Хъримаг медагъодæмæ ка 'ртаста, Йе Æнзорати мæнгæй Æнзор ку адтæй. Саулох байраг мади губунмæ ка 'ртаста, Йе Æнзорати мæнгæй Æнзор ку адтæй. Æ мадæ, æ фидæй æхе æнæтæрегъæд ка искодта, Йе Æнзорати мæнгæй Æнзор ку адтæй, Уæд йеу афони Биасланти хуарз æлдæрттæй йеу ку рацудæй: – Фонс фæккæнæн 'ма фæххæтæн! Уæд ку исфæндæ кодтонцæ: – Нæ хæтдзæ муггагæй лæг кæстæрдзинадæн ку уаидæ! Уæд Борухъуати хуарз Борухъо ку загъта: – Æз уин иссердзæнæн. Уæд Æнзорай-фуртмæ минги Æнзормæ ку иссудæй, Йе ба æ мадирвадæ ку адтæй. – Биаслантæ дæ агорунцæ кæстæреуæг кæнунмæ, 'Ма ма базинадæ кæнæ æма исаггаг кæнæ! – Рацудæнцæ, æма æ хæтдзæ Биаслантæмæ æрбацудæй. Ку 'срæвдзæ 'нцæ, уæд Балки синдзæмæ, уосæнгтæмæ, Кизгуттæ 'ма лæхъуæнтæ хастонцæ. Уæд Цæцæни хуарз лæг ку адтæй, Æ ном Цопан ку фæууй, Цопан. Йе ба дин, загъта, Авд комемæй тог ку дардта 'Ма уæд ку загъта: – Цæуон æма Биаслантæмæ фæццæуон, Адæмти кæрæдземæн Хуцау хуарзæн искодта, 'Ма мин кæд фæййагъаз уиуонцæ. – 'Ма сæмæ ку ниццæуй, 'Ма Балки синдзи агорун ку райдайуй, 'Ма сæ изæрæй æрæгиау иссирдта. Салам син зæгъуй; Салами фæсте син уайдзæф ку бакæнуй: – Ходуйнаг уин нæй, Биаслантæ, тар синдзи бадун, Хуарз æлдæрттæ ку айтæ! Сирд дæр æ уодæн ку фæттæрса, Уæд синдзæмæ æдасæн ку ледзуй, Уæд сумахæн ходуйнаг нæ 'й, Биасланти хуарз адæм? – Лйагъæ сæмæ ку фæккастæй 'Ма Æфси туппурмæ сæ бунат ку раййевунцæ. Уоми ба син бунат гæс æнæраййевгæ Æнзорати мæнгæй Æнзор ку адтæй. Уæд бафæлмаст æй 'ма сæбæл æ зæрдæ худтæй, Фал син зæгъун ба нæ фæразта, Уой тухæн, æма мæ йесгæд куд нæ раййевунцæ? Уæд йеу бон ку адтæй, Уæд уони фæсте Терки атагъамæ бацудæй 'Ма уоми фæрæ бæласи сæрмæ исхизтæй 'Ма уордиги кастæй, 'Ма уæллæй Дзулатæй дууæ кизги Бонвæрнон стъалути хузæн ратахтæнцæ 'Ма Терки сæхе æртадтонцæ, гъазтонцæ. Йетæ ба адтæнцæ Дзулати бадæг Азаухан-рæсугъд æма æ хъувгъандзау кизгæ. Ку фертадтонцæ, Уæдта сæ хъæппæлтæ скодтонцæ. 'Ма ратахтæнцæ 'ма сæ бунатмæ иссудæнцæ. Йе дæр уæдта æрхизтæй бæласи сæрæй, Хор ма мæнги адтæй, уотемæй, 'Ма æ бунатмæ æрбацудæй 'Ма син хуæруйнаг кæнунмæ бавналдта. Уалинмæ хор дæр рафтудæй, 'Ма æмбурд кæнун райдæдтонцæ Биасланти хуарз æлдæрттæ, 'Ма сæмæ хуæрун цудæй, 'Ма син хуæруйнаг цæттæ н 'адтæй. Сæ зæрдæ худтæй, Фал имæ дзорун ба нæ бафæразтонцæ. Уæдта æ мадирвадæ Борухъуати хуарз Борухъо дзоруй: – Йе, мæ хуæрифурт, ходуйнаг дин æй! Биаслантæн кæстæр рацæугæй, Хуæруйнаг син цæттæ цæмæн нæ фæразис? – Йе ба загъта: – Ци кæнæн! Æз дæр бафæлмæст дæн алли бон бадунæй 'Ма уæртæ Терки атагъамæ рацудтæн, 'Ма уоми саг фехстон, 'Ма æ фæдбæл фæххадтæн 'Ма мæбæл баирæги æй. – Йе ба йин загъта: – Уой дæр дин Хуцау дæхе амонд искæнæд! – Уæдта йин Æнзорай-фурт загъта: – Сæйгæ кæнун, мæ уод мæ кеми нæ 'й, 'Ма цæугæ кæнун. Æхсæвæ фæййевгъудæй. Ку 'рбон æй, уæдта син раарфæ кодта 'Ма Терки билæмæ бацудæй, 'Ма нимæт æ буни æркодта, 'Ма марди арæзт æхе никкодта. Уæд Майрæнбон ку 'рхъæрттæй, Уæдта бабæй рацудæнцæ Дзулати бадæг Азаухан-рæсугъд ма æ кизгæ 'Ма бабæй Терки æртадтонцæ сæхе. Кæнуй дунгæ, 'Ма Æнзорай фурти нимæт фæхъхъел кодта, 'Ма 'й хъувгъандзау кизгæ райидта, Йе бабæй ци 'й, зæгъгæ. Уæд зæгъуй: – Цæуон, Æз ба'й фæййинон, циуавæр æй? 'Ма йимæ æрбацудæй Терки билæмæ; Æ сæргъи æрлæудтæй 'Ма йин хъæбæр æртæрегъæд кодта: – А, уæй-уæй, – зæгъгæ, загъта, – Рамæлунмæ æвгъау адтæ, Аци хуæрзконд уогæй! – Раздахтæй 'ма загъта Дзулати бадæг Азаухан-рæсугъдæн: – Мардæй лæууй уæхæн лæхъуæн, 'Ма йимæ цæститæ кæсунæй не 'фсæдунцæ. – Мадта 'й бабæрæг кæнон, – загъта, – Æнзорати мæнгæй Æнзор ма разиннæд, Уæхæн конд уомæн йес, зæгъгæ, 'Ма йимæ бацудæй. 'Ма йимæ куд хæстæгдæргæнгæ цудæй, Уотæ йимæ мæрдæгъдаугæнгæ цæун байдæдта. Уæд æ нивæрзæн исбадтæй 'Ма кæуй, гъарæнгæ кæнуй: – А, уæй-уæй, – зæгъуй, – мæ киндзи цæунæй дæр ма Дууадæс анзи ку фæббадтæн, Дæумæ æнгъæлмæ гæсгæй. – Уотемæй фæккудтæй, – Уæдта имæ фæллæбурдта Æнзорати мæнгæй Æнзор Дзулати бадæг Азаухан-рæсугъдмæ 'Ма 'й æ цонги гъолæй раахæста. Уæд бахудтæй кизгæ ма йимæ дзоруй: – Фудмуггаг лæги æгъдаубæл ма рацо, Мæ зæрдиуаг мин кæми базудтай, уоми, Фал мæ рауадзæ, Æз ба мæ дарæс мæ уæле искæнон. – Исæйуагъта, 'ма æ дарæс æ уæле искодта 'Ма æ сæрти ратахтæй 'Ма йимæ ходуй 'ма йимæ дзоруй: – Нæ базудтай! Уарий ахæст мæ æркодтай, Фæстæмæ ба мæ сау халони уагъд ракодтай! Нур ба æз дæ къохи нæбал уодзæнæн уотемæй: Дæлæ Ногъай будури сæдæ хадзи йес, Сæ дини куст кæнунцæ, 'Ма сæ хæтдзæ сæдæ бæхи ес; 'Ма уони ку ратæрисæ, Уæдта уони хæтдзæ Ногъай гъæутæй Кизгæ 'ма лæхъуæн ку рахæссисæ, 'Ма устур фæдес дæ фæсте ку рацæуидæ, 'Ма сæ ку ниццæгъдисæ, Сæ йеугæйттæ ка фæууа, Йетæ ба ледзунбæл куд фæууонцæ, уотæ. Дæхуæдæг дæр хуарз цæфтæ ку фæууисæ 'Ма Бонгæси туппурмæ ку иссæуисæ, Ку 'рфестæг уисæ уоми 'Ма дæ нимæт дæ буни ку никкæнисæ, Уæдта дæ бæхбæл ку исбадисæ 'Ма лæхъуæн 'ма кизги ку рауæйæ кæнисæ 'Ма син сæ аргъæй хурдзинтæ ку баидзаг кæнисæ, Хурдзинтæбæл мæйи 'ма стъалути нивтæ ку бафтауисæ 'Ма мин уони, бон цъæх куд кæна, Уотемæй Дзулатмæ ку 'рбахæссисæ; Сæдæ бæхи Дзулати коми ку бауадзисæ, Дæхуæдæг ба мæ рæзти ку рагъазисæ 'Ма мин дæ хурдзинтæ ку 'рбагæлдзисæ, Уотемæй дæмæ ку фæццæуон, Æндæра дæ къохи нæ бафтуйдзæнæн. – Хуцау дин ма бакомæд! Ду мин, ме 'стæг ка басæтта 'Ма мин мæ фид ка батайун кæна, Уæхæн силæ разиндтæ! Цæй, бавзарон, 'ма мин кæд йести бантæса! – Исбадтæй 'ма Ногъай будурмæ бацудæй Ма хадзитæн сæ бæхтæ ратардта, Кизгæ 'ма лæхъуæн дæр Ногъай гъæутæй рахаста, Куд ин загъта, уотæ. Ма йибæл фæдес рацудæй, Ма сæ ниццагъта, Еугæйттæ ма дзи æризадæй, Ма йетæ гъæутæмæ фæллигъдæнцæ. Æхуæдæг дæр цæфтæ фæцæй 'Ма рацудæй 'Ма Бонгæси туппури цори æрфестæг æй. Æ нимæт æ буни раитудта, æ ронæ фехалдта, 'Ма фати цъæлæй æ къохи бунмæ йин ка 'ркалдæй, Йетæ йин æ къæхтæ рамбарзтонцæ. Ку бакувта Хуцауæн, уæдта сахари Кизгæ 'ма лæхъуæн рауæйæ кодта 'Ма хъазар хъумæцтæй хурдзинтæ байдзаг кодта 'Ма сæбæл мæйæ ма стъалути нивæ бафтудта. Рацудæй ма Дзулатæмæ, Бон куд ивадæй, уотæ бахъæрттæй. Бæхти Дзулати коми бакодта, Æхуæдæг ба æ бæх ниццæфтæ кодта 'Ма æхси цæлхъитæй Дзулати къæрæзгитæ æризгъалдæнцæ. Æ хурдзинтæ имæ багæлста. 'Ма йимæ дзоруй: – Æнæрай си искæнæ, – зæгъгæ, – гъа! Йе дæр йимæ къæразгæй, астæуæй уæлæмæ æхе радардта, 'Ма йимæ дзоруй: – Гъе нур дæу дæн, Æнзорай- фурт! – Йе ба йин зæгъуй: – На, – зæгъуй, – Æз дæ дзурдтæ мæ сæрмæ не 'рхастон, Æндæра дæу хузæн гатдзатæй, донбæл ка хæтуй, Уонæй ци кæнун?! – Æ бæх ниццæфтæ кодта 'Ма йимæ фæстæмæ дæр нæбал фæккастæй, Уотемæй Æнзорати иуазæгдони размæ æрлæудтæй, 'Ма 'й æ бæхæй æристонцæ 'Ма 'й бахастонцæ иуазæгдонæмæ. Дзулати бадæг Азаухан-рæсугъд уой ку базудта, Цæфтæ ке фæцæй, уой, Уæд æхе исаразта 'Ма æ фæсте æрбацудæй. Уомæ сæйгæфæрсæг адæм цудæнцæ, 'Ма балæдæрун кодта: – Арæбин, æз дæр сæйгæфæрсæг æрбацудтæн, 'Ма мæ ку бауадзиуонцæ, Адæм æ разæй ку рандæ уиуонцæ, Нæхе нин ку ниууадзионцæ, уотæ.– Рандæ кодтонцæ адæми, 'Ма йимæ бацудæй Дзулати бадæг Азаухан-рæсугъд, 'Ма сæйги нивæрзæни исбадтæй, 'Ма йин æ билтæбæл æ билтæ ниввардта, 'Ма сæйгæн æ гъæлæси ниууолæфтæй 'Ма ин, æ хурфи фати цъæлæй ка бацудæй, Уони æ уолæфти хæтдзæ æндæмæ ракалдта. Йе ба адтæй Хуцауæн æцæг уод 'Ма йин искурдиадæ адтæй, 'Ма йеци дзинæдтæ æ къохи адтæнцæ, Дуггаг хатт ниууолæфтæй, 'Ма, цæфти медæг хæран фид ка 'дтæй, Уони ракæдзос кодта. Æртиггаг хатт ниууолæфтæй, Ма цæфтæ кæдзос фид æвæрун байдæдтонцæ. Уæдта нибберигъта ма рабадтæй 'а загъта: – Æллæх, Хуцау! Мæнæ цæйбæрцæ бафунæй дæн! – Уæд йимæ бахудтæй кизгæ ма йин загъта: – А, уæй-уæй, куд фæттарстæ, Ку банæлæг дæ дæ топпи цæфтæй! Æнгъæлдæн æма мин неци лæг разиндзæнæ! – Æхецæн æй уæдта уосæн исаггаг кодта, 'Ма цæрун байдæдтонцæ. Æнзоратæ уой цæуæт æма Дзулати бадæг Азаухан-рæсугъди цæуæтæй иссæнцæ.
Радзырдта йæ Саулаты Дзæрæх, 19 март, 1910 аз. Чырыстонхъæу. Ныффыста йæ Дзагурти Губади. ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А., опись 1, дело 5. ф. 123–132.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |