Уыдон уыдысты Цæразоны фидæрттæ. Цæразонæн йæ фыццаг усы цот сты Нузал, Нæзыджын, Бад, Зæрæмæг. Йæ дыггаг усæй та райгуырдысты Сидæмон æмæ Хъусæгоны байзæддæгтæ: Æрхомгом, Цъамад, Мызур, Уынал. Сидæмонтæ æмæ Хъусæгонтæ хуындысты сылгоймаджы номæй. Гуырдзиаг сауджын æмæ Нары Засыхаг лæг Гуытаты Михел асин сæвæрдтой Нузалы фидæрттæм æмæ райстой уырдыгæй Цæразонты гæххæттытæ, уæзданы чингуытæ æмæ сæ Гуырдзымæ ахастой. Иу чиныг дзы уыд байрагдзармыл фыст, йæ кæрæттæ та — сыгъзæринæй. Уый гуырдзиаг кънйаз йæ сæрыл сæвæрдта æмæ йæ бахаста, Калачы Уæрæсейы паддзах куы уыд, уæд уымæ. Паддзах ын загъта, ды ме 'мсæр дæ, зæгъгæ, æмæ йын радта крест «Ладимыр».
Ирон адæмон аргъæуттæ, III том. Разныхас æмæ комментаритæ ныффыста Биазырты Александр, Цхинвал, 1962, ф. 282.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |