поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Хæкъуынайы мæсыг
Автор: 00mN1ck / 15 ноября 2011 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Историон таурæгътæ
    Куырттаты комы мидæг Нæуы хохы бæрзондыл цардис хан Хæкъуына. Райгуырди йын фырт, æмæ йыл ном сæвæрдтой Ханджери, зæгъгæ. Йæ мад амарди лæппуйæн, æмæ йæ фыд æндæр ус æрхаста. Ус чи у, уый Ханджериимæ нæ фидыдта.
    Иухатт куы уыди, уæд лæппу хъæдмæ ацыди, абырджытæ йæ æрцахстой æмæ йæ кæсгон æлдарæн бæхгæсæн ауæй кодтой. Быдыры астæумæ-иу ацыди бæхгæс, æмæ иу хатт куы уыдис, уæд дын дзы бæхы сæр ссардта алыппы мыггагæй.
    Базыдта йæ, уый тыххæй æмæ сæхимæ ахæм хорз бæхты мыггаг уыди. Æмæ уыцы бæхы сæрыл цалдæр боны фæкуыдта.
    Арвы айдæнæй йæм-иу ханы чызг кастис æмæ йæ фыдæн хабар ра-дзырдта æмæ йын лæгъстæ кæнын байдыдта, бафæрс æй, зæгъгæ. Бадзырдта хан лæппумæ æмæ йæ фæрсын байдыдта, фæлæ йын лæппу нæ саст. Стæй уæд загъта:
    — Ахæм бæхы мыггаг ныгæнинаг уыдис, æмæ æппæрст кæй æрцыди, ууыл куыдтон, стæй мæхиуыл дæр кæуын, уый бæхты æлдар, æз та — адæмы, æмæ иухуызон æгъдау баййæфтам.
    Уæд æй æлдар бафарста:
    — Æмæ ныр ахæм бæхтæ куы фенис, уæд сæ базонис?
    — Йе стæгдар кæмæн базыдтон, уæд уымæн йæхи нал базонин?!
    — Гъеуæдæ цом,—загъта хан æмæ йæ рæгъæуттæм ракодта.
    Иу ран, æндæр ханмæ ссардта, мæллæгæй чи марди, ахæм бæхтæ, æмæ сæ уæддæр базыдта, уыцы мыггагæй кæй сты, уый. Æлдармæ бацыдысты æмæ йын загътой:
    —Мæнæ ай æххуырст у, æмæ дæм дæлæ æвзæр бæхтæ ис, æмæ йын сæ кæнæ уæй ракæ, кæнæ афтæ ратт.
    Æлдар сын бауайдзæф кодта:
    —Уыдон дæлæ къæппæджы йеддæмæ куы ницæмæн бæззынц.
    — Æндæр мæ нæ хъæуы,— загъта Ханджери, æмæ йын сæ æлдар дæр радта.
    Сæрæн лæппу уыди Ханджери. Бæхтæ схорз кодта æмæ сæ бафæл-варынвæнд скодта. Сæргътæ сæвæрдтой ханимæ. Иу бæхæн йæ ныхыл абазийы йас зыгъар уыди (уæдæй нырмæ бæхтæ зыгъар сты), æмæ уый рæсугъддæр уыд, æмæ йæ æлдар йæхицæн айста.
    Æмæ-иу хурырдæм куы цыдысты, уæд-иу æлдарæн йæ бæх иннæйы нал æййæфта. Бирæ фæцыдысты. Фæстæмæ куы раздæхтысты, уæд лæппу æлдармæ бацыди æмæ йын загъта:
    — Куы мæ ауадзис, уæд мæ фыды фенин.
    —Дæ аргъ бафид, æмæ дæ ауадздзынæн.
    Цы йын радтон, зæгъгæ, лæппу æрдиаг кæнын байдыдта. Æлдары чызг та ныхас фехъуыста æмæ лæппуйæн æхца радта.
    Æлдар хъуыддæгтæ уыдта æмæ цыдæр Хуыцауыуарзон адæймаг уыдис, æвæццæгæн. Лæппу æмæ чызгмæ иу ранмæ бадзырдта æмæ сын загъта:
    — Сымахæн уæ зæрдæтæ уæ кæрæдзимæ 'хсайынц, æмæ уын мæнæ хæдзар, мæнæ мулк æмæ цæрут.
    Бацардысты. Лæппу сын райгуырди, уалынмæ—иннæ. Сдынджыртæ сты, фæсарц айсынæн бæззын байдыдтой, æмæ ус загъта:
    — Каистимæ цæрын худинаг у, æмæ дын искуы фыды бæстæ ис, уæд æй бацагурæм æмæ цом. Нæ лæппутæ дæр фæсарц айсынæн бæззынц.
    Иу æхсæв куы уыди, уæд æрæмбырд сты æмæ ацыдысты.Райсомæй сæ æлдар расырдта. Ханджери зыдта, сурдзæни сæ, уый, æмæ-иу хур чердыгæй уыд, уыцырдæм-иу раздæхти, æмæ æлдары бæх зыгъар нæ уыди, æмæ йæ бон уый баййафын нал уыд.
    Æлдар йæ бон куы базыдта, уæд аздæхтис. Уыдон Куырттаты коммæ æрбацыдысты æмæ уæлæсыхы æрцардысты, Хæкъуынайы бакомкоммæ.
    Уæлæсыхæй фæздæг куы ссыди райсомæй, уæд сæм хан барвыста:
    — Уый циу, цавæр у, мæ зæххыл мын чи æрынцади æмæ дзы фæздæджы тæф чи ссæуын кодта?!
    Æмæ йын загътой, ахæм æмæ ахæм адæм дзы ис.
    Хан сæ æрхуыдта, æмæ йын лæппу загъта:
    — Фæндаггон адæймаг дæн, мæнæ арт скодтам, æндæр дæ ницæмæй бахъыгдардзыстæм.
    Æлдар сæ суазæг кодта. Ханджери йæ фæрсынтæ байдыдта æмæ йын базонын кодта, йæ лæппу кæй уыди, уый. Хан тынг ныццин кодта, уый тыххæй æмæ йын æндæр сывæллон нæ уыди.
    Ханджерийы фырттæй иу хуынди Тæга, иннæ Куыртта.
    Лæппутæ слæгтæ сты. Уæлæсыхы бын та сын мæсгуытæ уыди.
    Цуан кодтой æмæ дардтой уаритæ, кæцытæ-иу маргъæн йæ цæстытæ акъахтой.
    Куырттайы уари æрцахста саугарк, æмæ йын æй Тæгайы уари байста.
    Уаритæ-иу сæ хицæуттæн сæ уæхсчытыл бадтысты. Куыртта бацыди æмæ Тæгайы уарийæн йæ къубал сыскъуыдта.
    Тæга загъта:
    — Уæдæ мæ уарийы сæрмæ кæм бауæндыди, уым æй мæхи сæрмæ дæр хъæуы,— æмæ алыгъди Дæргъæвсы коммæ. Цæгат Ламардоны цъуппытыл æрцарди, уый тыххæй æмæ тыхгæнæгæй-æндæрæй тас уыди. Стæй зæхх куы ныффидар и, уæд ныллæгдæр рацыдысты.

Радзырдта йæ Хæдарцаты Хъазыбег, 16 июль, 1940 аз, Гуысыра. Ныффыста йæ Хæдарцаты Азæ.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 111, папкæ 89, ф. 193—196.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru