Туатæ æрбалыгъдысты Уæлладжырæй. Туайæ раздæр ардæм ничи æрбацыд. Раздæр цардысты Зынцъары 'рдыгæй. Не 'гасыл дæр ном æвæрд ис Туатæ.Туайæн æппæты фыццаг уыд æртæ фырты, уыдоны нæмттæ хорз нæ зонын. Къопитæ дæр уыдысты Туатæй. Къопитæн хæстæгдæр æрвад уыдысты Чепатæ. Тегкаты фыд Салат хуынд æмæ куывд кодта, æмæ куывды æгъдау афтæ уыд: туджджын-иу искæимæ исчи куы фæци, уæд-иу куывдмæ æрцыдысты туджджынтæ дæр, æмæ-иу сын загътой: «Хуыцауы æууæнк не 'хсæн сомыхсæв аивгъуыйынмæ», æмæ-иу уæд туджджынтæ кæрæдзимæ нал дзырдтой æмгъуыд аивгъуыйынмæ, цалынджы æмгъуыд кæдмæ загътой, уæдмæ ацыдаид, уæдмæ. Куывдæй куы ацыдысты куывддон адæм, уæд сæ Дзоцъитæ сыхстой Къахырмæ Туаты æмæ дзы дыууæйы амардтой. Æхсгæ сæ фæкодтой нуæзты фæдыл. Туатæ сæ мæрдты семæ ахастой. Райсомæй рацыдысты Туатæ æмæ æрæрвыстой Дзоцъимæ: «Цы кæныс, туг куы нæ ис не 'хсæн?!» Куывдгæнæгмæ дæр арвыстой, уæдæ нæ сайгæ акодта, зæгъгæ, фæлæ уый загъта, мæнæй дзæбæхæй ацыдыстут, зæгъгæ. Дзоцъиты хæрæфырттæ уыдысты Къопитæ. Туатæ куы схæцыдысты Дзоцъитимæ, уæд старстысты æмæ загътой: —Нæ хæрæфырттæ, фæрæдыдыстæм нæ нуæзты тыххæй æмæ нæ бафидауын кæнут. Къопитæ Туатæй Дзоцъиты 'хсæн фидауæг сысты. Уый фæстæ Туатæ загътой: —Мах фидыд стæм Дзоцъитимæ. Ацæут, æмæ уын ам цы ис хуымæй, уыгæрдæнæй, уыдон уадзут. Уæхæдæг бафидаут Дзоцъитимæ. Гъе стæй уæд Дзоцъи загъта: — Айсут, кæнæ нæхæдæг кæм цæрæм, уый, кæнæ ныр Къопитæ кæм цæрынц, уый. Мах, куыд хæстон адæм, уымæ гæсгæ райстам Къопиты къуылдым. Цæмæй зыдтам, паддзах уыдзæн, уый. Ныртæккæйы рæстæг куы нæ уыдаид, уæд Къопиты Дзоцъитæ къуыммæ хæссын райдыдтой, мах куы фæцудыдтам, уæд. Тох кодтам зæххыл. Æддæмæ ракæсын нæ нæ уагътой. Табу Хуыцауæн, ныртæккæ фервæзтыстæм. Ныр дæр ма нæм фæкæнынц æртхъирæн. Уæртæ, дам, уæ фыццаг бынатмæ ацæут. Нæ фыдæлтæ, дам, уæ фыдæлтимæ цардысты? Мах сын фæзæгъæм, нæхи зæхх нын радтут, тугмæ кæй радтам, уый, æмæ ныхъхъус вæййынц... Дзыхæй, дам, æндæр дзурынц, фæлæ сæ сæрдасæн фæстейæ счъилтæ дасы. Сæ дзырд у зæххы фæдыл мах ныхмæ, фæлæ æргом нæ уæндынц нæ ныхмæ...
Радзырдта йæ Туаты Куыдзæг Гæдысы фырт, 95-аздзыд, 7 июль, 1932 аз, Зæрæмæг. Ныффыста йæ Боциты Барон. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор, № 22, папкæ 92.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |