Тменыхъæутæ уыдысты æртæ: Уæллаг, Астæуккаг, Дæллаг (Дзахаты Тменыхъæу). Дзæуыг уыди Бигъуылатæй, царди Астæуккаг Тменыхъæуы. Комы атардта йæ фыстæ зымæджы. Ныр кæм ис горæт, уым уæтæртæ сарæзта Терчы былыл. Бынат хорз уыди, æмæ адæм уырдæм æмбырд кодтой. Стæй дзы хъæу сарæзтой. Уый уыди иу-дæс æмæ дыууæфондзыссæдз азы размæ. Ныр Астæуккаг Тменыхъæуы баззади Дзæуыджы мæсыг.
Радзырдта йæ Цырыхаты Ладе Зæрæбийы фырт, 73-аздзыд. Ныффыста йæ Хæмыцаты Т., 21 июль, 1959 аз, Уæллаг Хъæни. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 250, папкæ 117, ф. 110.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |