Фыццаджы заманы ацыдысты тыхгæнæг Гуырдзыстонмæ къниæзты 'рдæм. Уæлладжыры комæй Куырттатæ æмæ Туалгомæй дæр бирæ лæгтæ. Уыдон стыр уатæй раскъæфтой къниазæн йæ чызджы, Калойы, æмæ йын ратардтой йæ рæгъау дæр. Чызджы рахæссæджы хуыдтой куырттатон Занæгамыр, зæгъгæ, йæ ном. Фæдис сæ куы расырдтой, уæд Занæгамыр йæхи фæстейы баурæдта, чызджы та радта йе 'мбæлттæм. Занæгамыримæ чи баззад, уыдон схæцыдысты фæдисонтимæ, цæфтæ дæр фесты, фæлæ уæддæр аздæхтой фæстæмæ фæдисонты, стæй æрбаййæфтой се 'мбæлтты Ручъы. Уым Занæгамыр бафæдзæхста йе 'мбæлттæн, чызджы кæмæнфæнды куы радтой, уæддæр дзы цы мыггаг рацæуа, уыдоны куыд хоной чызджы номæй—Калотæ (чызгæн йæ ном хуынд Кало). Тæлæтгæнджытыл сæмбæлдысты дыууæ лæджы. Сæ иу уыд Дзаттиатæй, иннæ та Томайтæй. Уыдон куырдтой се 'мбæлæггаджы хай. Уæд Томайы-фыртæн лæвæрд æрцыд æмбæлæггаджы хайæн чызг Кало, Томайы-фырт цот цух кæй уыд, уымæ гæсгæ. Фæлæ дзырд райстой Томайы-фыртæй, чызгæй чи райгуыра, уыдон чызджы номæй куыд хоной, ууыл. Чызджы Томайы-фырт ракодта Куырттатæм, Къорамæ. Уым чызгæн райгуырд дыууæ лæппуйы: Саба æмæ Тæфсыхъо. Уыдон куы фæхъомыл сты, уæд сæхицæн цæрæнбæстæ агурæг фæцыдысты æмæ æрцыдысты Захъамæ, Цъыгъы коммæ. Уым хызтой Хъесаты рæгъау, ракуырдтой Хъесатæй, цæмæй сæ бауромой рæгъаугæс, куыд сидзæрты. Саба æмæ Тæфсыхъо Хъесаты галтыл сусæгæй фæластой дур æмæ самадтой сæхицæн сусæгæй мæсыг æмæ уым æрцардысты. Уый фæстæ Захъайы аргъуанæй мидæмæ схуыдтой сæхи зæхх æмæ дзы бæрæггæнæн æруагътой гуцъула. Хъесатæ сыл фæфæлвæрдтой бирæ, фæлæ сын тых нал ссардтой, афтæмæй Калотæ цæргæйæ баззадысты Захъайы.
Радзырдта йæ Икъаты Васил Дæхцыхъойы фырт, 45-аздзыд, Хурыхъæу, 1940 аз. Ныффыста йæ Бигъуылаты Барис. ЦИГСИИ-йы архив, фонд фольклор, опись1, дело 118, папкæ 91, ф. 1—2.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |