Главная > Хицæн кадджытæ > Дзæгъæстухъи фурт Цоппелеуи кадæнгæ

Дзæгъæстухъи фурт Цоппелеуи кадæнгæ


16 декабря 2010. Разместил: 00mN1ck
Саримæ цудæнцæ Æстур Дигорæ фонс кæнунмæ.
Йетæ ба адтæнцæ æртæ лæги.
Сæ йеу – Дзæгъæстухъи фурт Цопеллеу,
Иннæ ба – Уарæсей фурт Дзадза,
Æртиггаг ба – Мамион Хъарадзау.
Дзæгъæстухъи фуртæн æ уосæ
Абайти кизгæ адтæй Фатума-рæсугъд.
Загъта йин: – Кумæ цæуис, Дзæгъæстухъи фурт Цопеллеу?
Мæ цар æ лигъзбæл мæнæн ку æй,
Мæ хузæ æ ирдбæл мæнæн ку æй,
Æрдæгæхсæви уотемæй мæ фарсæй цæмæн истис?
Маргъин гобæнттæй дин дууæ дæ буни ку никкæнун,
Сæмæлазе* гъæццолтæй дин æртигæйттæ дæ уæле ку нимбæрзун,
Бумбули бæзтæй дин цуппар дæ нивæрзæн ку никкæнун,
Уæд уотемæй æрдæгæхсæви мæ фарсæй ку истис!
Уæддæр имæ нæ байгъуста
'Ма цайдани дзаг арахъ райста,
Æртæ æхчини скодтонцæ
'Ма Уасгергий бунмæ бацудæнцæ;
Уоми сæ кæрæдземæн уасхæ равардтонцæ.
Уотемæй уордиги ранæхстæр æнцæ
'Ма Нациуасчи æрдозæмæ æрбацудæнцæ,
'Ма уоми æхсæвæ сæ фусун æркодтонцæ.
Æмбесæхсæвæ ку адтæй, уæд хæнхтæмæ кастæнцæ.
'Ма хонхи цъасæй йеу рохс цудæй.
Цæун имæ байдæдтонцæ
'Ма æхсæвæ бакастæнцæ артмæ хонхи цъасæмæ.
Уоми йеу лæг, æ фур зæрондæй ка ниббитдзеу æй, уæхæн,
Иннæ æ фур битдзеуæй ка низзæрондæй, уæхæн.
'Ма бацудæнцæ ма син хъæбæр гъæдæй ниндзарстонцæ
Æма син артмæ сæ сæртæ тавун райдæдтонцæ
'Ма загътонцæ: – Ци кæнтæ? Ци уин хилæ кæнæн?
Цæмæн нæ маретæ, Хуцау кæмæн нæййес, йеци адæм?
– Хабарбæл уæ фæрсæн, ма нин йести хабар зæгъетæ, –
Нæбал уагътонцæ йетæ ба.
– 'Ма уин ци хабар зæгъæн?
Нурæй тъасхæйдæр некæд иссердзинайтæ Æстур Асий,
Æстонг сæбæл никкодта,
'Ма, æ къахбæл йе 'ркъе кæнунгъон ка 'дтæй,
Йетæ хонхмæ рандæнцæ æ уоди мадзалæн,
'Ма сæ бабæрæг кæнтæ.
Уотемæй раздахтæнцæ 'ма бабæй Нациуасчи æрдозæмæ
Фæстæмæ ниццудæнцæ.
Йеци Уарæсей фурт Дзадза ба къахæй хуарз адтæй,
'Ма ин загътонцæ: – Цæугæ, ма нин бабæрæг кæнæ Æстур Асий,
Йесге си ес æви нæ?
Ма фæццудæй Æстур Асимæ.
Уоми ба гъæунгти бацудæй, 'ма йимæ цъеу дæр нæ ракастæй,
Неке си адтæй силæстæгутæй фæстæмæ.
Йеу хæдзарæмæ бацудæй 'ма уосæн загъта:
– Æстонгæй мæлун, 'ма мин йести хуаллаг ракæнæ, –
Уотемæй нæбал уагъта уоси.
Уосæ ба ин загъта: – Ци дин кæнон?
Æстонг анз нæбæл искодта,
Нæхе сувæллæнттæн дæр хуæруйнаг нæбал йес,
'Ма ма дæуæн ба ци кæнон?
'Ма 'й нæбал уагъта, йес-нæййес,
Уæддæр мин иссерæ, зæгъгæ.
Ку нæбал æй уагъта, уæд рахаста
'Ма йин фондз æхчини искодта,
'Ма си дууæ уоми бахуардта,
Æртæ ба си æ хурдзинти сивардта
'Ма сæ æ хæтдзæ рахаста йе 'мбалтæмæ,
Барæй сæ рахъæртун кодта Æстур Асийæй Нациуасчи æрдозæмæ.
Загъта йе 'мбалтæн:
– Нурæй тъасхæдæр некæд иссердзинан Æстур Асий,
Цæуæн сæ гъæумæ.
Бацудæнцæ Æстур Асимæ
'Ма, цидæр иссердтонцæ къахбæл цæуниау,
Уой сæ разæй ратардтонцæ
Æма сæ Æстулий æфцæгбæл ракодтонцæ.
Уоми ба син се 'ставд цæгъдун байдæдтонцæ,
Сæ листæг ба йесалгъæй (къæхтæй) тардтонцæ;
Сæ рæгъæймаг ка 'дтæй, уони цæнгиуарæ кодтонцæ.
Басиати рæсугъд æфсинттæ ку загътонцæ:
– Саримæ фæццæунцæ фæдеси,
Се 'ставд син цæгъдунцæ,
Сæ листæг син йесалгъæй тæрунцæ,
Сæ рæгъаймаг син цæнгиуарæ кæнунцæ.
Басиати рæсугъд æфсинттæ сæ рæгъæймагбæл кæунцæ.

Радзырдта йæ Салæгаты Даукуй, 27-аздзыд, 10 июль, 1910 аз. Одола, Стыр-Дыгуры зылд. Фехъуыста йæ йæ фыд Бадзайæ. Уый та йæ фехъуыста Куцукты Айдæболæй. Ныффыста йæ Дзагурти Губади.
ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А., опись I, дело 3 а, ф. 13–16.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru