Главная > Хицæн кадджытæ > Хатæги фурт Гуймани зар

Хатæги фурт Гуймани зар


16 декабря 2010. Разместил: 00mN1ck
Уорси сæрæй Йелиай гъæртæ ку цæунцæ.
Устур Дигори устур нихаси
Сæ зæрæндтæ уæзгæ ку дзорунцæ:
– Ци 'нцæ йеци Йелиай гъæртæ,
Ци уодзæнæнцæ?
– Йетæ Йелиай гъæртæ нæ уодзæнæнцæ,
Хатæг æ йеунæг байзайæггаг Гуйманæн
Уосиат никкодта:
Сау айнæги цъæнодгун гъоси
Сугъзæринæй тала сиутæ
Сау дзæбодур хезуй.
Уомæн рамарæн дзурд
Хуцауæй нæййе,
Ду уомæ макæд фæццо!
Нур æвзарæгау хæтæлгъæр
Йе уобæл кæнуй,
Уой хæтæли гъæртæ ку уодзæнæнцæ.
Марауахтæ, кæстæртæ,
Æдта ка бабæрæг кæна?
Туалиати æмбалхуар Хъасболат
Фæннæхстæр уй:
– Æз уин æй бабæрæг кæндзæнæн, – зæгъгæ,
Сау айнæги сæри 'й,
Уорс сиуæ сау дзæбодури
Гъудгæнгæ иссæййафуй.
– Берæ дин Хуцау раттæд,
Хатæги фурт минги Гуйман!
– Гъæйтт, Туалиай-фурт!
Йеумæ нин æй Хуцау равардта.
– Йе дæр хуарз, – зæгъгæ, загъта, –
Фалæ дæлæ сау айнæги бун
Сау тæгæлсæртæй сау тар ку даруй,
Ду мин уонæмæ куд лæууис?
– Кæми, ку нæ сæ уинун, – зæгъгæ,
Билæ 'нгæрон йе ку бацудæй,
Уæд æй йе сау айнæги билæй рагæлдзуй...
Йеунæг дзурд 'ма имæ искæнуй:
– Уаддзалх тогагор, Туалиай-фурт! –
Дагъæн цæфгæнгæ ниффардæгуй.
Æ сау Селæн сау айнæгбæл
Сæдæ зилди никкæнгæй уомæ ниццæуй,
Ниццæуæн имæ йе нæ фæййеруй.
Сау айнæги фарсбæл синдзау
Цæфсгæй йе ниццæуй.
Æ сау ходæ йин тогæй гъолæнттæй
Йе рахæссуй.
Куйдари сæрæй дууæ хатти
Йе ку ниннеуй.
Æ сау уосæ хорбадæни
Уæд ку фесхъеуй.
Æ сау мадæмæ йин ку бацæуй:
– Цидæр æй, уæддæр нæ хæтæгбæл
Цидæр æрцудæй:
Куйдари сæрæй æ куййи гъæр ку цæуй!
Æхседарф имæ раскъæфуй:
– Мæ йеунæг цæмæй фулдæр фæццæра,
Уой йин фестæ!
Дуаргæронмæ æрхъæртуй сау Селæн.
Дуаргæрони хъес-хъес кæнуй:
Уосæ ин дуар фегом кæнуй.
Сау мади размæ сау ходæ
Тогæй гъолæнттæй йе ку æривæруй.
Сау уосæ сау Селæни фæдбæл – æ фæдесон,
Сау Селæн ба – æ гъæргæнæг, –
Уайунтæ байдайунцæ.
Сау айнæги буни йин æй
Сау уоси æ сæргъи балæуун кæнуй.
Мард ку рахæссунцæ.
Æрæгиау дин Туалиай-фурт
Ахæй кæугæ уæд бацæуй.
Сау селæн æ рагъи ку рабадуй,
Йеу балæдæрæг æй уæддæр нæ фæууй.
Ци рацæуй, Хуцау дæсни,
Туалиай-фурт æй* корунтæ
Уæд ку райдауй.
Уæд æй йе ку ракоруй.
Ци фæццæрунцæ, Хуцау дæсни,
Йеу æхсæвæ кæми адтæй,
Уоми дин зелæн дунгæ
Тæгæри тала æрбахæссуй.
Уати дуар игон адтæй 'ма
Æ гъæлæси дзаг Туалиай-фурт
Уæд нихходуй.
И уосæ имæ ку дзоруй:
– Цæбæл ниххудтæ,
Уой мин ку нæ зæгъай,
Адгинæй фæццæрæн нин
Уæд нæбал йе.
Æринæйдзоруй:
– Дæ лæги дин сау айнæги сæрæй
Ку рагæлстон,
Уæд ма мæмæ еу дзурд
Уотæ искодта:
Уаддзалх тогагор, Туалиай-фурт, – зæгъгæ,
'Ма нур ба мæнæ тæгæри тала
Зелæн дунгæ æрбахаста;
Йе мæнæн ци искæндзæнæй?
Рагъæй æ сæрмæ сау уосæн
Æ зæрдæ ниррессуй.
Йе 'гънæгутæ хуйæг йин
Æхе искæнуй.
Ку рафунæй уй,
Æ болат кæрдæн йин
Æ зæрди ауиндзæнти
Йе ку ниссадзуй.
Æхуæдæг æ дууæ думæггаги
Астæубæл ку батохуй.
Хатæги фурти мадæмæ
Уæд ку бадзоруй:
– Мæрдтæмæ гъæрзгæ мабал бацо!
Дæ йеунæги тог дин райстон, – зæгъгæ.
Æхуæдæг æ фиди хæдзарæмæ
Ниффардæг уй.

Фыст æрцыд 1923 азы.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 126, папкæ 13, ф. 17–21.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru