поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
6. АЗНАУРИ КАДÆНГÆ
Автор: 00mN1ck / 2 ноября 2007 / Категория: Хицан кадджытæ
Таухъани фурт Ибахъ ку адтæй;
Азнаури мæгур йеунæг уод
Ка бахуардта, йе ба Сау-Ногъай
И бæрзæйгин Сидахъ-æлдар ку адтæй.

Азнаурæн æ уосæ ба Абайти кизгæ
И рæсугъд Кумусхан уæд ку адтæй,
Æ йенцег æрвадæ ба Хъайтухъи фурт
Хамурз-æлдар уæд ку адтæй.

Хамурз-æлдар Азнаурмæ уæд ферветуй:
«Æрцо, Азнаур, ме 'нцег æрвадæ,
Мах ба æрбатæрæн Сау-Ногъай
И бæрзæйгин æлдар Сидахъи бæхæргъау».

Уоци хабар фегъосгæй, Азнаур
Æ уосæ Кумусхани рæсугъдмæ бадзоруй:
«Тагъд мæ рарæвдзæ кæнæ,
Æз ба дæлæ Сау-Ногьай бæхæргъау æрбатæрон».

Сау рæсугъд Кумусхан дæр дин
Зонæнгин кæми н 'адтæй,
Æма ин дзиуаппæн загьта:
«Æз дæ уæд исрæндзæ казндзæнæн,
Æма мæнмæ марддзогойнæ
Байсати Дзæнæй разæй мардæгъдаугæнгæ
Ку 'рбацæуиуонцæ
Æма сæ цæстисуг, йехæ 'врагъау, мæнмæ ку хъæрта.
Æма и уæллагон думгæ сау дзиккоти
Пæскъутæ мегьи стугау ку хæсса,
Æз ба мæ уорс базгутæ пъæстугай ку тонон,
Æма мæ сау дзиккотæ мартъий метау
Тъæпбилæй ку калон,
Æз ба дæ гъе уæд исрæвдзæ кæндзæнæн».

Азнаур ба ин загъта:
«Нæ-а, æз мæ уоди тасæй нæ ниллæудзæнæн!» —
«Уа-нæ-уа дæр кæд нæ лæууис,
Уæд мæ цæгат Абайтæмæ

Сау уйрæгтæ сау хъумæцтæ
Беурæ æрластонцæ, æма дин
Сау даритæй мæ сау фæлуст
Дæ рацудмæ уæд исрæЁдзæ кæндзæнæн».
Азнаур æ уоси дзурдмæ кæми байгъуста,
Бауадæй æма æ борцъух бор аласабæл
Æ сау саргъ æнгом февардта
Æма ин йе 'лвасæнтæ итинг æрбалваста.

Æ уæле кæрдагæ сау хъæндзал кард æрбаста,
Йе 'хсагæ хъæрæймаг топп дæр æрауигъта,
Йе згъæр, йе згъæр цæнгтæ 'ма йе згъæр ходæ дæр
Æ уæле æркæнгæй, ранæхсдæрæй.

Хъосбарти хедмæ ку нихъхъæрттæй,
Уæд уоми æ йеунæг косæг Майрæнхъул
Æ уæргутæбæл тæрсæ 'ндзалæ тæссармæ 'ривардта
Æма уотемæй йеци хедбæл æрбадтæй.

Майрæнхъул ин загъта:
«Йеунæгæй мæ ку уадзис, мæгурæй.
Уа-нæ-уа дæр мæ кæд уадзис йеунæгæй,
Уæд мæ бафæдзæхсæ Айдаболти
Дзандарæй, Дзæрæхмæтæй йескæбæл».

Азнаур ин загъта фæстæмæ дзиуаппæн:
«Гъе, хъулхъасхан, ду дæр ма мæ фингæбæл
Ку сæвардтай», — æма уотемæй æ бæх
Ниццæвтæ гæнгæй æ йеу фæрсти багæпп ласта.

Уотемæй уайун байдæдта
Æма Хъайтъухътæмæ нихъхъæрттæй.
Æ борцъух бор аласай исфæсахсæн кодта
Æм.а æ сау нимæтæй æхе бамбарста, — рарæхсдтæй.

Уæд æрбайгъал æй æма хæдзарæмæ бацудæй.
Хамурз-æлдарæн æ фун радзурдта:
«Æз аци бон фæууидтон дессаг фун, —
Мæ бæхи цуппар къахей астæуæй
Баллон берæгъ 'фелвæстæй
Æма мæ цъæх арцæй æрбарæхуста.

Йеци фу.н ци уодзæнæй, уомæн неци зонун мæхецæн».
Хамурз-æлдар ин загъта дзиуаппæн:
«Нæ уоди тасæй нæбал байзайдзинан мах,
Фал цæудзинан нæ надбæл».

Ранæхстæрæнцæ 'ма цæунтæ байдæдтонцæ.
Уæд ин Азнаур загъта фæндагбæл:
«Хамурз-æлдар, мæнæ мæ рæвæг дэауматæ
Райсæ дæхецæн æнцонæн».

Хамурз-æлдар æрбайста Азнаурæй
Æ хъæрæймаг — æргъæвагæ топп,
Æ сау хъæндзал — кæрдагæ кард, йе згъæр, йе згъæр ходæ,
Йе згъæр цæнгтæ 'ма сæ æргæлста æ уæле.

Уалинмæ рахъæрттæнцæ Стур Ногъай бæстæмæ
Æма рагъæр кодтонцæ Сау-Ногъай и устур
Бæрзæйгун æлдар-Сидахъи бæхæргъаубæл
Æма сæ сæ разæй тæрунтæ байдæдтонцæ.

Уалинмæ сæ Сау-Ногъай содзгæ фæдес сорунтæ байдæдтонцæ.
Хæстæг кæнун сæмæ ку райдæдтонцæ,
Уæд сæмæ раздæр исхъæрттæй Сидахъ-æлдар
Æма сæмæ дзоруй: «Фæццæун уæ фæнддзæнæй,
Фал нæ фæццæудзинайтæ!»

Уотæ рæхги бастадæй Хамурз-æлдари бæх.
Азнаур имæ уæд дзоруй: «Мæнæ хуæздæр бæхбæл ду рабадæ».
Хамурз-æлдар рабадтæй Азнаури борцъух бæхбæл
Æма ибæл, ниццæвтæ гæнгæй,
Фæллигъдæй æ уоди тасæй.

Азнаур æй ралгъиста: «Мæ тæрегъæдæй дæ
Хуцау æгад æлдарæй фæццæрун кæнæд
Биасланти астæу, æма дин синони хай
С' астæу макебал радтæд».

Азнаурæн Хамурз-æлдари аласа ку бастадæй,
Уæд загъта: «Мæнæн аци бон мæ борцъух бæх,
Мæ сау хъæндзал — кæрдагæ кард,
Мæ хъæрæймаг — æхсагæ топп, ме згъæр, ме згъæр ходæ,

Ме згьæр цæнгтæ мæхемæ ку адтайонцæ,
Уæд искодтайиæ Сау-Ногъайæн æноомæ
Тангъада 'ма тамаса,
Адæмæн ба æносон дессаг æма æнбесонд».

Уалинмæ 'й, Азнаури, исаййафуй Сидахъ-æлдар
Æма ймæ дзоруй: «Гъой, гйаур, церкес!..
Фæццæун дæ фæнддзæнæй, уадзæг дæ ку уа, уæд!
Цæвæ, гъе нур, лæг кæд дæ, уæд!»

Азнаур имæ, йе 'ргон рахатгæй, дзоруй:
«Цæмæн дæ цæвон? — Мæ борцъух аласабæл
Æз ку нæ бадун, ме 'хсагæ хъæрæймаг топп,
Мæ кереке, ме згъæр, ме згъæр ходæ, ме згъæр цæнгтæ
Æма мæ сау хъæндзал — кæрдагæ кард мæнмæ ку нæ 'нцæ».

«Мæ фидистæн, æдта æз иттæг йефтонг дæн!» —
Зæгъгæ имæ дзоруй и бæрзæйгин Сидахъ-æлдар,
Æма ибæл исуадзуй и бæдæйнаг хъæрæймаг топп,
Æма и налат фат исæнбæлуй Азнаурæн æ зæрди сæри.

***

«Æз дæр æдта дæу фагæ йефтонг ба исодзæнæн!» —
Азнаур имæ уотæ дзоруй фæстæмæ,
Æма ибæл æ уруссаг топп, фелвасгæй, исуадзуй
Æма Сидахъ-æлдарæн æ тæккæ тæрнихи исæнбæлуй.

Сæ дууæ дæр бæхтæй рахаунцæ
Æма кæрæдземæ æрхæстæгунцæ
Æма сæ кæрæдзей фæрсунтæ райдайунцæ:

«Кæмæй æй, ка ци æй», — зæгъгæ, йеу инней бафæрсуй,
Уалинмæ йетæ дууæ æнхуæрифурти разиннунцæ,
Кæрæдзебæл кæунтæ, лæдарунтæ райдайунцæ,
Йеу инней нæ зонгæй ке рамардта, уой туххæн.

«Цн дин кæнон? — Азнаурмæ дзоруй Сндахъ-æлдар,
«Мæнæ мæ бæх уæддæр хуæздæр æй,
Æма ибæл рабадæ, цæмæй дæ
Уæддæр уæ бæстæбæл банцойнæ кæна».

Бæхбæл рабадгæй, Азнаур ранæхстдæрæй,
Цæунтæ байдайуй æма бахъæртуй Лæути гьæумæ.
Лæути гъæуи дони хеди гъоси æ уодæн нæ бал адтæй
Æма æ бæхæй æрфестæгæй зæнхæмæ.
Уалинмæ уæллагон думгæ разилдта сихирна.
Азнаур уой фæууингæй загъта:
«йа уæу-уæй! Сихирна дæр ма сæдæ цъаси уогазй
Мæ фæрсти пæр-пæргæнгæ разилдæй,
Æз ба ами, Лæути дони хеди гъоси, м 'адзал куд фæккæндзæнæн».

Уæд уотемæй нæуæгæй бæхбæл исбадуй,
Цæунтæ байдайуй æма бахъæртуй Байсати гъæумæ,
Æ иуазæгдонæмæ бацæуй æма хъурмæ кæнун байдайуй,
Хъурмæ кæнун байдайгæй Азнаур, загъта:

«Мæ сон ка 'й, йе Хъайтухътæй йенцег исхæссæд, —
Баллон берæгъау æнбалхуар йетæ куы 'нцæ.
Мæ сон ка 'й Абайтæй дæр кизгæ ракорæд, —
Се 'лгъистæ ка й, йе сау хъæндзал кардау 'кæрдуй».

Уотемæй ма тæрхъосдзарæй дууæ уафси бахуйун кодта
Æма иуазæгдони рацо-бацо гæнгæй син
Сæ дæлфæдтæ исхаун кодта.
Уой фæсте ламазлухъ æриста,
Æма, хуцаумæ баковгæй, æ уод исиста.

Кадæг ракодта Салæгаты Бадзай, дала-фæндырæй цæгьдгæйæ, Устур Дигора, 1898 аз. Ныффыста йæ Собиты Инал Тотырыхъы фырт.
ЦИНИИ-йы архив, фольклор № 11, папкæ 5, ф. 304—315.
Дигорские сказания по записям дигорцев И. Т. Собиева, К. С. Гарданова и С. А. Туккаева, с переводом и прымечаниями Всев. Миллера. Труды по востокове-дению, издаваемые Лазаревским институтом Восточных языков, Москва, 1902 год, стр. 51—57.


«ИРОН АДÆМЫ СФÆЛДЫСТАД». Фыццаг том. Салæгаты Зоя. Орджоникидзе 1961.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru