Нузалы фидæрттæ конд æрцыдысты аргъуанæй раздæр, Цæразонæн йæ фыдæлты рæстæджы. Скодтой сæ ирон адæм. Нузалы хъæу уæды заманы уыд бынæй, фидæртты цы чысыл фæзгонд ис, уым. Хъæуы алыварс Суаны фидæртты онг уыд дурын быру-фидар, йæ хæлддзæгтæ ныртæккæ дæр ма сты бæрæг. Ныртæккæ Нузалыхъæу кæм ис, уым та уыдысты уæлмæрдтæ. Аргъуан уыдис уæлмæрдты астæу. Уæды рæстæджы хæстæг хъæутæ сæ мæрдтæ хастой иу уæлмæрдмæ.
Радзырдта йæ Мзохъты Р., 27 июль, 1940 аз, Кировыхъæу. Ныффыста йæ Бигъуылаты Барис. ЦИГСИИ-йы архив, отделение литерат., фонд фольклор, опись 1, дело 118, ф. 47–48.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |