Ахуы æмæ йæ фырттæ иуахæмы рацæуынц иумæ. Амбæлынц сыл зæронд лæг, зæронд ус, æрыгон лæг, æрыгон ус æмæ бæгънæг лæппу. Ахуы йæ мидзæрдæйы дзуры: - Уæх-хай, адон хуызæн адæм ма кæддæр федтон. Нал сæ хъуыды кодта. Кæрæдзийæн салам радтой, æрбадтысты иумæ, ныхас сын бацайдагъ ис. Зæронд лæг дзуры Ахуымæ: - Тылег(1) лæг мæ ма ранхъæл, фæлæ адон дæ фырттæ сты? - Мæ фырттæ сты, - зæгъы Ахуы. - Хуыцау дын сæ зынданæй(2) бахизæд, фæлæ æнæус сты? – фæрсы зæронд ус. - Нырма æнæус сты, - зæгъы та Ахуы. - Мæ арфæ мын сынг бузныгмæ(3) ма айс, хорз лæг, - зæгъы æрыгон лæг, - фæлæ сын цардæмбæлттæ хъæуы. - Мæхи дæр бæргæ фæнды, - зæгъы Ахуы, - лæг цъус цæры. - Хуыцау сын пысмел(4) сылы къах ма раттæд, - зæгъы æрыгон ус, - фæлæ сын амонды къах фæуæд. - Лæппуты амондæн æз хос бæргæ зонын, - зæгъы бæгънæг лæппу, - фæлæ сын лæвæрттæ хъæудзæни каисты æрдыгæй. - Амонды хос куы зонис, - зæгъы Ахуы, - уæд уал дæ уæлæ дарæс ыскæнис. - Мæ дарæсы сконд дæуыл баст у. - Гæр, дæ разы азымджын цæмæй дæн? Уæд зæронд лæг зæгъы: - Куыд тагъд мæ ферох кодтай, æви нал зоныс, æз дойныйæ куы мардтæн æмæ мын дæ хистæр æнгуылдзæй дон куы бадардтай. Уæд мын хорзы бацыдтæ æмæ дын хъуамæ хорзы бацæуон. - Цы хорзы мын цæуыс? Зæронд лæг æй дурты цæндмæ бакодта Ахуыйы æмæ дуртæ базмæлыдысты, стæй бæхдзоджи фестадысты дуртæ. Зæронд лæг зæгъы: - Уæртæ зыгъар бæхы бар сæ уадз, уый дын сæ æркæндзæни уæхимæ. Уый дын мæ лæвар. Ахуы дисы бацыди. Зæронд ус æм дзуры: - Ахуы, куыд тагъд мæ ферох кодтай, дойныйæ куы мардтæн æмæ мын дæ амонæн æнгуылдзæй дон куы бадардтай. Хорзы мын бацыдтæ æмæ дын хъуамæ хорзы бацæуон. - Цы хорзы мын цæуыс? Зæронд ус Ахуыйы уискъутæртæм бакодта. Къутæртæ базмæлыдысты, стæй фосдзоджы фестадысты, сæ цуры дзуарка сæгъы ауыдтой æмæ зæронд ус зæгъы: - Дзуаркайы бар уадз фосдзоджийы, уый дын сæ уæхимæ æркæндзæни. Æуый дын мæ лæвар. Ахуы ноджы дисы тынгдæр бацыдис. Уæд æм æрыгон лæг бацыди æмæ йæм дзуры: - Куыд тагъд мæ ферох кодтай, æз дойныйæ куы мардтæн æмæ мын дæ астæуккаг æнгуылдзæй дон куы бадардтай. Хорзы мын бацыдтæ æмæ дын хорзы хъуамæ бацæуон. - Цы хорзы мын цæуыс? Æрыгон лæг æй нæудзарм фæзтæм бакодта, нæудзарм фæзтæ сæхимидæг базмæлыдысты æмæ хоры быдыртæ фестадысты. Æрыгон лæг зæгъы: - Æуыдон дын мæ лæвар, сæ хъахъхъæнæг дæхæдæг у. Ахуы ныддис кодта, уæдæ нæудзарм фæзтæ хоры быдыртæ куыд фестадысты. Уæд æм æрыгон ус бацыдис æмæ йын зæгъы: - Куыд тагъд мæ ферох кодтай, де ‘нæном æнгуылдзæй мын дон куы дардтай. Хорзы мын бацыдтæ æмæ хорзы цæуын. - Цы хорзы мын цæуыс? Æрыгон ус Ахуыйы бакодта сау дурмæ. Дур йæхимидæг базмæлыди æмæ диссаджы цирхъ фестади, æрыгон ус æм дзуры: - Æуый дын мæ лæвар, æхсæв æрттивгæ кæндзæни, боны дын дæ фыдгулы маргæ кæндзæни. Ахуы тынгдæр ныддис кодта, дур цирхъ куыд фестади, ууыл. Бацыдис æм бæгънæг лæппу æмæ дзуры: - Куыд тагъд мæ ферох кодтай, æз дойныйæ куы мардтæн æмæ мын ды дæ кæстæр æнгуылдзæй дон куы бадардтай. Уæд мын хорзы бацыдтæ æмæ дын хорзы хъуамæ бацæуон. - Цы хорзы мын цæуыс? - Ам мæм фæлæу, - загъта бæгънæг лæппу æмæ азгъордта, æрбакодта фондз рæсугъд чызджы, кæсæнтæ сæм нæ уыди. Бæгънæг лæппу дарæсы февзæрди æмæ зæгъы: - Адон сты мæ фыдыхотæ, æвзонг лæг æмæ ус сты мæ мад æмæ мæ фыд, зæронд ус æмæ лæг та мæ фыды ныййарджытæ сты. мах стæм иу бинонтæ. Еугуыппыртæй тарстыстæм ацы чызджытæн, ныр дæумæ куы цæрой, уæд сын тас нал уыдзæни уыдонæй. Æуый дын мæ лæвар. Ахуы тынг джитæнтæ кодта, фæцин сыл кодта æмæ зæгъы: - Уæ лæвæрттæ хорз сты, фæлæ ныр мæ фырттæ чызджытыл куыд фидаудзысты, уый дæр мын зæгъут? Лæппу зæгъы: - Алкæмæн ис йæхи миниуæг, чызджытæ уын сæхæдæг амондзысты. - Хорз, уæдæ сæ сфæлварæм. Чызджытæй иу рацыди размæ æмæ зæгъы: - Уæртæ уыцы хъæды иухатт мæ кæрдæн аззади, чи мын æй раздæр æрбахæсса, уый уыдзынæн. Ахуыйы фондз фырты хъæдмæ ауадысты, рацагур-бацагур систой æмæ йæ Суа ссардта, æрбахаста йæ. Ахуы зæгъы: - Уæдæ ды фæу Суайы бинойнаг. Дыккаг чызг рахызти æмæ зæгъы: - Уæртæ уыцы пыхсыты иухатт мæ кæрдæн баззади, чи йæ æрбахæсса, уый уыдзынæн. Цыппар лæппуйы адугъ кодтой, Фарнæг æй ссардта æмæ йæ æрбахаста, Ахуы зæгъы: - Ды та Фарнæджы бинойнаг фæу. Æртыккаг чызг рацыди æмæ зæгъы: - Дæлæ уыцы хæмпæлты иухатт мæ кæрдæн ферохи, чи йæ раздæр æрбахæсса, уый уыдзынæн. Æртæ лæппуйы азгъодтой, рацагур-бацагур фæкодтой æмæ йæ Едыссæ ссардта. Ахуы зæгъы: - Ды та Едыссæйы бинойнаг фæу. Цыппæрæймаг чызг рахызти æмæ зæгъы: - Уæлæ уыцы къутæрты иухатт мæ кæрдæн баззади, чи йæ раздæр æрхæсса, уый уыдзынæн. Дыууæ лæппуйы азгъордтой, рацагуырдтой йæ æмæ йæ Хæтгар ссардта, æрбаскъæфта йæ æмæ Ахуы зæгъы: - Ды та Хæтгары бинойнаг фæу. Уæд иннæ чызг рахызти æмæ зæгъы: - Мæнæй никуы ницы ферохи, фæлæ мæ кæд исчи йæхи хоны, уæд æз та уый уыдзынæн. Ахуы зæгъы: - Уæдæ ды та мæ кæстæр фырт Уадæджы бинойнаг фæу. (Стр. 70-73).
1 Тылег – рогдзинад кæмæ нæй, ахæм лæг.
2 Зындан – фыдæбойнаг бынат, чизоны зындон.
3 Сынг бузныг – хуымæтæджы бузныг.
4 Пысмел – æсхъиуд.
источник: Царциаты таурагъта. Владикавказ, 2008.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |