Хъæрæмсаухалти Хъансаубийæн æрдхуард æлдар-æнгарæ адтæй. Йе 'рдхуард æлдар-æнгарæ йимæ æрцудæй: – Æз нæ фиддæлти æгъдау нæ фесафдзæнæн; Нæуæгосхундæй цæун идард балци. Еу æригон силгоймаг дæ къохи уадзун, Ме 'стур æууæндгин æрдхуард-æнсувæр Хъансауби, Æз некæбæл æууæндун Хуцауæй дæлæмæ дæуæй фæстæмæ, Æрхун кæнун æй ме 'раздагъдмæ ма бауадзæ! Дæ рæсугъд игъæлдзæг дзурдтæ ин алли сæумæ дæр, Алли æхсæвæ дæр куд кæнай, уотæ. Хъансауби йин равардта дзурд: – Дæ зæрдæ ма фехсайæд, ме 'рдхуард-æнгарæ, Йеци устур ихæс мин ме 'рагъи кæми ниввардтай, уоми. Æлдар рандæй афæй балци. Хъансауби дæр иссудæй æма æлдари иуазæгдони æрбадтæй. Хъансауби æгас дзиллити астæу адтæй Истур номдзуд, истур кондгин лæг. Æлдари уоси размæ цудæй алли сæумæ дæр. Хъæбæр рæсугъд игъæлдзæг дзурдтæ æ цори фæккæнидæ Æма фæстæмæ раздæхидæ. Мудгун махсуми хъæзин* æ рази дардта, Уой йин баниуазун кæнидæ æмæ уотемæй рацæуидæ. Изæрæй дæр æ цормæ бацæуидæ, Алли гъазæн дзурдтæ фæккæнидæ, Фæстæмæ-еу рацæуидæ. И æлдари уосæ Хъансаубий зæрдибунтæй ниууарзта.
Æ унæути йимæ минæвæрттæ кæнун байдæдта. Хъансауби адтæй истур æууæндгин лæг Æма гъуддаг æндæр хузи æвдиста. Йе 'рдхуард-æнгарæн йе 'рцæуни бæнттæ ку 'рхæтдзæ 'нцæ, Уæдта йибæл æлдари уосæ æмæ æ унæут баунаффæ кодтонцæ: – Кæми нин нæ дзурдмæ нæ баигъуста, Уоми нæбæл æлдари ардаудзæнæй Æмæ нæ исафун кæндзæнæй! Æ махсуми хъæзини йин алли лæгъузеугутæ никкæндзинан, Цæмæй фæммард уа, уомæй. Сæ дуггаг унæут сæмæ игъуста, Сæ алли дзурдтæ дæр син фегъуста, Хъансаубимæ рацудæй унæут æма йин загъта: – Сæ коммæ ке нæ бакастæ, Уой туххæн, дæ махсуми хъæзин ка 'й, Уобæл дин алли лæгъуздзинæдтæ кæндзæнæнцæ Æмæ дин æй ниуазун кæндзæнæнцæ. Сæумæй бацудæй, æ рæсугъд зонæндзинæдтæй Фæстæдæр нецибал ниууагъта, Уотæ йин алли рæсугъд дзурдтæ фæккодта, Махсуми хъæзин æ къохи 'ривардта. Искувта: – Мæнæн аци махсуми хъæзин, Мæ фæстаг бон ка 'рхæтдзæ кæндзæнæй, Уæхæн æй, æмæ мин ме 'рдхуард-æнгарæн Мæ раст дзурдтæ, ме 'ууæнкæдзинадæ Ка базонун кæна, Хуцау йеу уæхæн игъосæг Разиннун кæнæд. Махсуми хъæзин ка 'дтæй, уой, Хуæрзæбонæ, хуæрзæбонæ, ме 'рдхуард-æнгарæ кæнгæ Уотемай баниуазта. Хъæбæр зиндзинади хæтдзæ иуазæгдонæмæ рацудæй: Æ рæсугъд сау закъæ ка 'дтæй, Йе æ тæккæ бунтæй æркалдæй; Æ рæсугъд сæригъун дæр æркалдæй; Æ кæдзос бауæрбæл алли лæгъуз нез фæззиндтæй.
Æрцудæй æ хæдзарæмæ Йе 'стур нондзуд кизгæ Таубече йибæл Зæрдибунтæй никкудтæй: – Ме стур нондзуд фидæ! Дæ рæсугъд сау закъитæ дæ уæле ку нæбал æнцæ, Уотемæй мæмæ æрцудтæ! Алли лæгъуз незтæ дæбæл фæззингæй, Уотемæй ку 'рцудтæ! Æ рæсугъд уосæ Хъæнтинæ дæр йибæл Зæрдибунтæй никкудтæй: – Хуарздзинадæ кæнунмæ ку фæццудтæ, Лæгъузеугути хæтдзæ ба нæмæ æрцудтæ! Райста мæгургори хурдзинтæ: – Хуæрзæбонæ, хуæрзæбонæ, мæ уарзон бинойнаг Хъæнтинæ, Мæ уарзон кизгæ Таубече, Хуæрзæбонæ рауотæ, хуæрзæбонæ! Æз цæун истур дзиллитæмæ хуасагор. Мæ марди хабар уæмæ йесгæцæй ку 'ригъуса, Уæд мæбæл зæрди бунтæй никкæуетæ! Рацудæй. Дзиллитæбæл хæтун байдæдта. Йеу истур ногъайаг гъæумæ ниццудæй. Уоми, ка 'рзæронд æй, уæхæн истур цæрæнтæмæ бакастæй. Хæдзарæмæ хæстæггомау дууæ иуазæгдони. Хæдзарæмæ хæстæгдæр ци иуазæгдонæ адтæй, Уордæмæ бараст æй. Иуазæгдонæмæ бацæугæй йин Хани уосæ æ фæсонтæ рауидта. Хани цæрæнтæ адтæнцæ, Хан æхуæдæг рамардæй, Фал уосæ ба ма баизадæй. И уосæ уæхæн уосæ адтæй, Æмæ берæ бæнтти нæ фæццардæй хани хæтдзæ. Æ унæутмæ исдзурдта: – Иуазæгдонæмæ уæхæн лæг бацудæй, Æ фæсонтæ йин рауидтон, Æма некæд фæййидтон уæхæн хуæрзконд лæг! – Æ унæутмæ исдзурдта: – Тагъд цæугæ æма 'й бабæрæг кæнæ! Рацудæй унæут. Иуазæгдонæмæ йимæ бакастæй æма йин загъта: – Мæнæ æфсинæ фæрсуй,циуавæр дæ, зæгъгæ. – Йе ба йин загъта: – Хуасагор лæг, фæллад лæг дæн. Аци бунат уæхæн бунат æй, Æма берæ ка баиуазæг кодта, Уомæ гæсгæ æрбацудтæн, Зонгæ ба 'й нæ кæнун, Ке иуазæгдонæ 'й, уой. Унæут ба йин загъта: – Хани 'уазæгдонæ 'й. Хан æхуæдæг рамардæй, Æ уосæ ба ма баизадæй ами. Рацудæй унæут æма загъта и уосæн: – Йе уæхæн иуазæг æй. Незæй æфхуæрд æй, Фал уой дзухæй адгиндæр æз нæ фæййидтон. Рарвиста: – Цо, мадта 'й ардæмæ æрбакæнæ, Мæнæ дæмæ æфсинæ дзоруй, зæгъгæ. Хъансаубий бахудта æфсини цормæ. Хъæбæр лæмбунæг æй бафарста æфсинæ Хъансаубий æ гъуддæгутæбæл. Æ хабартæ йин Хъансауби дæр радзурдта, Уæдта йин Хъансауби загъта: – Æнæлæг хæдзарæмæ ке 'рбацудтæн, Уой мин бахатир кæнæ, Аци æхсæвæ мæ де 'уазæгдони бауадзæ, Фæллад лæг дæн, æнæхъарæ. Æфсинæ йин загъта: – Хæлæф ма ракæнæ, Бауолæфæ, – зæгъгæ йин загъта. – Дæ незти туххæй дæр дин Амал гъæуамæ ами æрцæудзæнæй. Хани уосæ йимæ зелун байдæдта, Æ незтæ мингидæр кæнун байдæдтонцæ. Уæдта 'й йеу бонæ бафарста: – Дæ незтæй дзæбæхдæри туххæй Нецæбæл гурусхæ кæнис дæхебæл? – Дзæбæхдæр кæнун байдæдтон, Мæ зæрдæ хъæбæр рохс кæнун байдæдта. Йе ба йин загъта: – Ами æз уæхæн хæдзарæ дæн: Мæ бæхгæстæ истур бæхæргъæутти хæтдзæ будури 'нцæ, Мæ фиййæуттæ дæр истур фусти дзогти хæтдзæ будури 'нцæ, Мæ гъонгæстæ дæр уотæ. Нур ба хецау нæййес, мæхецæй фæстæмæ, – зæгъгæ, йин загъта. – Æрцæрæ мæ хæтдзæ, – зæгъгæ йин загъта Мæйи бонмæ дæ, дæ мадæй куд райгурдтæ, Уотæ æнæнез бунати ниввæрдзæнæн æз. Хъансаубийæн æ зæрдæ хъæбæр фесхуаста: Ме 'стур уарзон бинойнаг Хъæнтини Куд ниууадздзæнæн, зæгъгæ, Абони уæнгæ мæ æнæ зæрдихудтæй ка фæххаста! Лæг ку расагъæси æй, уæдта ин загъта æфсинæ: – Цæбæлдæр расагъæси дæ æма мин 'æй, Корун ди, куд зæгъай, уотæ. Йе ба загъта: – Мæ зæрдæ уобæл расагъæси 'й, Æма мæ къохи йес уæхæн силгоймаг, Æма, æнæзæрдихуддæр адæймаг уодзæнæй, Уой æнгъæл нæ дæн, Ма 'й куд ниууадздзæнæн, – зæгъгæ, йин загъта. – Уомæн ба дин æз хуасæ искæндзæнæн, Хъæбæр имæ куд фезнаг уай, Куд æй ниууадзай, уотæ! Æртæ хатти йин ард бахуæрун кодта, «Куд мæ нæ фæссайдзæнæ æма Мæ хæтдзæ куд цæрдзæнæ», уобæл. Æ нези тухстдзинадæмæ гæсгæ Хъæбæр тухстæй ард бахуардта. Дзурд равардта: – Мæйи бонмæ Дæ фитдзаг уинди дæхе фæййиндзæнæ! Æрцардæй æ хæтдзæ. Дууæ анзи рацардæй. Æ уосæ Хъæнтинæ æма æ рæсугъд кизгæ Таубече, Йетæ сæ гъæуисæри стур бæрзондбæл Стур сау дори сæрмæ исхезиуонцæ, И будуртæмæ фæккæсиуонцæ, Алли цæуæгмæ фæккæсионцæ, Гъе, ци нин фæдтæ, ци, Хъансауби, зæгъгæ. Цæуæг цалинмæ уиниуонцæ, Уалинмæ фæккæсионцæ стур сау дори сæрæй. Ку нæ син разиннидæ Хъансауби, Уæдта истур сау дори сæрбæл Хъæбæр зæрди бунтæй никкæуиуонцæ, Рахезиуонцæ, йеци истур сау дорæй Фæйнæ комидзаги никкæниуонцæ Сæ фур тухстæй, уотемæй рацæуиуонцæ. Йеу бонæ рацудæнцæ æма искувтонцæ: – Цæй, æдта, Хуцау, аци истур сау дорбæл Мах берæ цæстисуг никкалдтан, Æма аци истур сау дор æ медбунати Цуппар цуппæрæн хайи куд рахауа, Æ бунæй ба истур сауæдонæ куд равзура, Æгас дзиллитæн тауæрæхъæн мах номæй куд байзайа! Уæд Хъансаубийæн хани уосæ загъта: – Цо, дæ йеунæг кизги æрхонæ ардæмæ, Æз йин æ мади бунати мадæ уодзæнæн! Хъансауби дæр ранæхстдæр æй, Æ сатæгсау закъæ дæр æ бунатмæ æрцудæй. – Цæун æз, – загъта, Фал ме 'стур уарзон бинойнаги Æз кутемæй исхæран кæндзæнæн, æз? Йе ба ин загъта: – Ку бацæуай æ размæ, Уæд æй мадиард бæгънæг искæнун кæнæ, Дæ уати 'й йеу къолæй иннæ къолæмæ Æртæ хатти рацæун кæнæ: Силгоймаг бæгънæгæй хъæбæр æведауцæ 'й, Дæ уарзондзинадæ си фæххецæн уодзæнæй. Иссудæй æ хæдзарæмæ. Дзиллитæ йибæл æмбурд кодтонцæ, Хъансауби æрцудæй, зæгъгæ. Еу æхсæвæ кæми адтæй, уоми загъта Хъæнтинæн: – Дæхе исбæгънæг кæнæ æма Йеуæрдæмæ дæр æртæ хатти рацо, Иннердæмæ дæр æртæ хатти рацо. – На, уой мин цæмæн аггаг кæнис, мæ сæри хецау, Уæхæн æнаггагдзинадæ мин цæмæн аггаг кæнис? Йе ба йин загъта: – Берæ дзорун дæмæ цæмæн гъæуй, Æз дин ци зæгъун, уой цæмæннæ кæнис? Хъæнтинæ йибæл фæггурусхæ 'й, «Æвæтдзæгæн мæ хæран кæнунмæ гъавуй», Æма, зæгъуй, йеу кæрони ниллæудтæй, Æ дарæстæ раласта, Æ рæсугъд дзигкотæ разæрдæмæ ракалдта, Фæстæмæ ку раздахтæй, Уæддæр файнердæмæ калдта æ рæсугъд дзигкотæ, Æ бауæрæй фæззиннун неци бауагъта. Рацо-бацо æй фæккæнун кодта, Æ бауæрæй фæййинун кæнун неци бауагъта. Хъансауби зæрди бунтæй никкудтæй: – Ме 'стур уарзон бинойнаг мин æ хуарз æгъдауæй Æ бауæр нæ фæййинун кодта! Уæдта ин загъта: – Ме стур уарзон бинойнаг, Гъе, ауæхæн гъуддаг мæбæл æрцудæй, Дæхудæг мин унаффæгæнæг фæууо! – Йеу цуппар бони ма фæллæууæ, Уæдта дин æз дзуапп ратдзæнæн. Хъансаубийæн æ къахæй æ къохмæ Æ дарæс нæуæгæй рацæттæ кодта, Æрбаинсæхаста, Æ рази ин сæ ниввардта: – Гъе, нур ба Таубечей хæтдзæ цотæ, Æма фæндагираст фæууотæ! Абони уалæнгæ дин дæ зæрдихудт цæмæй æрхастон, Уой мин бахатир кæнæ, мæ сæри хецау! – Абони уæнгæ мин мæ зæрдихудт не 'рхастай, Æвдесдзинадæ йин бакодта Хъансауби. – Аци дзауматæ дин æз уомæн исцæттæ кодтон, – зæгъгæ йин загъта, – Берæ дзиллити астæу, берæ адæнти астæу цæудзæнæ, Æма дæ зæронд дарæсти ку рацæуай, Уæд мæ зæрдæн зиндзинадæ кæддæриддæр дæр адтайдæ, Уæдта, ду мæн ке схæран кодтай, Йе берæ адæмтæбæл дæр фегъусдзæнæй, Æма йеци адæмтæ загътайуонцæ: – Уотæ 'й гъудæй йеци адæймаги, Уæхæн нондзуд лæги æведауцæ фæддардта! Гъе нур ба фæндагираст фæууо! – Хъансауби дæр зæрдибунтæй никкудтæй, Æма, хуæрзæбонæ рауо, зæгъгæ йин загъта. Хъæбæр уарзон лæг æма уосæ Йеци сахат кæрæдземæй рахецæн æнцæ. Хъæбæр истур зиндзинади хæтдзæ.
Радзырдта йæ Хъубадты Елхъан Хъуырманы фырт, 18 апрели, 1926 аз, Дзæуджыхъæу. Ныффыста йæ Дзагурти Губади. ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А., опись, I, папкæ I3, ф.109–117.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |