поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Æмбалхуар Хъасболати зар
Автор: 00mN1ck / 16 декабря 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Хицæн кадджытæ
(Вариант)

Уорс хонхи сæрæй ба
Арви гæрæхтау
Топпи гæрæхтæ ку цæуй, гъæй.
Етæ, зæгъгæ, ку игъустæнцæ
Дæлæ Устур Дигорæмæ.
Зæронд лæгтæ, дан,
Нихæси бадунцæ,
Ку бадес кæнунцæ,
Етæ цæй гæрæхтæ уодзæнæнцæ, зæгъгæ.
Уони астæуæй
Æмбалхуар Хъасболат
Ку рагæпп кæнуй:
– Æз æй базондзæнæн,
Нæ читгин хестæртæ.
Зонгæ ба 'й бæргæ фæккæнуй,
Етæ Гуймани топпи
Гæрæхтæ ке 'нцæ.
Ку исæййафуй
Гуймани саги марди сæргъи:
– Хуцау дин берæ раттæд, Гуйман,
Фал ами ци косис,
Ардæмæ Устур Дигори биццеутæ
Къозоти гъазгæй ку схъæртунцæ.
Уæлæ цæуæн уорс айнæги сæрмæ,
Сирдтæ бæлттæй
Кæми хæтунцæ,
Сæгтæ ба æргъæуттæй.
– Мæн фагæ ами дæр ес,
Фал кæд цæуис,
Уæд дæ еунæгæй ба
Нæ рауадздзæнæн.
Ку исхъæртунцæ
Уорс айнæги сæрмæ,
Хъасболат имæ ку бадзоруй:
– Бæндæнæй мæ æруадзæ
Дæлæ еци тæрхæгаумæ,
Æз ба рафæлгæсон идæрдтæмæ.
– Нæ дæ рауадздзæнæн, Хъасболат,
Æз дæуæй фулдæр фæййидтон,
Мæнбæл ести ку 'рцæуа,
Уæддæр фулдæр фæццардтæн –
Ку бафтауй бæндæн
Йæ астæубæл,
Ку æй æруадзуй
Дæлæ тæрхæгаумæ.
Ракæсуй,рафæлгæсуй
Идæрдтæбæл, гъей,
Фал нечи фæййинуй.
Ку исдзоруй Хъасболатмæ:
– Исмæесæ, нечи си ес.
– Есгæ ба нæбал, ей, Гуйман,
Æз дин аци бонмæ
Берæ фæббæлдтæн,
Æз дин дæ уоси
Рагæйдæр берæ ку уарзтон,
'Ма амæй æндæмæ
Мæхе ку уодзæнæй.
Æ болат кардæй бæндæн
Фæллух кæнуй,
'Ма Гуйман къæхæнæй
Ку рахауй.

Радзырдта йæ Цæголты Юри Саламаны фырт, 39-аздзыд, 5 июнь, 1972 аз, Цыкола. Фехъуыста йæ Хъыбызты Бетърейæ (90-аздзыд). Ныффыста йæ Цæголты Бэлæ.
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературæйы кафедрæйы архив, 1972, № 35.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru