поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Маммийы райгуырд
Автор: 00mN1ck / 11 октября 2009 / Категория: Царциаты таурагъта
Уæд дын дæлимонты чызг сагъуыди(1) Царциатæм цæуын æмæ сæ мæстæй мардта. Ахуы-иу æй фæсырдта, фæлæ-иу Ахуыйы тынгдæр мæстæй марын райдыдта: куы йæм йе ‘взаг æрластаид, куы йæ хъыг дардтаид, æмæ йын æнцой нæ лæвæрдта.
Иуахæмы та фæзынди дæлимонты чызг, бæласы бын слæууыди æмæ кæсы Ахуымæ. Бæласы сæр бадти иу сих æмæ чызгмæ дзуры:
- Цавæр каст кæныс Царциатæм?
- Ахуыйы уарзын æмæ мæм нæ кæсы.
- Куыд дæм кæса, кæд æмæ йæ мæстæй марыс, де ‘взаг æм æрласыс, - зæгъы сих, - исчи афтæ кæны.
Сих ныххудти:
- Ма-аа-ми!
Ахуы афтæ фенхъæлдта, сих ууыл ныххудти æмæ йæм дзуры:
- Мамми дарæг дæ мауал уæд, кæд цæуыл худыс, дæ бынмæ дæлимонты чызг ис, æмæ уыимæ айтæ-уйтæ фæкæнут, уый дын мæ ныхас.
Сих уыйадыл бæласы сæрæй æргæпп кодта æмæ дæлимонты чызгыл ныххæцыди. Чызг ныхъхъыллист кодта æмæ суры йæхицæй сихы. Ахуы сæм кæсы æмæ сыл худæгæй мæлы. Сих дæлимонты чызгмæ дзуры:
- О, мæхи мамы.
Дæлимонты чызг æм дзуры:
- мамми дæр дæхæдæг æмæ алцы дæр.
Уæд сыл Ахуы дур фехста. Дур цыдæр фæцис, сих бæласмæ сгæпп ласта, дæлимонты чызг та сæхимæ æрцыди, йæ мадмæ бауади æмæ дур йæ тæккæ раз сæмбæлди. Мад йæ чызджы фæрсы:
- Ацы дур та кæцæй æрхауди?
Чызг радзырдта, цы йыл æрцыди Ахуыйы æлгъыстæй сихимæ, уый. Мад зæгъы:
- Сихы мæм æркæн.
Чызг сихы æркодта, чызджы мад æм дзуры:
- Фæцу Царциатæм, зæгъ Ахуыйæн: “Дæу аххосæй мæ чызг батырæнхъæлцау(2) ис æмæ йын уæлæуыл цæрыны бар ратт”.
Сих Ахуымæ æрцыди æмæ йын дæлимонты чызджы мады ныхæстæ рафæзмыдта. Уæд Ахуы зæгъы:
- Ту, адæмæй æлгъыст фæу, цы сих дæ, кæд дæ дæлимонтæм æрвитгæ нæ фæкодтон, се ‘лгъыст дæ баййафæд, цæрæнбонты де смаг куыд кæла!
Ахуыйы æлгъыст сихыл æрцыдис, фæсырдта йæ. Сих дæр, йæ тæф калгæ, дæлимонтæм æрцыд. Дæлимонты чызг æм дзуры:
- Цавæр тæф калгæ æрцыдтæ?
- Ахуы мæ ралгъыста.
- Уæ, амæлай, цы сих дæ, кæд мæ фыдбылызæн нæ райгуырдтæ, ныр мын гуырдз гуырдзæни æмæ цы бакæнон?
Сих æм тамакойы авæрдта æмæ йын зæгъы:
- Зынæй дын куы гуыра, уæд-иу ацы сыф дæ армы дзыхъхъы аууæрд, æууæрст дæ фындзы хуынчъы атъысс æмæ дын æнцонæй райгуырдзæни гуырдз.
Тамакойы сыф райста дæлимонты чызг æмæ йæ хъæрзын ссыди. Гуырдзы гуырын кæны, фæлæ уый гуыбынæй нæ комы. Дзуры гуыринаг гуыбынæй:
- Дæ гуыбынæй нæ ахиздзынæн, цалынмæ мын Царциатæ бар нæ радтой сæ бæстыл цæрынæн, уæдмæ.
- О, рахиз уал, стæй дын исты хос уыдзæни.
- Нæ ахиздзынæн.
Уæд дæлимонты чызг йæ мадмæ фæдзырдта. Уымæ чызг радта тамакойы сыф. Мад æй æрыууæрста æмæ дзы йæ чызджы фындзы хуынчъы атъыста. Чызг æрыхснырста: “Æттыры маммы!”
Гуырдз гуыбыны нал фæлæууыди æмæ рагæпп кодта. Уый уыдис чызг æмæ йыл Мамми сывæрдтой ном.
Мамми йæ мадæн зæгъы:
- Царциатæй зæххы хай райс цæрынæн.
Дæлимонты чызг Маммийы йæ хъæбысы акодта, Ахуымæ ссыди æмæ зæгъы:
- Ацы гуырдз дæу аххосæй райгуырд, кæнæ йæ хъомыл скæн, кæнæ мын цæрыны бар ратт Царциаты зæххыл.
- Уæртæ авд æфцæджы фалейæ ис лæгæт, - зæгъы Ахуы, - уырдæм фæцу æмæ дзы цæр.
Дæлимонты чызг уырдæм фæцыди, хъомыл кодта Маммийы. Куы байрæзти, уæд-иу Ахуыйы фæллойæ адавта æмæ æнæбæркад кодта йæ цард Ахуыйæн, бæргæ йæ æмбæрста, фæлæ сылгоймагимæ чи хæцы, мæнг нæ акæнынц: “Сыл куы фæтыхсы, уæд цу гуыбырæй, уый ма дæу уарздзæн мæнг ныхас æмæ фæлмæн гуыбынæй.
Мамми уыдис бынтон фыдуынд, йæ фындз маргъы фындзы хуызæн, йæ иу ссыр – размæ, иннæ фæстæмæ хæцыд, йæ иу дæндаг роцъойы сæрмæ, иннæ дæндаг – уадулы ‘рдæм. Фыдуынддæр скæнæн нæ уыди.
Иубон Мамми фæрсы дæлимонты чызджы:
- Ацы лæгæты цæмæн цæрæм?
- Дæхæдæг æй фæстæдæр базондзынæ, ныр та мæ адыл нæ дæн, мæлдзынæн, куы бахъомыл уай, уæд Царциатæй мæ маст райс, мæ цард уыдон аххосæй фесæфти, дæ зæрдыл дар ахæм æмбисонд: “Зон, арцы рæхуыст бынтон нæу риссаг, фервæздзынæ дзы, фæлæ сылы ‘взаджы цæф у тæссаг æмæ риссаг”.
Уый адыл дæлимонты чызг амарди. мамми йæ баныгæдта. Уæд йæхицæн зæгъы Мамми:
- Фæцæуон Царциатæм, базонон сæ, чи сты?
Рарасти Царциатæм. Ахуы уыдис цуаны, Нагъуы – хæдзары. Мамми йæм дзуры:
- Цæй, хъултæй ахъазæм.
- Дæлæмæ фæууайай, кæд лæппутæ не стæм, хъулæй уыдон фæхъазынц, - загъта Нагъуы.
Нагъуы рахаста Ахуыйы хъултæ, æсуылдта сæ æмæ хъул цыг абадти. Мамми сæуылдта – уымæн та фыр абадти. Дыккаг хатт Нагъуы сæуылдта – фæхс ын абадти, Маммийæн та тæу абадти. Æртыккаг сæуылдæн Нагъуыйы хъул хъен абадти. Мамми сæуылдта æмæ йын сах абадти. Мамми рамбылдта хъултæ, æххуыс ын сих кодта сусæгæй. Систа хъултæ Мамми æмæ рацæуы. Ахуы дæр æрхæццæ ис сырды мардимæ, фæрсы Нагъуыйы:
- Чи у, чи ацы маргъыбырынкъ?
- Æз дæр æй фыццаг хатт уынын.
Ахуы бамбæрста, уый сих æмæ дæлимонты чызгæй райгуыргæ кæй у, æмæ зæгъы йæ хойæн:
- Хорз уаид, дæхиуыл æй куы нæ ахуыр кæнис.
- Æмæ нын цы хъом у, уадз æмæ цæуа, уæддæр иунæг стæм æмæ уымæй куы тыхсæм.
Ахуы дæр ницыуал загъта, сырды мардæй физонджытæ скодтой, бахордтой, стæй баулæфыдысты. (Стр. 173-176).


1 Сагъуыд – ома, фæцахуыр.

2 Батырæнхъæлцау – базæрдæхсаинаг.


источник: Царциаты таурагъта. Владикавказ, 2008.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
купить аттестат в Чите https://chita.diplom-register.com/attestaty-shkol/ 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru