Главная > Хицæн кадджытæ > Хъазибег Бинегори зар

Хъазибег Бинегори зар


16 декабря 2010. Разместил: 00mN1ck
Уарайдæ 'ма уарайдæ-ра,
Уарайдæ, уарайдæ-ма,
Уарайдæ, гъай-гъай, гъеирарæ!
Уа-а, Хъазибегтæмæ Бинегор,
Уарайдæ, уарайдæ,
Гъай-гъай, рирарæ!
Гъе, уæй, æ фонси конд сæдæ, сæдæ, сæдæ фуси
Ку фæуунцæ уомæн, зæгъæ!
Дзурдæй сæ ку раскъæруй
Сау хонхи буни сау хъамилмæ:
– Сæдгæйттæ сæ ку нæ фæууинон,
Уæд сæ не сиздахдзæнæн.
Уæрæйдæ 'ма уæрæйдæ,
Гъай-гъай, рирарæ!
Сау хонхи буни сау лæгæт
Æ бунат, зæгъгæ, уомæн ку 'й
Гъай-гъай, рирарæ!
Гъа-гъа, райдæ, уарайдæ,
Уарайдæ, рирарæ,
Гъай-гъай, рирарæ!

Дессагдæр некæд фæууиндæй, дессагдæр:
Æ нæлфустæ – гали æстæ,
Гъай-гъа, рирарæ!
Æ силæ фустæ – гъоги æстæ,
Гъай-гъа, рирарæ!
Уа-а, уалæнги мин æвдсæронтæ фегъосунцæ:
– Уæхæн дессаг некæд фæууиндæй, уæхæн фонс!
Фæндтæ сæбæл искæнунцæ, фæнди сæртæ.
Дууадæсемæй рацæунцæ, рацæунцæ.
Уалдæнгæ Биаслантæ дæр, гъай-гъай, фегъосунцæ.
Тасолтантæ дууадæсемæй æддæгвæсте ку бацæунцæ æ бунатмæ.
Хъазибег-Бинегор сау хъамили ку фæххезуй, гъай-гъай, рарирæ!
Рæфтбадмæ сæ ку рауадзуй, рæфтбадмæ.
Æ хæтæлтæй заргæ ку цæуй æ фонси фæсте;
Æ боргъос сау нæлсæгъæ сæ разæй, гъай-гъай, рирарæ!
Уалдæнги йимæ Хузми фиййау
Æ хæтæлæй ку ниууасуй, ку ниууасуй:
– Гъе, уæ, Хъазибег-Бинегор!
Ци игъæлдзæг дæ, ци игъæлдзæг!
Дæ бунати дæ маргутæ æртæ къуаремæй,
Уæ дæ размæ ку бадунцæ:
Æвдсæронтæ дууадæсæй,
Биаслантæ дууадæсæй, гъай-гъай!
Тасолтантæ дæр дууадæсæй, гъай-гъай!
Уотæ йимæ нигъгъæр кæнуй, гъай-гъай!
– Уæ-уæ, мадта ци кæнон, – зæгъгæ, йимæ
Ку ниууасуй æ хæтæлæй.
Йе дæр йимæ фæстæмæ бабæй ниууасуй:
– Йа, уа, сæ тонаутæй мин хай кæд бакæндзæнæ, гъай-гъай, рирарæ!
Уæд уомæн мадзал иссердзæнæн, – зæгъгæ йимæ
Ку нигъгъæр кæнуй æ хæтæлæй.
Хъазибег-Бинегор йимæ ку нигъгъæр кæнуй æ хæтæлæй:
– Йа, уа, уасхæ н' астæу, мæ синхон,
Хай нæ, фал дин сæ йеугурæй ку ниууадздзæнæн!
Уонæй мæ райервæзун кæнæ,
Æндæр мæ неци гъæуй, гъай-гъай, рирарæ!
Фæстæмæ йимæ Хузми фиййау ниууасуй,
Ниууасуй æ хæтæли:
– Гъе-гъа, рауадзæ дæ фонси разæй дæ боргъос сау нæлсæгъæ;
Гъе-гъа, ку бахæтдзæ уа дæ бунатмæ,
Фæстæмæ дин пирриститæ 'ма
Сæррæттитæгæнгæ ку ледздзæнæй;
Дæ бæрзæ лæдзæгæй æй ниццæвæ:
– Йа, Хуцау кæмæн нæййе,
Кумæ ледзи, – зæгъгæ, йимæ исдзорæ.
Ду хъурманлухъ кæмæн дæ,
Йетæ ме 'уазгутæ ку 'нцæ,
Уæд кумæ ледзи?
Æвдсæронтæ мæ фиди мадирвадтæлтæ,
Уа-уай, мæнæн ку 'нцæ;
Уарайдæ, уарайдæ 'ма уарайдæ!
И Биаслантæ – мæхе мадирвадтæлтæ,
Йа, уа-уай, мæнæн ку 'нцæ!
Тасолтантæ мæ мади мадирвадтæлтæ,
Йарадæ, мæнæн ку 'нцæ!
Уæд, зæгъгæ, кумæ ледзи?
Гъай-гъай, рирарæ!
Уой, зæгъæ, фегъосунцæ, фегъосунцæ,
Кæрæдземæ уæд исдзорунцæ:
– Нæхе фид ку хуардтан, нæхе фид!
Нур ба сæ рауадзæ, гъай-гъай, дæ фонс!
Ку бацæуай, уæд сæ исуазæг кæнæ;
«Æгас цæуай» син зæгъæ,
Уæдта син зæгъæ:
– Нур ба уæ хъурманлухъ,
Уал æма уал анзи ке гъæуай кæнун,
Уой бахуæретæ, ме 'уазгутæ!
Гъай-гъай, рирарæ!
Хуарз син, зæгъгæ, бахуæрун кæнæ, хуарз.
Ку син æнтæса, уæд æй, зæгъгæ, маци ниууадзæ!
Дæхуæдæг йести агорæг дæхе ракæнæ,
Сæ басæ син ма раттæ,
Уотемæй æй ракалæ!
Гъе нур ба сæ рауадзæ,
Гъе уæдта исбæрæг уодзæнæй,
Ци кæнонцæ, йе исбæрæг уодзæнæй.
Хъазибег-Бинегор раскъæруй,
Æ бунатмæ ку бацæуй, гъай-гъа!
Сау нæлсæгъæ пæррæститæ 'ма
Тæррæститæгæнгæ æ фонси сæрти ку ратæхуй,
Бæрзæ лæдзæг йибæл ку фехсуй:
– Кумæ ледзи? Ме уазгутæн
Сæ хъурманлухъ ду уодзæнæ:
Æвдсæронтæ – мæ фиди мадирвадтæлтæ;
Биаслантæ – мæхе мадирвадтæлтæ;
Тасолтантæ мæ мади мадирвадтæлтæ!
Æз Хуцауæй боз ку дæн,
Уони ке фæййидтон, уомæй!
Сау нæлсæгъæ сæ разæй ниллæуй;
Сау лæгæтмæ уæд бацæуй,
Гъа-райдæ, уарайдæ 'ма уарайдæ, гъай-гъай, рирарæ!
Ку бацæуй уæд сæ æ хъури ку никкæнуй.
– Æгас æрцотæ, ме 'уазгутæ, – ку разæгъуй.
Гъе нур ба фезонгутæ, косарт гъæуй!
Мæнæ уал æма уал анзи
Уæ нивонд сумахæн æй, уæ нивонд!
Ку æрахæссуй сау нæлсæгъæ.
– Гъе, не 'нсувæр, аци фонси астæуæй
Еци сау нæлсæгъæ ма цох кæнæ:
Фонси федауцæ йе ку æй, фонси федауцæ!
Йе, йе нæ бакомуй 'ма 'й ракосарт кæнуй.
Сæ рази син æй ку æрæвæруй, сæ рази.
Уарайдæ, бахуæрунцæ 'й, бахуæрунцæ.
Сæ хестæр ку исдзоруй:
– Уæ, ме 'нсувæр! Дон нин баниуазун кæнæ.
– Гъай-гъай уин баниуазун кæндзæнæн, – зæгъгæ,
Ку рауайуй, ку рауайуй,
Баси агæ æ къахæй ку ракъуæруй.
Уæд дин уарайди, уарайдæ,
Уарайдæ 'ма уарайдæ, гъай-гъай, рирарæ!
Алке йе 'ррæстæй уæд рахауй,
Сæ кæстæр ма уæлгоммæ рахъæртуй,
Баси æ къох ратолуй,
Уой, зæгъгæ, ку растæруй,
Уæд дзурдгъон ма йе ку фæууй, дзурдгъон:
– Йа, Хъазибег-Бинегор! Нæ тæрегъæдæй дæбæл
Сау хонхи сау айнæг
Сау æхгæдæй уæд байзайæд!
Сау хонх йибæл сау айнæг,
Йа, уай-уай, уæд ку фестуй.
Йа, уа, æ сузгъæринæ саутæфтуд хæтæлæй
Уасун бабæй ку байдайуй:
– Йа, мæ синхон, Хузми фиййау,
Сау хонх мæбæл сау айнæг ку фестадæй!
Хузми фиййау йимæ бæргæ ниццæгъдуй:
– Ма дин ку загътон,
Баси гъæстæ сæ ма фæккæнæ, зæгъгæ.
Агæ сæмæ хæстæггомау цæмæ ниууагътай, – зæгъгæ,
Уæд йимæ ниууасуй 'ма уæд уасуй,
– Нур ба дин йеунæг Хуцау батæрегъæд кæнæд!
Мæ къохи дин нецибал йес!
Уалдæнги дин æ саутæфтуд хæтæлæй
Унгæг бони гъарæнгитæ ку уаста, ку уаста.
Æ хæдзарæмæ фегъустæнцæ, фегъустæнцæ.
И уосæ æндегæй согти гъæбес ку хаста,
Уæд æй ку æригъосуй саутæфтуд хæтæли гъæр.
Æ хæдзарæмæ бацæуй, гъай!
Æ мади зæронди рази сæ ку никкалуй, гъай!
– Гъе нæ мадæ! Дæ йеунæг æ хæтæлæй хуарз нæ уасуй,
Нур ба йимæ цæун ку гъæуй, гъай-гъай!
Йа, уæ, бæрæггæнæг, гъай-гъай, рирарæ!
Раимæнæхстæр унцæ, уæрæйдæ,
Æ бунат ин бæрæг кæнунцæ, гъай-гъай, рирарæ.
– Йа, уæй, ци кодтан, ци нæбæл æрцудæй?
Уæд имæ ку дзорунцæ.
Æ хабæрттæ син ку радзоруй, æ хабæрттæ,
– Йа, уа-уай, – никкæнунцæ
Æ мадæ 'ма æ уосæ.
Бæргæ имæ дзорунцæ:
– Ци кæнæн æдта, ци бакæнæн, зæгъгæ.
– Цотæ уæ хæдзарæмæ, – зæгъгæ, сæмæ
Ку радзоруй æ хæтæлæй.
Исон ба мæ бабæрæг кæнетæ,
Кæд йеунæг Хуцау йести ратта
Уæд, йæ-ра, бæрæг уодзæнæй, – зæгъгæ, сæмæ ку радзоруй.
Нур ба мæ боргъос сау фустæ
Кæрæдзей ку хæрунцæ æстонгæй,
Исон ци уа, йе дæр, зæгъгæ, исбæрæг уодзæнæй.
Уотемæй кæугæ, лæдæргæ фæццæунцæ сæ хæдзарæмæ.
И сæумæ йимæ раздæхунцæ фæстæмæ дæр.
– Куд дæ нæ йеунæг, – зæгъгæ, йимæ
Йа-йа, ку дзорунцæ, уарайдæ, уарайдæ 'ма уарайдæ,
Гъай-гъай, рирарæ!
Йа, куд, уæй,
– Йа, уæу-уæй, мæ уорссæр фустæ
Кæрæдзей хуæрун байдæдтонцæ,
'Ма сæмæ, зæгъгæ, ку радзоруй, –
Æндæр хаурздзинадæ мæмæ нецима йе, гъай-гъай, рирарæ!
Исон сæумæ ма мæ бабæрæг кæнетæ,
Кæд йеунæг Хуцау батæрегъæд кæна,
Уæд хуарз, кенæ ба сумах дæр мæгур,
Æз ба сумахæй мæгурдæр,
Сумах ка нæбал фæууиндзæнæй!
Кæугæ, лæдæргæ, фæстæмæ дæр бабæй раздæхунцæ,
Сæумæ дæр æй бабæрæг кæнунцæ.
– Йе, уæу-уай, нæ йеунæг, мæнæ ан,
Ци кæнæн æдта?
– Ци кæнуйнаг айтæ?
Йа, уæу-уай! Йа, уæу-уай! Йа, уæу-уай!
Мæ цъæхсæр уорсфустæ æрдæгхуæрд ку фæцæнцæ, æрдæгхуæрд!
Уомæй уæлдай йеунæг Хуцау неци хатир мин кæнуй!
Гъе нур ба уæ хæдзарæ багоретæ:
Мæнæй уин агъаз нæбал йе!
Хъазибег-Бинегор сау айнæги ку фесæфуй, гъай-гъай, рирарæ!

Азарыди йæ Тугъанты Тæтæрхъан, 26 май, 1921 аз, Дзæуджыхъæу. Ныффыста йæ Дзагурти Губади,
ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г. А., опись I, папкæ I3, ф. 81–87.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru