Æз уын радзурдзынæн кадæг ирон адæмы фæзынды æмæ нарты фыдбылызты тыххæй. Раджы æмæ раджы, иттæг раджы уыдис ахæм адæм, æмæ сæ ном хуынди Царциатæ. Абон дæр ма æмбисондæн баззадис ирон адæмы æхсæн Царциаты æмбисæндтæ, сæ фесæфт, ирон адæмы фæзынд æмæ сæ фыдæбæттæ. Царциатæ уыдысты бирæ адæм, фондз сæдæ мин хатты минтæм æххæстысты. Хуры скæсæнæй йæ ныгуылæнмæ, йæ рахис фарс æмæ йæ галиу фарс – иудадзыг уыдис Царциаты къухы æмæ дзы Царциатæ цардысты. Зæххы тымбылæн йæ хуыздæр чи уыдис, уый уыди Царциаты къухы. Уыдон ныууагътой нæмттæ дæр. Стыр дæттæ абон дæр ма уыдоны номыл сты, Царциатæ цы нæмттæ радтой, уыдон хæссынц абон дæр ма стæмтæй фæстæмæ. Царциатæ дзырдтой уыцы æвзагыл, абон цы æвзагыл дзурынц ирæттæ, фæлæ хуындысты Царциатæ. Абон дæр ма ирон адæммæ дзырдæн баззадис: “Мæнæ Царциаты диссæгтæ æмæ æмбисæндтæ”, дам. Царциатæ уыдысты фыдæбоны æмæ фыдбылызы адæм. Бирæ цъаммар æгъдæуттæ уыди Царциатæм: се ‘хсæн лæг æмæ ус нæ уыдис, мад йæ лæппуимæ задис, хо йе ‘фсымæримæ, фыд йæ чызгимæ. Фосау æрвыстой хъуыддаг. Уыцы рæстæджы Царциатæн се ‘намонддзинад ноджы уый дæр уыдис, æмæ лæджы фыд кæй хордтой. Канд Царциатæм нæ, фæлæ сæ алыварс чи уыдис, уыцы æндæр адæмтæм дæр уыди ацы æгъдау – хордтой лæджы фыд. Уæд ахæм рæстæг уыдис. Царциатæ, сæ бон цас уыди, уымæй стыр доны былтæм архайдтой æмæ иудадзыг доны былтыл цардысты, уымæн æмæ сæ царды уагмæ гæсгæ доны был æнцондæр уыдис цæрæн; ноджыдæр уымæн, æмæ уæды рæстæджы фæндæгтæ нæ уыдис, æмæ сын доныл æнцондæр уыдис иу ранæй иннæ ранмæ бæлæгътæй цæуын. Кæд-иу ранæй-ран фæндæгты хуызæн исты уыдис, уæд уыцы фæндæгтæ тар хъæды æхсæн цыдысты æмæ тæссаг уыдис сырдтæй: бирæгъ дæр бирæ уыдис уыцы рæстæджы. Царциатæ-иу гыццыл дæтты былтыл дæр-иу цардысты. Цæугæдон-иу кæм нæ уыдис, уым-иу Царциатæ ардтой дынджыр цадтæ æмæ-иу уыдоны цур дæр цардысты, нуазгæ дæр-иу уымæй кодтой, кæнæ-иу дынджыр суадæтты цур дæр цардысты. Царциатæ дæр зыдтой ахæм суадæттæ, адæймаджы чи дзæбæх кæны низтæй, хъарм суадæттæ дæр сæм уыдис, суартæ. Царциатæ кувæндæттæ нæ зыдтой, нæдæр сын Хуыцау уыдис, нæдæр сын зæдтæ уыдысты. Царциатæн уыдысты æрмæст Табутæ. Табу уыдис лæг. Мыййаг æй адæм не ‘взæрстой табуйæ, фæлæ тыхджын чи уыдис, фондз-æхсæз лæгмæ быцæуы чи фæллæуыдаид, ахæм тыхджын лæг-иу уыдис Табу. Ахæм тыхджын лæг йæ тыхы руаджы-иу стабу кодта йæхи. Алы Табуйæн дæр уыдис йæхи адæм, кæй зæгъын æй хъæуы, Царциатæй, йæхи зылд. Уæд хъæутæ нæ уыдис, пырхытæ уыдысты. Царциаты адæм сæхи Табуйæн хъуамæ-иу лæгъстæ кодтаиккой æмæ кусарт кодтаиккой. Уыдысты-иу ахæм Табутæ, сæ адæмимæ иу ран чи цардысты, зыдтой сæ зæххытæ, сæ адæмты кусын кодтой æмæ афтæмæй цардысты. Ацы адæм, иу ран чи цардысты, нæ рацу-бацу кодтой иу ранæй иннæ ранмæ, уыдонæн уыдис фылдæр каубыд хæдзæрттæ. Сæ сæртыл хæдзæрттæн калдтой хос, стæй цъыф æмæ хæдзары сæрыл астæуæй уагъд-иу уыдис хуынкъ, фæздæг цæуынæн. Уыдысты ахæм Табутæ дæр, иу ран чи нæ цардысты, нæ лæууыдысты, цæугæ табутæ, арæх ивтой сæ царды бынæттæ æмæ сæ адæмы дæр семæ ракæ-бакæ кодтой. Уыдон сæ адæмимæ тындзыдысты ахæм рæттæм, кæм нырма лæджы къах æвæрд нæма уыдис, кæм нырма ничи цардис æмæ уым алцыппæт дæр бирæ уыдис – мæнæу, дыргъ бирæ кæм задис. Цæугæ Царциатæ зымæгон сыджыты бын, ныккæндты-иу цардысты, тыгуыргонд сын-иу уыдис, хъæугонд. Сæ табутæ дæр-иу сыджыты бын цардысты. Кæй зæгъын æй хъæуы, табутæ хуыздæр цæрæн бынæтты мидæг-иу цардысты. Сæрдыгон та-иу æддæ уыдысты. Иу дзæвгар-иу куы баззадысты ацы ран, уæд цæугæ табутæ сæхи æндæр ранмæ-иу истой. Уыцы рæстæджы, Царциатæ кæм цардысты, уым хъæддаг сырд дæр бирæ уыдис – арс, бирæгъ æмæ уыдон Царциаты хъыг дардтой: сæхи дæр æмæ мидахуыр цы фос дардтой – гал, хъуг, сæгъ, дзыгъуын(1) , теуа, бæх – уыдон дæр-иу хордтой. Царциаты цæрæн рæтты бирæ уыдис ноджыдæр хъæддаг хуы, сæгуыт, саг, дзæбидыр, хъæддаг сæгъ. Царциатæ куыйтæ дæр дардтой бирæ, уæд фыдызгъæл бирæ уыдис. Табутæ сæхæдæг нæ куыстой, иудадзыг сæ адæмы æккойы бадтысты, змæлын сæ кодтой, кусын сæ кодтой. Табутæ сæ адæмы хæсджын-иу кодтой, хæдзары фос, лæгимæ цы фос фидыдта – гал, бæх, теуа, мæргътæ алыхуызон – фылдæрæй-фылдæр куыд кодтаиккой. Ацы фæллойтæ иууылдæр табуты хъуыдысты, уыдон сæ хордтой. Сæ цæрттæй та арæзтой дарæстæ: зымæгон æнæлопойæ æмæ лопойæ та дардтой сæрдыгон, астæуæй уæраджы онг. Сæ адæмæн-иу табутæ хъæды сырдтæ дæр марын кодтой æмæ сæ цæрмттæ та æмбырдæй сæхицæн æрбахæссын-иу кодтой. Цуанмæ-иу куы ацыдысты Царциатæ, уæд сæ разæй цыдис-иу сæ табу. Сырдыл йæ алыварс-иу æртыхстытсты æмæ-иу æй лæдзгуытæй мардтой. Царциатæ кæм цардысты, уыцы бæстæты алцыппæт дæр задис, дыргъ зæгъæм – фæткъуы, кæрдо, сæнæфсир дæр, афтæ мæнæу, хор, уæлдайдæр æфсиртæй. Уæды заманы кæрдæгау-иу задис мæнæу. Цæхæрадон уæды рæстæджы ничи зыдта. Афтæ, цыдæриддæр задис дыргъæй – иууылдæр задис хъæды. Иу ныхасæй, алы дыргъ, цыдæриддæр уыдис, уый уыдис иууылдæр хъæддаг. Цы хæлцаг-иу ссардтой Царциатæ – мæнæу зæгъæм, хор зæгъæм – уыдон Царциатæ дард рæттæй бæлæгътæй-иу ластой сæ хæдзæрттæм. Мæнæуы хъуыдыдæй, хоры хъуыдыдæй Царциатæ чъинатæ арæзтой, артыл-иу æй бадардтой, ацарыдтой йæ æмæ-иу æй афтæмæй хордтой. Чъинатæ табуйæн дæр æмæ сæ бинонтæн дæр-иу хастой æмæ афтæ лæггад кодтой уыдонæн. Хус мæнæу, хор згъæлстой æмæ зымæгмæ дæр-иу æвæрдтой. Хъæды цъæрттæ стыгътой, уыдонæй мигæнæнтæ бастой, къæртатæ дæр арæзтой æмæ уыдоны мидæг зымæгмæ дæр-иу æвæрдтой. Ацы хæринæгтæй дæр Царциатæ сæ фылдæр табутæн-иу хастой. Дыргътæ дæр-иу хастой табутæн. Иу ныхасæй, Царциатæ цы дзæбæх-иу ссардтой, уый-иу табутæн хастой. Иуæй-иу ран Царциатæ афтæ дæр-иу арæзтой, æмæ зымæджы хæлцæй цы мæнæу, цы хор сын-иу баззадис иннæ æрцыдмæ, уый-иу апырх кодтой сыджыты уæлæ, хъæдын лæдзджытæй-иу баасæстой сыджыты. Иу кæцыдæр табу-иу куы джиз дардта иннæ зылды Царциаты адæмы, уæд-иу ацы æндæр зылды адæм йæхи табуйы-иу æрбахуыдта æмæ йын-иу хъаст кодта: - Мæнæ ацы æмæ ацы табу йæхæдæг æмæ йæ адæм мах хъыг дарынц, нæ сывæллæтты, нæ устыты, нæхи нын скъæфынц æмæ нæ хæрынц. Чи хъаст кодта, уыцы Царциаты адæмы-иу сæ табу æрæмбырд кодта æмæ-иу алæбурдта, чи сæ-иу джиз дардта, уыцы табумæ. Афтæ-иу фæхыл сты: фыццаг-иу табутæ кæрæдзийыл сæхи ныццавтой, стæй, чи-иу фæтых ис, уыцы табу иннæ табуйы адæмы йæхи-иу фæкодта æмæ ноджыдæр уымæн йæ сывæллæтты дæр-иу бахордта. Кæд-иу йæ адæм нæ састис, уæд-иу уымæн йæ адæмы дæр-иу бахордтой. Фæбынæй табуйы та-иу уæрмы мидæг ныппæрстой æмæ-иу уым стонгæй амардис. Йæ адæм та фæтыхджын табуйæн-иу загътой: - Мах дæ уазæг, мах ницы сайæм, мах сæрра кодта нæ табу. Мах дæр амæй фæстæмæ дæуæн кувдзыстæм, дæуæн нæ кувинаг дæтдзыстæм æмæ дæуæн лæггад кæндзыстæм. Рæстæг-иу уыдис Царциатæн, æмæ уыцы рæстæджы, табуйы æнцойбон, дам, хъуамæ-иу сæхи табуйы æрбакодтаиккой æмæ уымæн кусæрттагæн лæджы-иу хъуамæ аргæвстаиккой, ма, дам, нæм фæхъыг уа нæ табу. Ацы æнцойбоны рæстæджы Царциатæ сæхи табуйæн ноджы сывæллæтты дæр-иу лæвæрдтой хæрынæн. Уæд æгас тыгуыры Царциатæ табуйæн йæ разы-иу æрæмбырд ысты æмæ заргæ-кафгæ табуйæн афтæ-иу дзырдтой: “Ой, йæ рынтæ бахæрæм Нæ бæрзонд табуйæн, Бæрзондыл нын чи бады, Нæ разæй нын чи цæуы, Мах чи хъахъхъæны Алы фыдбылызæй, Алы æнаккагдзинадæй Мах чи хизы. Барст ын уæд Æмæ хæлар ын йæхицæн, Нæ табуйæн нывонд чи у!” Æмæ сывæллон дæр табуйæы раз рацу-бацу кодта. Царциаты æхсæн æнамонддзинæдтæ афтæ бонæй-бонмæ цыдысты, фæлæ Царциатæн иттæгдæр амонд уый уыдис, æмæ уыдон иттæг дæсны адæм уыдысты. Кæд Царциатæм аразæнгарз уайас нæ уыдис æмæ сæм цы уыдис, уый дæр рæстмæ нæ уыдис, уæддæр-иу Царциатæ дынджыр бæлас æд уидæгтæ зынджы æххуысæй фелвæстой-иу сыджытæй, йæ астæуыл-иу алыг кодтой ноджыдæр зынджы æххуысæй, стæй йæ хуылфмæ-иу арт бандзæрстой æмæ скъуырф-иу æй кодтой, æмæ афтæмæй-иу бæлæгъ сарæзтой. Йæ мидæг-иу бацыдис ацы бæлæгъæн дыууисæдз-æртиссæдз лæджы. Царциатæ сæхи арæзт бæлæгътæ-иу ластой æндæр адæмтæм æмæ сæ-иу уым адæймæгтыл ивтой. Кæй зæгъын æй хъæуы, Царциатæ адæймæгты кæнæ сывæллæтты иуыл хæрынæн-иу не ‘рбакодтой. Иуæй-иутæн зæнæг-иу нæ уыдис æмæ сывæллон йæ зæрдæмæ-иу куы фæцыдис, уæд-иу йæхицæн сывæллон, куыд йæхи зæнæг, афтæ-иу æй схъомыл кодта æмæ-иу йæ лæппу хуындис. Царциатæм канд иунæг ацы дæсныдзинад нæ уыдис. Бирæ æндæр æмæ æндæр дæсныдзинæдтæ уыдис уыдонмæ: цармæй дзаумæттæ кæнын, æмпъузын. Ацы хъуыддаджы мидæг дæр дæсны уыдысты иттæг. Уæды рæстæджы Царциатæм хæцæнгæрзтæ нæ уыдис æмæ уыдон хъæбæр хъæды лæдзджытæ зынджы æххуысæй-иу ысцыргъ кодтой æмæ афтæмæй æрцытæ арæзтой. Иу дæсныдзинад сæм Царциатæм ноджы уыдис уый, æмæ уыдон доны бын бонцæуыттæ цыдысты. Цыдæриддæр кæсаг-иу уыдис доны мидæг, дынджыр кæсаг, кæцыйы хъуыдис доны бын амарын, кæннод доны бын кæсаг йæхæдæг амардтаид лæджы, ахæм дынджыр кæсаджы-иу Царциатæ цыргъ уæхсты æмхасæн доны бын сæхæдæг-иу амардтой, æмæ-иу æй уæлæмæ сластой. Азтæ цыдысты, рæстæг цыдис, æмæ Царциатæ куыд æфсæн мигæнæнтæм дæр хызтысты, куыд хæцæнгæрзтæм, афтæ гæрзтæм дæр. Ахызтысты афтæ сыджыты мигæнæнтæм дæр – хъуырæуттæм, дурынтæм, цъæчитæм æмæ æндæртæм. Царциатæм ноджыдæр уыдис сыджытæй агтæ æмæ-иу сæ мидæг фыхтой мæнæу, хор, куыд сæхицæн, афтæ уæлдайдæр табуйæн. Царциатæ фыдызгъæл хомæй дæр хордтой, уæлдайдæр кæсаджы. Хъæдын гарз аразынмæ дæр ахызтысты Царциатæ, куыд хæдзар аразынмæ, куыд хидтæ аразынмæ æмæ æндæртæ. Ацы дæсныдзинæдтæм Царциаты сæхи алæвардтой иттæг хорз, фæлæ се ‘намонддзинад уый уыдис, æмæ се ‘хсæн фыдбылыздзинад æмæ цъаммардзинад тыхджын æмæ тыхджындæр кæй байдыдта. Афтæмæй цыдис бирæ æмæ бирæ рæстæг. (Стр. 223-229).
1 дзыгъуын – къамбец, кадæггæнæг куыд бамбарын кодта.
источник: Царциаты таурагъта. Владикавказ, 2008. |