, сæ фесæфт, ирон адæмы фæзынд æмæ сæ фыдæбæттæ. Царциатæ уыдысты бирæ адæм, фондз сæдæ мин хатты минтæм æххæстысты. Хуры скæсæнæй йæ ныгуылæнмæ, йæ рахис фарс æмæ йæ галиу фарс – иудадзыг уыдис Царциаты къухы æмæ дзы Царциатæ цардысты. Зæххы тымбылæн йæ хуыздæр чи уыдис, уый уыди Царциаты къухы. Уыдон ныууагътой нæмттæ дæр. Стыр дæттæ абон дæр ма уыдоны номыл сты, Царциатæ цы нæмттæ радтой, уыдон хæссынц абон дæр ма стæмтæй фæстæмæ. |
Царциатæ Мысырмæ куыд цыдысты |
Автор: 00mN1ck / 11 октября 2009 / Категория: Царциаты таурагъта |
Царциатыл Хуыцау рахатт æмæ сæ уæлæмæ сыстын дæр нал уагъта. Сæ хуыссæнты хуыссыдысты æмæ хъæрзыдтой. Къуыри æртæ боны æнæниз уыдысты, цыппар боны рынчын кодтой. Нартæ сæм арæх цыдысты æмæ дзырдтой: - Тæригъæд сты мæлынæн, исты хос сын хъæуы. Нартæ фервыстой алырдæм, чи цы хос зоны Царциатæн, уый йæ зæгъæд, Нартæй айсдзæни стыр лæвар. Ничи йæ ныфс бахаста. |
Маммийы райгуырд |
Автор: 00mN1ck / 11 октября 2009 / Категория: Царциаты таурагъта |
Уæд дын дæлимонты чызг сагъуыди Царциатæм цæуын æмæ сæ мæстæй мардта. Ахуы-иу æй фæсырдта, фæлæ-иу Ахуыйы тынгдæр мæстæй марын райдыдта: куы йæм йе ‘взаг æрластаид, куы йæ хъыг дардтаид, æмæ йын æнцой нæ лæвæрдта. Иуахæмы та фæзынди дæлимонты чызг, бæласы бын слæууыди æмæ кæсы Ахуымæ. Бæласы сæр бадти иу сих æмæ чызгмæ дзуры: - Цавæр каст кæныс Царциатæм? - Ахуыйы уарзын æмæ мæм нæ кæсы. |
Хæтгар æмæ йæ фырттæ |
Автор: 00mN1ck / 6 октября 2009 / Категория: Царциаты таурагъта |
Хæтгар Царциатæй уыди, иу бон цуаны ацыди æмæ фехста саг. Саг коммæ ныттылди, Хæтгар дæр йæ фæстæ æрцыди. Йæхицæн скодта физонæг æмæ хæрыныл æрбадти. Хæтгар фæстаг комыдзаг куы кодта, уæд æм ныхъхъæрчындæуыди: - Хæтгар, ма бахæр уыцы хайы! |
Царциаты сыхтæ |
Автор: 00mN1ck / 4 октября 2009 / Категория: Царциаты таурагъта |
Æртæ гуымиры хо, Ахуыйы ус, зæгъы йæ фыртæн иу бон: - Нæ цæрæнбыууæттæ фондз æрдыгæй ис æсхизæн. Ныр лæгтæ дæр стут æмæ фондз раны æрбынат кæнут. Фыдбылыз уæм кæцырдыгæй цæуа, уый-иу зондзыстут æмæ уын тыхгæнæг тых нæ фæраздзæни. |
Царциатæ æмæ уæйгуытæ |
Автор: 00mN1ck / 3 октября 2009 / Категория: Царциаты таурагъта |
Царциаты сыхы райгуырди æрдхæрæны рæсугъд чызг. Чызг та ахæм уыди, æмæ йæ цæстытæй æртытæ сыгъди, йæ дæллагхъуырты лæг йæхи уыдта, йæ цæсгомы рухсмæ хур ныгуылгæ кодта. Чызг хуынди Нагъуыллæ. Хъомыл кодта чызг, æмæ ахæм рауади: чыззыты рæсугъдтыл уымæн абарæн нæ уыди, се ‘хсон стъалыйау æрттивгæ кодта. |
Ахуыйы фырттæн лæвæрттæ |
Автор: 00mN1ck / 2 октября 2009 / Категория: Царциаты таурагъта |
Ахуы æмæ йæ фырттæ иуахæмы рацæуынц иумæ. Амбæлынц сыл зæронд лæг, зæронд ус, æрыгон лæг, æрыгон ус æмæ бæгънæг лæппу. Ахуы йæ мидзæрдæйы дзуры: - Уæх-хай, адон хуызæн адæм ма кæддæр федтон. |
Ахуыйы хъæзтытæ |
Автор: 00mN1ck / 27 сентября 2009 / Категория: Царциаты таурагъта |
Ахуы сидзæр уыдис æмæ Царциатæй уыдис. Фыдфыдуаг рацыдис æмæ йын макæ зæгъæг нæ уыди. Раз тагъд кодта. Иухатт сфæнд кодта, зæгъгæ, мæм цас тых ис, уый базонын. |
Цæрцойы кадæг |
Автор: 00mN1ck / 25 сентября 2009 / Категория: Царциаты таурагъта |
Уæд та дын иуахæмы Цæрцо зилынтæ систа скæнгæ зæххыл. Иу хохрæбын фæцæуы æмæ арв ферттывта, æрбасæста, ныннæрыд, бæстæ ныкъкъæс-кæъс кодта. Цæрцо айнæгмæ йæхи нылхъывта æмæ йæ размæ æрхауди уæларвон тымбыл дур. Уый афтæ тæвд уыди, æмæ йæм февналæн нæ уыди. Дзала æмæ цъæнут кæрдæг йæ тæвдæй ссыгъдысты, зæххыл арт сирвæзти. Сырдæй, маргъæй лидзынмæ фесты, артæй тарстысты, фæлæ сæ арт кæй кæм æййæфта, уым сæ физонæг кодта. |
Царциаты равзæрд |
Автор: 00mN1ck / 24 сентября 2009 / Категория: Царциаты таурагъта |
Уæд иу ахæм арвы дуар фегом вæййы, уарын райдайы æмæ къæвда къæрта кæлæгау ныккæлы, арвы тыгъдадыл цыхцырæгтæ равзæрди. Уый Хуыцау йе ‘мвынгонтимæ бадти æмæ кæй ныуæзтой, иннæйы калдтой. Хуыцауы фынгыл бадтысты зæдтæ æмæ дауджытæ æмæ уыдоны æмбæлттæ. Уым уыдысты Хур æмæ Мæй дæр, фæлæ расыгæй Хуыцауы хонгæ уæвджытæ æрра митæ куы кодтой, уæд уыдон фæтæргай сты æмæ сæхи райстой. Уæды заманы æхсæв æмæ бон нæ уыдысты. Иугæндзон рухс уыди дуне. Хур æмæ Мæй радыгай тавтой зæдты, дауджыты, уыдоны æмбæлтты. |
|
|
Информация |
|
Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее... |
|
Опрос |
|
Готовится публикация большого количества текстов народного творчества на осетинском языке - какой вариант размещения, на Ваш взгляд, лучший? |
|
|