поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Ахуыйы хъæзтытæ
Автор: 00mN1ck / 27 сентября 2009 / Категория: Царциаты таурагъта
Ахуы сидзæр уыдис æмæ Царциатæй уыдис. Фыдфыдуаг рацыдис æмæ йын макæ зæгъæг нæ уыди. Раз тагъд кодта. Иухатт сфæнд кодта, зæгъгæ, мæм цас тых ис, уый базонын. Йæ хо Нагъуыллæйæн зæгъы:
- Æз мæ тыхтæ хъуамæ базонон.
Йæ хо дзуры:
- Ма ацу, ам иунæгæй цы аразын.
- Цæмæй тæрсыс, кæд дæм исты тас цæуа, уæд-иу рындзыл хæргæ сындзытæй арт скæн. Æз сæ сæ тæфæй базондзынæн æмæ дæм зындзынæн.
Ахуы ахысти, иу суангыл æссæуы, рагъыл бахизы, иннæ суангмæ бафты, стæй та, кæм коммæ, кæм фæзмæ афты. Бирæ фæцыдис æмæ суадоны раз æрбадти. Кæсы æмæ æртæ гуымир уæйыджы æрбацæуы. Сæ цæнгтæ аххæрджыты стæвдæн, сæ дзых куы схæлиу кæнынц, уæд цыма къутутæ сты, раст афтæ фæзынынц. Æртæ гуымир уæйыджы зæгъынц:
- Цæй, ахъазæм
Сразы сты.
Сæ иу дур хæрдмæ фехста, йæ сæр йæм бадардта æмæ дур фæстæмæ ратахт, гуымир уæйыджы сæрыл сæмбæлыди æмæ фæйнæрдæм хуыртæй акалди.
Дыккаг гуымир уæйыг йæ къух саггомæй бæласы цæнгтыл фидар ныххæцыди æмæ йæ æд уидæгтæ стыдта, зæххыл æй фæкодта æмæ схъисгай ныппырхи.
Æртыккаг гуымир уæйыг, доны йæ цонг нытътъыста, йæ комы тæф æм бауагъта, цонгыл авд ивазыны бæрц их схæцыди, уыцы ихы стыдта, цонг дуртыл ныццавта æмæ ихтæ къæртгай фæйнæрдæм фæтахтысты.
Ахуымæ диссаг фæкастысты æртæ гуымир уæйыджы хъæзтытæ æмæ йæ бафæндыди уыдонимæ ахъазын.
Æргом сæм рацыди æмæ зæгъы:
- Фарн уæ хъазты уа.
- Фæрнæйдзаг у, лæппу.
- Диссаджы хъæзтытæ кодтат æмæ мæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты.
Уыдон ныххудтысты æмæ зæгъынц:
- Ды нырма быммиз цыдæр дæ, уагæры хъæбысæй куы фæхæцæм, уый куы фенис.
- Хъæбысæй æз дæр рахæцин, фæлæ кæимæ, иу ахæм мын ам ничи ис.
- Дæуæй цæй хъæбысæй хæцæг ис, мæнæ нæ хъæзтытæ дæу дисы куы быфтыдтой, уæд?
Ахуы та загъта:
- Уæ хъæзтытæ мæн бафтыдтой дисы, фæлæ мæ хъæзтытæ та сымах бафтаудзысты дисы.
- Уæдæ ма нæ хъæзтытæй ахъаз.
Ахуы уæйыджы дурæй æртæ хатты стырдæр фелвæста æмæ йæ хæрдмæ фехста. Дур афтæ уæлиау стахти æмæ ма йæ цæст гæзæмæ уыдта. Уæдмæ йæ иу цонджы доны атъыста æмæ йыл ныффу кодта. Цонгыл дыууадæс иваыны бæрц их сбадти. Йæ иннæ къухы кæстæр æнгуылдзæй æппæты ставддæр бæласы цонгыл ныххæцыдис. Уалынмæ дур æхситгæнгæ æртæхы. Ахуы их æмæ бæласы иумæ стыдта. Тæхгæ дур куы æрæввахс и, уæд æртæйы кæрæдзийыл ныххуырста æмæ лыстæг къæрттытæй фæйнæрдæм фæхаудтой.
Уæйгуытæ хæлиудзыхæй аззадысты æмæ загътой:
- Амæ не ‘ртæйы тых дæр ис.
Кæрæдзимæ бакастысты, стæй Ахуыйæн зæгъынц:
- Фысым дын æстæм, æввахс цæрæм æмæ ныл баввæрс.
Акодтой Ахуыйы семæ. Æрцыдысты уæйгуыты хæдзармæ. Дуар бакодтой æмæ гуымир уæйгуыты мад бадти. Ахуыйы фенгæйæ сцæйстади. Ахуы йæм базгъордта æмæ зæгъы:
- Бад, мæ мады хай, исты дæ хъан куы нæ дæн.
Мад зæгъы:
- Хъан дæр мæм афтæ уæзданæй не ‘рбадзырдтаид, ды мæм куыд æрбадзырдтай.
Æртæ гуымир уæигæн æхсызгон уыдысты сæ мады ныхæстæ. Хынцын байдыдтой Ахуыйы, æхсæв бонмæ йæ зæххыл бадын дæр нæ уагътой. Райсомы афтæ гуымир уæиджы зæгъынц:
- Тæхуды, ацы лæг нын хæстæг куы уаид, кæнæ нын æфсымæр куы уаид.
Аходæн бахордтой, стæй та зæгъынц:
- Уазæг, кæд дæ афæлгæсын фæнды, мыййаг?
- Хорз уаид.
Ацæуынц æртæ гуымир уæйыджы Ахуыимæ. Иу хъæдмæ бацæуынц æмæ федтой: дон цæуы тугхæццæимæ.
Ахуы фæдис кодта, стæй гуымир уæйгуыты афæрсы:
- Ай цы диссаг у, искуы ма дон тугхæццæимæ фæцæуы?
Гуымир уæйгутæ загътой:
- Уый диссаг нæу. Махæн ис хо, бæсты рæсугъд æмæ бæсты уæздан у. Еугуыппартæ йæм курæг цыдысты æмæ йæ нæ фыд нæ лæвæрдта. Еугуыппартæ уæд нæ фыды æрцахстой æмæ йын ала ацафон йе ‘нгуылдзты бын фæлыг кæнынц, йæ туг ын рауадзынц æмæ уый туг донимæ хæццæ кæны, гъе, уый у.
- Кæд афтæ у, уæд æм цæмæ кæсут?
- Мах æртæ стæм, уыдон бирæ сты, нæ бон нæу нæ фыды байсын.
Цæуынц дарддæр. Иу ран та дон цæуы ноджы æмæ ахæм ирд у, лæг дзы йæхи фены.
Ахуы дзы ахуыпп кодта æмæ зæгъы:
- Цæй тынг цæхджын у ай?
Гуымир уæйгуытæ зæгъынц:
- Уый дон не ‘схуыпп кодтай, фæлæ нæ фыды тыххæй нæ хо кæуы æмæ уый цæссыгтæ донау уайынц. Цæссыг та вæййы цæхджын.
Цæуынц дарддæр, ноджы та федтой суадон, сау æзмæстæй цæуы. Ахуы та фæрсы æртæ гуымир уæиджы:
- Ай та цавæр æзмæстæй цæуы?
- Уый та нæ фыды æнгуылдзтæ тынг куы срисынц, уæд йæ къæхтæй сыджыты ныццæвы æмæ дон сыджыт æзмæст рацæуы.
Ахуы та фæрсы:
- Дарддæр нал ацæудзынæн, фæлæ мемæ цомут.
-Кæдæм нæ кæныс?
- Уæ хойы уын фенон.
- Нæ хо ахст у, нæ фыды цур æй барæй дарынц, цæмæй нæ фыды тухитæ уына. Æввахс чи бацæудзæни уымæ?
- Мемæ цомут, кæд мын æххуыс нæ фæкæнат, уæддæр мын ныфс уыдзыстут.
Æртæ гуымир уæйыджы араст вæййынц Ахуыимæ. Бахæццæ сты иу фæзбыдырмæ. Акæсынц æмæ фенынц Еугуыппарты. Æртæ гуымир уæйыджы фыдæй хынджылæг кæнынц.
Ахуы йæ фыды цилхъ сæлвæста. Цилхъ ныхситт кодта, йæ буар хуры тынтæм стъæлтæ(1) скалдта, йæ буары æрттывдмæ цæстытæ куырм кодтой.
Еугуыппартæ фæсæцца(2) сты. Уæд сæм Ахуы дзуры:
- Цæмæн у баст ацы лæг? – афарста æртæ гуымир уæиджы фыдæй.
- Æнхъæлæг(3) дзы уыдыстæм æмæ нын нæ разы кæны.
- Чызг та цæмæн ахæсты ис?
- Ком нын нæ дæтты.
- Мæ хатырæй сæ уæд та æсуадзут.
Еугуыппартæ ныххудтысты æмæ зæгъынц:
- Чи дæ? Куыннæ дæ зонæм?
Ахуы рамæсты ис, цилхъæй æртæ гуымир уæйыджы фыды бæдтæнты æрхафта æмæ фæлыгтæ сты. Сæ хойы сын суагъта. Гуымир уæйгуыты хо ахæм уыди, æмæ йæ дæллагхъуырты æхсæн лæг йæхи уыдта, йæ цæстытæй зынджы стъæлфæнтæ хауди, йæ цæстыты æрбакаст æхсызгондзинад лæвæрдтой зæрдæйæн, йæ мидбылты бахудтмæ цæстытæ сæхи æрныкъуылын нал уагътой.
Еугуыппартæ бæрц-бæрц уыдысты æмæ сæхи ныццавтой Ахуыйыл. Ахуы æртæ гуымир уæиг æмæ уыдон фыдмæ дзуры:
- Цæугæ кæнут сымах, кæнут уæ чызгы дæр, æз дæр уæм зындзынæн, адон мæн бар уадзут.
Æртæ гуымир уæиджы зæгъынц:
- Мах дæу иунæгæй нæ ныууаддзыстæм.
- Цæугæ кæнут уын загътон, æндæра уæ искæй ивддзаг цæф фæкæндзынæн.
Æртæ гуымир уæйыджы сæ хо æмæ сæ фыдимæ ацыдысты.
Ахуы райдыдта цæгъдынтæ гуымирыты, йæхи комы ‘рдæм сайгæ цыди, иу уынгæг ран цæхгæр лæуд фæкодта Ахуы æмæ сæ цилхъæй райдыдта цæгъдынтæ. Кæритæй срæдзæгъдтæ сты еугуыппарты мæрдтæ. Сæ туг цæугæдонау калди æмæ ласта мæрдты.
Суанг талынджытæм фæхæцыди Ахуы. Уæд изæрæй сæ хæцын ныууагътой, дыууæрдыгæй дæр æрлæууыдысты. Еугуыппарты хистæр зæгъы:
- Афтæ ма бакæнæм. Ай Царциаты хуызон у æмæ ма ацы цилхъы æз федтон, уæд æй Царциатæй иу хаста æмæ нæ мыггагæскъуыд фæкодта, æмæ уый амарди, фæлæ ма сæ ай кæцы уыдзæни. Мах амæн ницы бакæндзыстæм тыхæй, фæлæ хинæй хъæуы архайын. Æскъахут уæрм æмæ йæ мæнгæмбæрзт бакæнут, хæцгæйæ асайут, уый уæрмы ныххаудзæн æмæ йæ уæд амардзыстут.
Байхъуыстой еугуыппартæ сæ хистæры ныхæстæм. Талынджы скъахтой уæрм, бонæй та йемæ схæцыдысты æмæ йæ сæ фæдыл асайдтой. Ахуы хæцгæ-хæцын уæрмы ныххауди. Еугуыппартæ сцин кодтой æмæ загътой:
- Ныр нал фæцæудзынæ.
Ахуы ахъуыды кодта æмæ зæгъы йæхицæн: “Адоны хинæй куы нæ асайон, уæд сын иунæгæй ницы бакæндзынæн”.
Ахуы уæрмæй дзуры:
- Йех, сымахæй цы адæм ис. Сымах истæмæн куы уаиккат, уæд мемæ хъазынæй сфæлвæриккат.
Еугуыппартæ фæрсынц:
- Уагæры цы хъазт зоныс?
Ахуы та сæм дзуры:
- Æстылдæр дуртæ мыл цæвут мæ сæрыл æмæ сæ æз тыппæл æхст(4) кæндзынæн.
Еугуыппартæ зæгъынц:
- Æстыр дуртæй сæ быны ныммæлдынæ, дзæгъæлæг(5).
Æртылдтой ставд дуртæ. Еугуыппартæ фехсынц дуртæ Ахуыйыл. Ахуы карды комæй дурты атæхын кæны æмæ сæ хæрдмæ ныззыввыт ласы. Дуртæ мигъты онг фæтæхынц æмæ нал фæзынынц. Диссаг касти Ахуыйы хъазт еугуыппартæм. Комы дур нал баззади, Ахуыйыл сæ ныккалдтой. Ахуы сæ æрдæг кодта, стæй мигъты онг зыввыт ласта. Чысыл фæстæдæр дуртæ их уарæгау ныггæргæр ластой æмæ еугуыппарты сæртыл пырх кодтой. Еугуыппартæй ахæм нал уыди, къокъоси кæуыл нæ рацыди. Еугуыппартæ дурты цæфтæй лидзæг фесты. Ахуы фæцырд ис, уæрммæ цы дуртæ æзгъæлыдысты, уыдоныл сбырыди хæрдмæ. Ахуы расæррæтт ласта, йæ разæй та еугуыппарты скъуымбил кодта æмæ та талынгмæ фæхæцыдысты.
Æртыккаг бон ногæй фæфылдæр вæййынц. Зæронд еугуыппар азгъордта Царциаты бынатдзæгмæ(6), ауыны уым Нагъуыллæйы æмæ йæм дзуры:
- Ды та ма кæдæм ирвæздзынæ?
Нагъуыллæ фæгæпп ласта, хæрыны сындзытыл арт афтауы æмæ сæ тæф Ахуыйыл аныдзæвди.
Нагъуыллæ райдыдта фæттæ уадзын зæронд еугуыппарыл. Иу фат зæронд еугуыппары цæстыл сæмбæлыди æмæ зæронд еугуыппар сохъхъырæй баззади. зæронд еугуыппар Нагъуыллæйы йæ дæларт акодта æмæ йæ аскъæфта. Ахуы хæцгæ-хæцын рахаста еугуыппарты æмæ сæ айнæгмæ басайдта. Дзалабæттæн абыдта, бырцы тигъыл æй абаста æмæ айнæгыл ауагъта йæхи. Еугуыппартæ йæ расырдтой, кæрæдзи скъуырдтытæ кодтой æмæ айнæгæй хауын байдыдтой, комы та пырх кодтой. Ахуыйы хин нæ бамбæрстой еугуыппартæ.
Уæд комæй Нагъуыллæйы хъæр фæцыди. Ахуы дзалабæндæн фæлыг кодта, ратахти æмæ зæронд еугуыппартыл сæмбæлдис. Уым ын йæ къубалы сыскъуыдта, фехста йæ айнæджы сæрмæ. Еугуыппыртæй ма чи баззади, уыдон сæ хистæры сæры къуыдыр куы федтой, уæд раздæхтысты.
Ахуы æмæ Нагъуыллæ сæ бынатдзæгмæ æрцыдысты, саджы фыдæй хорз сæхи федтой æмæ баулæфыдысты. (Стр. 38-44).

1 Стъæлтæ – ома, стъæлфæнтæ.

2 Фæсæцца – ома, фергъуыйау сты.

3 Æнхъæлæг – ома, чызг æнхъæл.

4 Тыппæл æхст – ома, портийы æхст.

5 Дзæгъæлæг – ома, дзæгъæл цæуаг лæг.

6 Бынатдзæг – цæрæнбынат, ома, бæстон бæрæгæй, бынæттон цард кæм кæнынц, уый.


источник: Царциаты таурагъта. Владикавказ, 2008.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru