поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Макъедон Александр
Автор: 00mN1ck / 15 ноября 2011 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Историон таурæгътæ
    Макъедон Александирæй раздæр паддзах н' адтæй. Лæгæн æ сæри уорситæ ку бацæуидæ, уæд æй марун кодта. Йеу лæхъуæнæн æ фиди закъи уорситæ бацудæй. Уæд уой æ фиди фæййервæзун бафæндадтæй æма уой туххæн марди кирæ искодта æма 'й æзмесæй байдзаг кодта, æ сæр ба йин нихгæдта, æхуæдæг ба загъта Макъедон Александирæн:
     — Мæ фиди сæри уорситæ бацудæй æма 'й, дæуæн де 'гъдаумæ гæсгæ, рамардтон æма 'й байвардтон.
    Уæд Макъедон Александир раарфæ кодта æма йин загъта:
     — Боз ди дæн, мæ зæгъун дæ ке нæ багъудæй æма дæ паддзахи бæсти 'гъдау ке синхæст кодтай, уой туххæн.
    Æхуæдæг ба йеци лæхъуæн æ фиди маргæ нæ ракодта, фал йин искодта зæнхи буни хæдзæрттæ, цæрæн æма æхе гъуди цæуæн. Уотемæй æ фидæ уоми цардæй, æ хуæруйнаг дæр уоми, йе 'ндæр дæр уоми.
    Уæд, йеу бон кæми адтæй, уоми Макъедон Александир фæгъгъæр кодта æ адæмбæл:
    — Хæдзарæн-лæгæй æнæ рацæун нæййес! Хуарз кард æма хуарз топп маке равзарæд, хуарз бæх ба æ фæсте маке ниууадзæд!
    Куд не синхæст кодтайуонцæ и устур паддзахи дзурд?
    Лæхъуæн æ фидæмæ ниццудæй æма йин загъта:
    — Нæ паддзах æ адæмбæл рагъæр кодта æма загъта: «Хуарз кард, хуарз топп маке равзарæд, хуарз бæх ба æ фæсте маке ниууадзæд, уотемæй æрæмбурд уотæ!» Æма ци кæнунмæ гъавуй, уой ба йин неке зонуй.
    —Хуарз, — зæгъгæ, загъта и зæронд лæг. – Ду мин ци хуæрзтæ бакодтай, ду мæбæл ци хъиамæттæ фæккодтай, уони дин æз нур йеунæг сахатбæл бахатдзæнæн. Нæ паддзах зæнхæбæл æнæсаст бæстæ нæбал ниууагъта, æма кæд нур йесгумæ æфсадæй цæунмæ гъавуй, уæд цæуй цæрдодæй дзенет басæттунмæ, æма йе æнæ Хуцауи уарзон гъуддæгтæ ке кæнуй, уой туххæн фудфæндæгтæ кæндзинайтæ, æма дин фæндæ кæнун. Йе ци 'й: «Хуарз кард, хуарз топп маке багорæд, хуарз бæх ба маке ниууадзæд», зæгъуй, фал æз ба дин зæгъун: хуарз кард ма рартасæ, хуарз топп дæр ма рартасæ, уæдта бæхæй ба нæуæг зад æфсæбæл фæццо, æ байраг ба йин ами ниууадзæ. Беурæ фæццæудзинайтæ зæнхи буни талингæ нæдтæбæл æма бахъæртдзинайтæ дзенетмæ. Дзенети бунуат Макъедон Александирæн не содзæнæй цæрдодæй, æма уин фæстæмæ раздæхун ба хъæбæр зин исо-дзæнæй, æма уæд ду бæхæн æ думæгбæл бæндæн исбæттæ! Бæндæн хæссæ дæ хæтдзæ. Уой фæсте бæхæн æхе рауадзæ, æхе бæрагæ 'й уадзæ! Æфсæ æ бæдолæмæ цæудзæнæй æма дæ йе уотемæй ардæмæ хъæртун кæндзæнæй.
    И зæронд лæг æ фурти Сафабæл бафæдзахста æма 'й рафæндараст кодта.
    Ранæхстæр æй Макъедон Александир йе 'фсæдти хæтдзæ. Зæнхи буни бацудæнцæ æма уотемæй цæунтæ байдæдтонцæ. Хуцау зонуй, цæйбæрцæ фæццудæнцæ, уæдта, разæй ка цудæй, йе бауидта: йеу рохси цъита кæцæйдæр ферттивта. Раззæгутæ сæ бæхтæ рохсмæ ниццæфтæ кодтонцæ, фал цидæр æрбацæй и рохс. Хезунцæ, кæд ма йеци рохс есгæцæй фæззиннидæ. Йеу минги рацудæй, æвæдзи, уæдта бабæй и рохс ферттивта. Йеци рохс ферттивта, дзенети дуар фегонгæнгæй.
    Раззæгтæ сæ бæхтæ ниццæфтæ кодтонцæ, æма си йеу фæууордæг æй, инней ба дуар æ астæутæбæл дууæ 'мбеси рахаун кодта. Йеу æрдæг дзенети меддуар фæцæй, иннæ ба æндæдуар райзадæй. Дзенети хуæдигонгæнгæ дуæрттæ ку разудтонцæ, дзенетмæ цæрдод адæм æрбацудæй, уой, уæд фæстæмæ ниггупп кодтонцæ æма уотемæй дуггаг лæги фæддууех кодтонцæ.
    Нур Дигорæмæ уотæ зæгъунцæ, цума дзенети цæрдодæй лæг æма æрдæг ес.
    Макъедон Александир, ци 'рцудæй, уой ку разудта, уæд фæгъгъæр кодта йе 'фсадбæл:
     Цæугитæ фæстæмæ нур, лæг ка 'й йе!
    Фал зæнхи буни талингæ куд н' адтæй, æма неци уидтонцæ. Ци рауæн лæудтæнцæ, уоми сæ бæхтæ иннердæмæ рахаттонцæ æма цæунтæ байдæдтонцæ. Цудæнцæ, цудæнцæ, Хуцау зонуй, цæйбæрцæ фæццудæнцæ, уæдта цирагъ ниррохс кодтонцæ, кæсунцæ æма дес кæнунцæ: сæ фиццаг бунати лæуунцæ. Зæнхи буни берæ нæдтæ адтæй, æма фæдздзæгъæл æнцæ, æма сæ уотемæй Хуцау сæ фитдзаг бунатмæ æрхаста. Бауолæфтæнцæ, уæдта бабæй исбадтæнцæ сæ бæхтæбæл æма бабæй цæунтæ байдæдтонцæ. Цæйбæрцæ фæццудæнцæ, Хуцау зонуй, уæдта æрфестæг æнцæ. Цирагъ ниййасугътонцæ, кæсунцæ: сæ фитдзаг бунат сæ лæууæн. Уотемæй фæгъгъезæмарæ кодтонцæ.
    Уæд и зæронд лæги фурт, æфсæбæл ка бадтæй, йеци лæхъуæн загъта:
    — Цæй, мæ коммæ бакæсетæ, æма фендæзæнхæ уодзинан. Мæнæ мæ бæхæн æ думæгбæл бæндæн ниббæтдзинан, æма, бæндæнбæл хуæцгæй, бæх цирдæмæ цæуа, уордæмæ мах дæр цæудзинан. Мæ бæх æй нæуæгзад æфсæ æма йе цæудзæнæй æ байрагмæ, æ байраг ба йин нæхемæ ниууагътон барæй. Гъе уотемæй мах фендæзæнхæ уодзинан.
    Макъедон Александир лæхъуæни коммæ бакастæй, æма уотемæй рацудæнцæ дæлмагуртæй.
    Уой фæсте Макъедон Александир æрæмбурд кодта адæми æма уони рази лæхъуæнæн хъæбæр арфæ кодта. Уæд йин и лæхъуæн загъта:
    — Æз мæхе зундæй нæ бакодтон уоци гъуддаг, мæ фидæ мин баамудта мæнæн уой. Мæ фиди æз нæ рамардтон; зæнхи буни йин хæдзарæ искодтон, æма гъе нур дæр уоми цæруй. Беурæй уарзтон æма уомæ гæсгæ дæу дæр басайдтон. Ци мин кæнис, уой мин кæнæ, дæ къохи дæн!
    Уæд йин Макъедон Александир æ фиди искæнун кодта æма адæми рази загъта:
    — Ду мæнæй зундгиндæр дæ, гъæуамæ ду уай паддзах.
    Уотемæй и зæронд лæг паддзах исцæй. И зæронд лæг, нæуæг паддзах, фитдзаг хуарз адтæй, фал йе дæр фæстæдæрмæ ба хъал кæнун байдæдта æма айдагъ æхе царди гъуди бацудæй, адæми гъуди дæр нæбал кодта. Цитæ син нæ кæнун кодта! Йеу хатт ба æхецæн дорæй æркъей рохсæнтæ кæнун кодта. Агурдтонцæ адæм, фал кæми! Нæ ирдтонцæ. Паддзах мæстгун кæнун байдæдта. Æрæги-дурæги ба иссирдтонцæ йеу фиййау. Радзурдтонцæ йин сæ хабар. Фиййау исарази æй.
    Уæд йимæ паддзах рацудæй будурмæ æма йин загъта:
    — Гъи, искæндзæнæ мин дорин рохсæнтæ?
    — Цæмæннæ искæндзæнæн, ку мин баамонай, ци дорæй æма сæ куд кæнон, уой.
    Паддзах æркастæй æхемæ æма загъта:
    — Ци æнæзунд дæн! Цитæ кæнун кæнун, уой мæхуæдæг дæр ку нæ зонун! А фиййау мæнæй зундгиндæр, мæнæн ме 'нæзунддзинадæ ка базонун кодта!
    Æма загъта:
    — Дæуæн аггаг æй паддзахдзинадæ кæнун мæн рази, уомæн æма ду мæнæй зундгиндæр дæ. Амæй æндæмæ ду уо паддзах!
    Уотемæй и фиййау испаддзах æй. Уони ци нæ фæууидтан, æндæр рун дæ ма уæд.

Радзырдта йæ Дарчиты Симон, Дур-Дур. Ныффыста йæ Собиты Инал.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор 11, папкæ 67.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru