поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Хæтгар æмæ йæ фырттæ
Автор: 00mN1ck / 6 октября 2009 / Категория: Царциаты таурагъта
Хæтгар Царциатæй уыди, иу бон цуаны ацыди æмæ фехста саг. Саг коммæ ныттылди, Хæтгар дæр йæ фæстæ æрцыди. Йæхицæн скодта физонæг æмæ хæрыныл æрбадти. Хæтгар фæстаг комыдзаг куы кодта, уæд æм ныхъхъæрчындæуыди:
- Хæтгар, ма бахæр уыцы хайы!
Хæтгар йæ къух æруагъта, комдзагыл хæцы æмæ фæйнæрдæм кæсы. Хъуыды кæны: “Чи мæм дзуры, ам куы ничи ис, уæд?”
Систа комдзаг, а ныр æй ахæра, афтæ та хъæр фæцыди:
- Хæтгар, ма бахæр уыцы хайы.
Йæ къухы та æруагъта, ногæй акасти, фæлæ та никæй уыны. систа та дзыхмæ фæстаг хайы æмæ та æртыккаг хатт хъæр фæцыди:
- Хæтгар, ма бахæр уыцы хайы, мæн хъæуы!
Хæтгар æм дзуры:
- Чи дæ, рацу æмæ бахæр.
- Фæуром дæхи æмæ уал мусонг æркæн.
Хæтгар мусонг ацарæзта, сагдзармæй йæ æрæмбæрзта æмæ банхъæлмæ касти. Хур дæр аныгъуылди, фæлæ йæм цæуæг нæй. Сфæнд кодта сæхимæ рацæуын. А ныр рацæуа, афтæ та хъусы:
- Хæтгар, кæдæм цæуыс, фæлæу мæм!
- Абондæргъы дæм кæсын, фæлæ чи дæ, æргом мæм цæуылнæ цæуыс? Мæнæн та талынг кæны æмæ мын зын цæуæн уыдзæни.
- Талынгы цæуын æдасдæр у æзнагæй, æмæ фæлæу.
Бынтон æрталынги. Уæд хох фегом ис æмæ дзы рухс ракалдис. Уырдыгæй дзырдæуы:
- Хæтгар, мидæмæ рахиз.
Хæтгар урдæм бацыди æмæ зæгъы:
- Фарн а бынаты.
- Фæрнæйдзаг у, æрбад бандоныл, - ахæм ныхас æм райхъуысти.
Хæтгар акасти, фæлæ никæй уыны.
- Сбад Хæтгар! – райхъуысти та ныхас.
Хæтгар æрбадтис. Кæсы: хæдзар уыди диссаг, авгæй къуымтæ, цæхæртæ калдтой астæрдтытæ.
Дзурæг та фæрсы:
- Хæтгар, мæ хай цы фæци?
- Мæхимæ.
- фынгыл æй æрывæр.
Хæтгар физонæджы хай æртыкъахыг фынгыл æрывæрдта. Уæд мидæггаг уатæй разынди сылгоймаг, бурбын сæрыхъуынтæ быд дыууæ фæлтæрæй, сæрыл бæрцау бадынц. размæ рахызти. Хай систа æмæ йæ ахордта. Уый фæстæ тæмæнтæ скалдта. Сылгоймагы дæллагхъуырты лæг йæхи уыдта, ныхæй стъалытæ зынди æмæ йын йæ развæндаг рухс кодта. Никуы федта Хæтгар ахæм диссаг, дурдзавдау аззадис йæ бадæны, аджихтæ ис. Сылгоймаг та дзуры:
- Цæуыл хъуыды кæныс, Хæтгар, æви мæ цард дæ зæрдæмæ нæ цæуы?
- Цæугæ та куыннæ кæны, фæлæ айонг рацардтæн æмæ айхуызон фæлыст æмæ фæлындзгонд хæдзарæй нырмæ никуы федтон.
- Ныр ма цы рацардтæ æмæ цы федтаис, исты дыл фæдджи ивазджытæ(1) куынæ сбирæ ис.
Сылгоймаг æрхаста хæрд уæд, нуæзт уæд. Райдыдтой хæрын æмæ нуазын, сæ сæры дæр цæуын байдыдта æмæ хуыссын афон æрцис. Хæтгарæн уат æркодта сылгоймаг, йæхæдæг иннæ хатæнмæ бахызти. Йæ дарæс раласта, уæгъд æркæнгæ(2) ма фæуагъта йæхиуыл. сылгоймаджы буар æркæнгæйæ афтæ тынг зынди æмæ цымæ бæгънæгæй лæууы, ахæм.
Сылгоймаг æрхуыссыди. Хæтгарыл хуыссæг нал хæцыди æмæ рæфтбафт кодта. Сфæнд кодта йæ цуры æрхуыссын, фæлæ йæ ныфс нæ хаста æмæ ныуулæфыди “Оф”, зæгъгæ.
- Цы кæныс, Хæтгар, цæуыл улæфыс, - афарста сылгоймаг.
- Ницы, афтæ,- загъта Хæтгар.
- Уæдæ схуысс, дæ амонд цы уа, уый уыдзæни.
Хæтгар æрхуыссыди. Сылгоймаг дæр æрфынæй ис. Хæтгар нал фæлæууыди æмæ сылгоймаджы фарсмæ абырыди, фæцæрдзæф æй кодта.
Сылгоймаг æм дзуры:
- Цы ми бакодтай, Хæтгар?
Уый зæгъы:
- Мæ бон дæм нал уыди кæсын æмæ мын ныббар.
- Цыма дын барон, фæкæ мæ ныр дæ бæстæм.
Рацыдысты иумæ талынджы. Цæуынц мæйдары. Сылгоймагы ныхы стъалыйæ рухс кæлы æмæ сæ развæндагыл æдæрсгæ цæуынц.
Хæтгар йæ саджы марды дæр раккой кодта. Царциатæм æрхæццæ сты æмæ цæгат сыхæй хуссармæ сылгоймаджы ныхы стъалы боны хуызæн кодта. Хæтгар фæрсы:
- Ныр мемæ рацыдтæ, фæлæ дæ номæй куы нæ зонын, уæд мæ Царциатæ куы фæрсой, уæд сын цы зæгъон?
- Æз дæн Хуыцауы хæрæфырт Таусæрухс.
Хæтгар бакодта йæ хæдзармæ Таусæрухсы. Таусæрухс хуыйын байдыдта дарæс æмæ Царциаты сыхы ахæм нал баззади, йæ фæлысты æмбисæхсæвæй райсом боны цъæхмæ кæмæн не ‘сцæттæ кодта.
Райсом куыддæр бон дзирдзур кодта, афтæ Таусæрухс зæгъы Хæтгарæн:
- Царциатæн сæ фæлысты байуар.
Æхсæвы цæстæй Хæтгар зилын байдыдта æмæ алкæмæн дæр йæ фæлысты радта.
Уæд Царциатæ æрымбырд сты æмæ зæгъынц Хæтгарæн:
- Нæ чындзы нын фенын кæн.
Хæтгар Таусæрухсы ракæны. Царциатæ дзы ныббузныг сты æмæ загътой:
- Ахæм чындз кæм у, уым йæ номыл мæсыг саразæм.
Царциатæ фидар мæсыг райдыдтой аразын Таусæрухсы тыххæй. Мæсыг сырæзти æмæ йæ схуыдтой Таусæрухсы мæсыг. Йæ фæстæ куывд ныззылдтой æмæ кад кодтой Таусæрухсæн.
Цыдысты бонтæ, афæдзтæ, Хæтгар æмæ Таусæрухсæн райгуырди дыууæ фаззоны, дыууæ лæппуйы. Дыууæ дæр уыдысты бурхил æмæ уæнгджын, æсхуыдтой лæппуиы Бурæберд æмæ Бурæнæг. Афтæ та сæ уымæн схуыдтой, æмæ æмхуызæн бур рауадысты. Рæзыдысты Бурæберд æмæ Бурæнæг. Бон рæзыдысты къуыри бæрц, къуыри – мæйдзыд кодтой, мæй – афæдзыдзыд. Бахъомыл сты. Сæ лæджы ранмæ рацыдысты.
Иу заманы дыууæ æфсымæры цуаны фæцыдысты тар хъæдмæ, ницæуыл хæст кодтой. Уыцы рæстæджы зылын гуыбын еугуыппыртæ æрбафсæрстой Царциатæм. Ницы уал сæм уагътой. Царциатæн сæ хæстхъомтæ балцы уыдысты. Æнхъæл нæ уыдысты, искуы сæ бæстæмæ бырсдзæн, уый. Царциаты адæмы цæгъдынтæ систой еугуыппыртæ. Хæтгар зæронд баци, йæ рæсугъд ус Таусæрухсимæ мæсыгмæ бацыдысты, сæхиуыл дуæрттæ рахгæдтой æмæ сыл урдыгæй райдыдтой хæцын. Еугуыппырты мæрдты тугæй дон фестади Царциаты сых. Ницы фæрæзтой мæсыгы сисынæн.
Уæд мæсыгмæ уасинтæ æвæрын байдыдтой. Фæлæ сæ Хæтгар æмæ Таусæрухс цагътой дывæр фыддæрæй.
Бурæберд æмæ Бурæнæг загътой:
- Нæ фæстæ Царциатæй цыдæр хæсты хъæр цæуы.
Ратындзыдтой æмæ æрхæццæ сты. Райдыдтой æртывæр хæст еугуыппыртимæ. Зылын гуыбын æмæ æрдæгцъындæ уæвæг еугуыппыртæ фыддæр митæ байдыдтой. Мæсыгы ракалдтой, уым фесты Хæтгар æмæ йæ ус дæр.
Бурæберд æмæ Бурæнæг уый куы федтой, уæд та фыддæр цæф ныккодтой сæхи се ‘знæгтыл, еугуыппыртыл. Æнæхъæн къуыри фæхæцыдысты, æнæхъæн къуыри не ‘рулæфыдысты, стæй сæхæдæг дæр фæмард сты.
Еугуыппыртæ цы ссардтой, уый семæ ахастой. Царциаты цæрæнуæттыл арт бафтыдтой, кæй та тыххæй фæккодтой, фæлæ Царциатæн сæ хæстхъомтæ фæзындысты. Уæд еугуыппыртæ лидзынмæ фесты. Цыдæртæ ма сæм бафтыди, афтæмæй сæхи бæстæм фæлыгъдысты.
Афтæ фесæфти Царциатæн сæ иу сых, Хæтгар кæм царди, уый. (Стр. 132-135)

1 Фæдджи ивазджытæ – ома, сывæллæттæ.

2 Уæгъд æркæнгæ – сылгоймагыл мидæгæй цы хуыссæн хæдон вæййы, уый.


источник: Царциаты таурагъта. Владикавказ, 2008.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
#1 написал: тея (25 декабря 2009 20:03)
smile

Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru