Къаукъазæн лæппу райгуырдис, кæцыйæн йæ ном схуыдта Ирон. Цыдæриддæр уыдысты къæлæтджынтæ, уæлæсинтæ, дæлæсинтæ, алкæмæн загъта: - Абонæй фæстæмæ не ‘гъдæуттыл чи цæуа, уый хуындзæнис ирон æмæ иуыл хондзысты сæхи мæ лæппутæ иронтæ, куыд Нартийы цот. Уый ус Нарти хуындис. Рацыдис та рæстæг æмæ Къаукъазæн райгуырдис дыккаг лæппу дæр, кæцыйæн радта ном Къив. Хъомыл байдыдта ацы лæппутæ. Табуты кой сæфын байдыдта. Цыдысты мæйтæ æмæ азтæ. Æгас Царциатæ, цыдæриддæр уыдысты, цыдысты æмæ лæгъстæ кодтой Къаукъазæн: - Мах дæр дæ фыццаг лæппуйы номыл иронтæ стæм ныр, мах аппæрстам Царциаты æгъдæуттæ. Къаукъаз æнæнхъæлæджы стыхджын ис. Къаукъаз æмæ Нартийæн та райгуырдис æртыккаг лæппу. Йæ ном та радтой Гæрæм. Цыдысты йæм хурыскæсæнæй, хурныгуылæнæй, йæ рахиз фарсæй, йæ галиу фарсæй цыдæриддæр уыдысты æмæ йын лæгъстæ кодтой Къаукъазæн: - Де ‘гъдæуттæ иттæг хорз сты æмæ сæ мах исæм. Мах дæр иууылдæр стæм иронтæ, дæ хистæр лæппу ирон куыд у дæ зæрдиаг, мах дæр афтæ айс. Рæзтис æмæ рæзтис Къаукъазы дзыллæ. Иу ныхасæй, Царциаты адæмæн нал ис уромæн. Иуыл цыдысты куыд иу фарсæй, афтæ иннæ фарсæй Къаукъазмæ, Дзауы комыл, Дзæуæджы комыл, бæхфæндагыл. Абон дæр ма Къаукъазы æгъдæуттæм гæсгæ баззадысты номæн ирон адæмы æхсæн Дзæуæджы хъæу, Дзауы ком. Се ‘хсæн уыдис бæхы фæндаг, уымæн æмæ дзæуæджытæ цыдысты Къаукъазмæ. Нартийæн та райгуырдис цыппæрæм лæппу – йæ ном та Гуыдзи. Къаукъаз афтæ сфидар ис æмæ йæхæдæг зилын байдыдта, куыд йæхи цæстæй федтаид, хъуыддаг куыд уыдис, дзырдта сын – лæг хæрын нал ис, цъаммардзинад хъуамæ фесафат. Райгуырди та лæппу Къаукъазæн, йæ ном та – Æрмæг. Ирон – хистæр лæппу – кæд нырма æнæхъомыл у, фæлæ афтæ дæсны у, æмæ Къаукъазæй бирæ хъадджын нæу зондæй, кæд нырма лæппулæг у, уæддæр йæ къæлæтджынтæ, йæ уæлæсинтæ, йæ дæлæсинтæ фылдæрæй-фылдæр байдыдтой, стыр зæрдиагæй архайынц æмæ кусынц Къаукъазы æгъдæутты тыххæй. Къаукъазæн йæ цæст кæй онг æххæстис, уыдон дзæбæх сфидар кодта. Цæуын байдыдтой бæлæгътæй дæттыл къæлæтджынтæ, уæлæсинтæ, дæлæсинтæ æмæ æвналын байдыдтой æддæты дæр. Къаукъазæн та лæппу райгуырдис. Уымæн та йæ ном радтой Уырси. Къаукъаз йæ хистæр лæппуйы, Ироны, арвыста къæлæтджынтимæ, уæлæсинтимæ, дæлæсинтимæ иумæ уыцы табуты ныхмæ, кæцытæ нырма сæхи нæ радтой Къаукъазæн, æмæ сæ адæмы тыххæй хæцын кæнынц Къаукъазы æгъдæутты ныхмæ. Ирон йæ къæлæтджынтимæ, уæлæсинтимæ, дæлæсинтимæ байдыдта бырсын уыцы фарс табутыл, кæдæм æй арвыста йæ фыд. Уый æдде та Ирон уым хъуамæ сфидар кодтаид Къаукъазы æгъдæуттæ. кæд табутæ тыххæй урæдтой сæ адæмы æмæ сæ тыххæй хæцын кодтой Ироны ныхмæ, уæддæр Царциаты адæм-иу куы базыдтой, цæй тыххæй хæцы Ирон æмæ цы æгъдæуттæ хъуамæ æрхæсса, уæд-иу мингай лыгъдысты табутæй æмæ сæхи лæвæрдтой Иронæн, нал сæ фæндыди хæцын табуты æвварс. Царциатыл айхъуыстис хъæр, иууылдæр бирæ рæттыл сæ табуты Царциатæ сæхæдæг дæр, дам, цæгъдынц. Лæмæгъ кодта табуты тых. Уымæ гæсгæ иттæг тагъд лыгъдысты табутæй Царциаты адæм, æмæ Ироны тыхтимæ лæууыдысты. Иронтæ фылдæрæй фылдæр кодтой, æмæ тыхджын æмæ тыхджындæр кодтой. Къаукъаз Царциатимæ тохы мидæг уæлахиз куы кодта, адæймаджы хæрын куы сафта, адæмæн куы дзырдта: амæй фæстæмæ, дам, адæймаджы фыд хæрæн, дам, хъуамæ мауал уа, ног æгъдæуттæ, дам, хъуамæ æрæвæрæм, зæгъгæ, уæд ацы дзæбæх фæндтæ куы хъуыстой иннæ адæмтæ, уæд уыдон дæр цыдысты Къаукъазмæ æмæ йын дзырдтой: - Мах дæр айс дæ лæппу Ироны номыл, куыд дæ хъæбултæ, мах дæр иронтæ уыдзыстæм. Ноджы рæзтис æмæ рæзтис Къаукъазы дзыллæ. Райгуырдис та лæппу Къаукъазæн, Дайран та йæ ном. Къаукъазы лæппутæй чи хъомыл кодтой, уыдон афтæ лæгъстæ кодтой Къаукъазæн: - Ауадз нæ къæлæтджынтимæ, уæлæсинтимæ, дæлæсинтимæ, Царциаты басæттынмæ. Бонæй бонмæ размæ цæуынц иронтæ æмæ сæ тых фылдæр æмæ фылдæрдæр кæны. Къæлæтджынты, уæлæсинты æмæ дæлæсинты къухты кæцы Царциатæ хауынц, уыдон нал дзурынц мах, ома, Царциатæй стæм, иууылдæр дзурынц: - Мах, дам, иронтæ стæм, мах, дам, Къаукъазы лæппутæ стæм. Къаукъазæн, цалынмæ йæ лæппутæ нæма рахъомыл сты, уалынмæ уый нырма афтæ дæрдтæм нæ цæуы, нырма тæрсы йæ цотæн, мачи сæ адава. Йæ урс бæхыл сбады Къакъаз. Дзæуæджы хъæуы ‘рдæм дæр акæсы, Дзауы комы ‘рдæм дæр акæсы. Уый зоны: уыдон сты Царциаты кæмттæ. Къаукъаз-иу касти йæ бæхы хъустæм æмæ йын-иу бæх хъустæ разил-базил кодта. Уыцы ‘рдæм-иу адардта йæ хъус, кæцы ‘рдыгæй уыди табутимæ тыхджындæр хæст. Уымæй-иу базыдта Къаукъаз, кæцырдыгæй фылдæр æххуыс хъæуы. Бæхы хъус ын-иу амыдта. Иу лæппу та райгуырдис Къаукъазæн. Ном ын радта Апха. Нарти – сывæллæтты хицау, цырддзæстæй кæсы сывæллæттæм æмæ сæм иттæг хорз зилы. Кæд сывæллæттæ нырма æнахъомыл сты, уæддæр сæ фыды тагъд-тагъдæй афæрсынц: - Нæ æрвыст æфсымæртæ кæм сты? Чи зоны, æххуыс сын хъæуы, уæд мах дæр цæттæ стæм, ма тыхс, нæ фыд Къаукъаз, кæд мах нырма æнахъомыл стæм, уæддæр де ‘знæгтæн ницы ауадздзыстæм, æгас Царциаты мах сирон кæндзыстæм. Йæ лæппуты æрвиты хæстмæ Царциаты табуты ныхмæ. Арвыста та Къивы хурыскæсæны фарсы ‘рдæм, йемæ та йын Къаукъаз радта тыхтæ: къæлæтджынты, уæлæсинты, дæлæсинты. Уыцы рæстæджы хæцæнгæрзтæ ахæм нæ уыдысты, гъеныр цы хуызæн сты, фæлæ уыдысты лæдзджытæ, дуртæ. Дынджындæр уæрмытæ-иу скъахтой, сæхуыдтæг-иу дард бамбæхстысты, бæлæстæ-иу акалдтой æмæ-иу сыфтæртæ уæрмытыл бамбæрзтой. Куы-иу бахæццæ сты къæлæтджынтæ, уæлæсинтæ, дæлæсинтæ Царциатæм, уæд-иу фæстæмæ ралыгъдысты æмæ-иу сæ фæдыл расайдтой Царциаты æд табутæ æмæ-иу афтæмæй уæрмыты нызгъæлыдысты. Уыцы ран-иу цы Царциатæ баззадысты, уæрмыты-иу чи хаудысты, уыдонæн сæ тых-иу фæлæмæгъ æмæ сæ-иу къæлæтджынтæ, уæлæсинтæ, дæлæсинтæ æнцонтæй-иу бырстой, ахстой-иу сæ. Уыди-иу афтæ дæр, æмæ уыдон, чи-иу баззадысты, уыдон сæ хылæй сæхæдæг цыдысты къæлæтджынтæм æмæ сын-иу лæгъстæ кодтой: - Ма нæ амарут, мах дæр иронтæ стæм, мах дæр Къаукъазы лæппутæ стæм. Ацыдис азтæ æмæ та Нартийæн лæппу райгуырдис – Лæгкъиз. Мингæйттæй лидзынц Царциатæ Къаукъазы къæлæтджынтæм, уæлæсинтæм, дæлæсинтæм, лæгъстæ сын кæнынц: - Айсут нæ уе ‘хсæн, нæ тыхтæ сиу кæнæм æмæ иумæ хæцæм табуты ныхмæ. Никæйы уал фæнды Царциаты табутимæ цæрын. Царциатæ цыдæриддæр уыдысты, куыд дзырдтам, иудадзыгдæр цардысты доны былтыл. Ницæуыл фæлмæцыдысты хæринагыл къæлæтджынтæ, уæлæсинтæ, дæлæсинтæ. Царциатæ доны мидæг куыд кæсаг, афтæ рацу-бацу-иу кодтой æмæ донæн йæхимидæг кæсæгты мардтой æмæ дзæбæх минас кодтой. Къæлæтджынты, уæлæсинты, дæлæсинты стонгæй нæ уагътой. Рацыдис азтæ, мæйтæ, бонтæ æмæ Нартийæн та райгуырдис лæппу – Лази. Кæд нырма лæппутæ æнæхъомыл сты, уæддæр зондæй тынг æххæст сты æмæ Къаукъаз æрвиты хурныгуылæнырдæм ноджы иу лæппуйы – Гæрæмы. Къаукъаз йæ æфцджытыл рацу-бацу кæны уæлбæхыл, йæ бæхы хъустæм кæсы. Цыма бæх амоны, кæм иттæгдæр хæст ис æмæ зындзинад ис. Къаукъазæн уыцы бæх комкоммæ амоны, кæм иттæгдæр хæст ис, кæм дзы хъæуы баххуыс кæнын. Кæд æвзагæй нæ дзуры бæх, уæддæр йæ хъустæй афтæ амоны, цыма Къаукъаз сахуыр ис йæ нысæнттæм æмæ æмбары бæх цы амоны. Уыцы ‘рдæм Къаукъаз цæттæ кæны æхсæвæй-бонæй. Рацыди та рæстæг æмæ та Къаукъаз ноджы æрвиты хуры ныгуылæны рахисфарсырдæм Гуыдзийы æмæ Æрмæджы. Ацыди та азтæ, мæйтæ, бонтæ æмæ Къаукъаз æмæ Нартийæн лæппу та райгуырдис. Ацы лæппуйæн та Къаукъаз æмæ Нарти ном радтой Мангол. Кæд нырма нæма рахъомыл сты Уырси æмæ Дайран, уæддæр æрбацыдысты сæ фыд Къаукъазмæ æмæ йын загътой: - Ауадз мах дæр, не ‘фсымæртæн баххуыс кæнæм. Ратт нын къæлæтджынты, уæлæсинты, дæлæсинты æмæ цæуæм не ‘фсымæртæн æххуыс кæнынмæ. Æмæ иумæйагæй басæттæм не ‘знæгты: табуты æмæ Царциаты. Къаукъаз сæ арвыста хурыскæсæнырдæм. Рæзынц кæстæр æфсымæртæ. Цæттæ кæнынц сæхи æхсæвæй-бонæй. Уаты улæфынц æмæ мæт кæнынц – не ‘фсымæртæ, дам, тынг зын хъуыддаджы сты æмæ, дам, мах ам адджынæй фынæй кæнæм. Кæд нæма рахъомыл сты, уæддæр Къаукъаз ноджы арвыста хурныгуылæнырдæм дыууæ лæппуйы – Апхайы æмæ Лæгкъизы. Ацыдысты та азтæ, мæйтæ, бонтæ æмæ Къаукъазæн æмæ Нартийæн райгуырдис та лæппу, кæцыйæн ном радтой Фарсу. (Стр. 235).
источник: Царциаты таурагъта. Владикавказ, 2008. |