поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Хæмицати Хæмици зар (Вариант)
Автор: 00mN1ck / 16 декабря 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Хицæн кадджытæ
(Вариант)

     Уæлæ устур Тасолтанти авд æнсувæрей фидæ Тасолтан адзали сæйгæ ку фæцæй.
     Æ йавд лæхъуæнемæн уæд йе ку бауойсат кæнуй:
     – Уæ йеунæг хуæрæ Фатъимæт-рæсугъдæн аргъ искæнун базонетæ. Дæлæ уин устур Ногъайæй сæдæ бæхи ка нæ истæра, уомæн æй ма раттетæ.
     Фатъимæт-рæсугъди уæд коргутæ куд нæ адтайдæ. Бонæ сæдæ, зæгъуй, сæдæ минæвари уæд ку бацæуидæ. Тасолтантæ сæ фиди уойсат æнæ исæнхæстгæнгæй сæ хуæри ку некæмæн дæттунцæ. Фал ке арми æфтудæй устур Ногъайæй сæдæ бæхи истæрун?
     Уалдæнги сæмæ Хæмицати минкъий Хæмиц æ минæвæрттæ бæргæ барветуй.
     Тасолтанти авд æнсувæри уомæн дзуапп уæд ку раттунцæ:
     – Мах нæ фиди уойсат нæ нийхалдзинан. Устур Ногъайæй сæдæ бæхи ка 'рбатæра, нæ йеунæг хуæри уомæй уæлдай некæмæн ратдзинан.
     Хæмиц уонтæбæрзонд æма сæргубурæй уæд ку раздæхуй. Хъæстæн рæуæг æма зæрдæн дзæбæх хуаллаг уæд ку ракæнун кодта.
     Йе 'нгæрттæ, йе 'рдхæрдтæ, йе 'мбæлттæбæл бæргæ разелуй, йесге уи мæ хæтдзæ рацæуæд, зæгъгæ. Сæ гъос имæ ку не 'рдарунцæ. Мадта æгадæй ба нæ раздæхдзæнæн, зæгъгæ, æ думæггæгтæ æ нарæг астæубæл уæд ку 'рбатохуй. Æ къуæрей бонмæ Тасолтанти тургъæмæ сæдæ бæхемæн æртæ сæ уæлдай, уотемæй сæ уæд ку баскъæруй.
     Фатъимæт-рæсугъд йе 'нсувæртæмæ уæд ку бадзоруй:
     – Ракæсетæ-ма, уæртæ уин уæ фиди уойсат кадæр исæнхæст кодта.
     – Ка уодзæнæй, уæхæн лæгигъæдгун ка разиндтæй?
     Тасолтантæ йимæ авд æнсувæремæй уæд ку рацæунцæ, сæ бæхæргъау ку 'рнимайунцæ.
      А сæдæ бæхи сæдæ 'нцæ, фал ма и'ртæ бæхи ци уодзæнæнцæ?
      Æртæ бæхемæй сæ еу уодзæнæй колдуари бæх, дуггаг ку уодзæнæй мадирвади бæх, æртиггаг ба – уæ фидæ æнгаруарзон адтæй, уомæн æнгари бæх, зæгъгæ, син сæ уæд ку 'рнимауй Хæмиц. Ци ма загътайонцæ Тасолтантæ дæр, сæ фиди уойсат син ку исæнхæст кодта.
     Хæмицати минкъий Хæмиц Фатъимæт-рæсугъди уæридадæгæнгæ уæд ку рахонуй.

Радзырдта йæ Хъараты Мырзабег, 30 июль, 1933 аз, Лескен. Ныффыста йæ Цъеуты Израил.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 20, папкæ 70, ф. 50–51.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru