Хъæбæрде, Хъæбæрде кæмæй адтæнцæ? Тасолтанти Солтанбий-æлдарæй. Уомæн адтæй авд лæхъуæни æма йеунæг кизгæ. Æ авд лæхъуæнемæн уоститæ æрхудта; Æ кизги ба лæгмæ нæма равардта, Уотемæй адзали сæйгæ фæццæй. Æма уосиат кодта æ лæхъуæнтæн: – Нивæрзæн адзали нисан æй, Ка 'й зонуй, æз мæ дуйнейæй Ку рахецæн уон, Уæд уæ йеунæг хуæрæбæл Дзурд ма бафтауетæ, Цалдæнгæ мæ адзали бонæй Афæй рахецæн уа, уалдæн! Рамардæй Солтанбий-æлдар. – Æ афæдзи бон æрхъæрттæй; Тасолтанти авд æнсувæри Рарвистонцæ аллирдæмæ, Нæ хуæри дæтгæ кæнæн, зæгъгæ. Æмбурд кæнун райдæдтонцæ Алли æрдæгæй уосгортæ; Æрæгиау байгъустæй йеци хабар медхонхмæ; Хæмицати Хæмици фурт мæнкъæй Хæмиц уой ку фегъуста, уæд загъта: – Цæй, мах Дигорæ дæр, Бабæрæг кæнæн йеу хатт. Байзадан къуми æлхъивдæй! Ракурдта над сæ зæрæндтæй Æма рацудæй сау хъадирбæл. Надбæл, ку ниххæстæг æй, Уæд фæййидта берæ бæхгинтæ 'Ма дес кодта: «Атæ ци уонцæ? Мæрддзогойнæ уонцæ, Æма мæрддзогойни цуд ку нæ кæнунцæ; Киндзхонтæ уонцæ, æма йе куд уа?» Уæд имæ исхъæрттæнцæ, Æма сæ фæрсуй: – Ци 'й а, ци 'рдæгæй, Кæми адтайтæ? – Æма йин загътонцæ: – Тасолтанти авд æнсувæри Сæ йеунæг хуæрæ Фатъимæт-рæсугъди Дæтгæ кæнунцæ. Æма мах дæр уомæ фæццудан. Хæмицай-фурт фæрсуй: – Мадта кутемæй исæздахтайтæ? – Æ сæри аргъ ин хъазар кодтонцæ, Солтанбий-æлдари уосиат авд фуртемæн: Ка 'й зонуй, уæ хуæрæбæл дзурд ку 'фтауайтæ, Уæд уин æ сæри æмаргъ йе уодзæнæй. Сау Ногъайи æлдари бæхтæй Сæдæ бæхи ка 'рбатæра æд урситæ, Æма йейæ нæ бон не 'ссæй. Рандæй уотемæй Хæмицати Хæмиц; Бацудæй Тасолтантæмæ уосгори æгъдауæй; Райиндзурдтонцæ авд æнсувæри Сæ йеунæг хуæрæн æ сæри аргъ: – Сау Ногъайæй сæдæ бæхи ка 'рбатæра æд урситæ, Уомæн ратдзинан нæ йеунæг хуæри. Хæмиц син загъта: – Цæуон, мадта махмæ дæр Йес хестæртæ; Уони бафæрсон. Æ над рафæливта Æма рандæй Ногъай æлдармæ. Сæумæ бонивайæни æрбахъæрттæй бæхæргъауи хæтдзæ, Сæдæ бæхи æрбатардта æд урситæ, Æртæ сæ уæлдай. Тасолтантæн сæ галауани сæрти Цъеу, маргъ нæ тахтæй; Хæмиц ба син се 'фсæн дуар Йе 'хси фиййæй бакъуæрдта Æма сæдæ бæхи бакодта, Æртæ си уæлдай, тургъæмæ. Æхуæдæгка сæ астæу Сау нимæти æрбахустæй. Фатъимæт ракастæй Æма дзоруй: – Тасолтантæ, бун бацайтæ, Æндæмæ ракæсетæ, Нæ тургъæ бæхæй байдзаг æй! Ракастæнцæ авд æнсувæри Æма дзорунцæ Хæмицмæ: – Ци дæ, йе циуавæр дæ, Дæ цæсгом нæмæ равдесæ! Фестадæй Хæмиц 'ма дзоруй, – Æз дæн Хæмицати Хæмиц, – зæгъгæ. Дзорунцæ Тасолтантæ: – А ци дессаг æй, Сæдæ бæхи 'ма сæдæ бæхи æнцæ, Фал ма дин æртæ уæлдай Ци уодзæнæнцæ? – Уони дæр уин зæгъдзæнæн, – Зæгъгæ, загъта Хæмиц, – Уонæй йеу уодзæнæй, Дигорон æгъдауæй, мадирвади бæх. Тасолтантæ бабæй дзорунцæ: – Уомæн бунат иссердтай, Фал ма дин а дууæ ци уодзæнæнцæ? Хæмиц син загъта: – Дуггаг ба уодзæнæй Дигорон æгъдауæй, цæсгоми хъумац. Тасолтантæ дзорунцæ: – Уомæн дæр бунат иссердтай, Фал ма дин æртиггаг ци уодзæнæй? Хæмиц син загъта: – Йе ба уодзæнæй колдуари бæх. Тасолтантæ равардтонцæ Фатъимæт-рæсугъди Хæмицай-фуртæн. Рандæй Хæмицай-фурт бийнонти хæтдзæ. Ци рацудæй, Хуцау зонуй, Уæд 'нæуарзонтæ цъухтæ хæссун байдæдтонцæ Тасолтантæмæ: – Уæ йеунæг хуæри уин Хæмицай-фурт Курондзау æма фагусхæссæг искодта! Еци æфхуæрд Тасолтантæ Сæхецæн не 'саггаг кодтонцæ Æма рамбурд æнцæ сæ фæсевæд: Сæ хуæри бæрæг кæнунмæ ранæхстæр æнцæ коми думæгмæ. Уæд сæбæл исæмбалдæй Хæмицай-фурт, Расæмæфестæгæй æма сæбæл бацийнæ кодта; Уалдæн син загъта: – Ранæмæхæстæгуотæ, Уæ хæтдзæ цæуинæ, Фал махмæ дæр хестæртæ йес Æма мин æй ходуйнаг искæндзæнæнцæ, Кегъæре уæ нæ гъæуй! Раарфæ кодтонцæ кæрæдземæн. Хæмицай-фурт æхе ку фæззилдта, Уæд йин æ фæтæн уонтæбæл Никкалдтонцæ. Уой ку рамардтонцæ, Уæд рандæнцæ, Цæуæн нæ хуæри рахонæн, зæгъгæ. Бацудæнцæ сæ хуæрæмæ; Бадзурдтонцæ тургъæй сæ хуæрæмæ: – Ранæмæкæсæ! Сæ хуæрæ сæмæ дзоруй: – Неци уæмæ рацæудзæнæн æндæмæ, Медæгмæ рацотæ! Уæд сæ кæстæри барвистонцæ, Цæугæ, нæ хабар йин ракæнæ, зæгъгæ. Сæ кæстæр ку бацудæй, Уæд авари рæсугъддзинадæ, Æ дарийти пæр-пæр æма авари авгин фæрстæ Уомæ дессаг кастæнцæ æма загъта: – Мæнæ ци рæдуд фæккодтан, зæгъгæ, Æма æ зæрдæ багъар æй. Уæд сæмæ Фатъимæт рацудæй: – Хуцау уи ма 'сарази уæд, Æнгъæлдæн 'ма цидæр бакодтайтæ. Загътонцæ йин йетæ дæр: – Цъухтæ нæмæ фæххастæй, Æма дин дæ лæги, Хæмицай-фурти, рамардтан! – Хуцау уи ма сарази уæд, Уайтæгкидæр, аци цард мæнæн Æгæр æвгъау адтæй, – зæгъгæ, Æма бацудæй хæдзарæмæ Æма кæрдæн æ дууæ дзедзей астæу рацафта Æма рамардæй. Уæд Тасолтантæ рацудæнцæ Æфхуæрдæй сæхемæ. Хæмицай-фуртæн йе 'нсувæр Адтæй коми думæги хуасæ кæрдуни; Хабар йимæ ку райгъустæй, Уæд сæ размæ бабадтæй; Гагадзагъд сæ никкодта. Сæ хауæггаг – ледзæггаг, Сæ ледзæггаг ба хауæггаг фæцæй, Уотемæй Хæмицатæ æма Тасолтантæ Рахецæн æнцæ кæрæдземæй.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 126, папкæ, ф. 517–524.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |