...Давид Сослан дæр уыдис Цæразонтæй. Иры раздæры паддзæхты нывтæ уыдысты Нузалы аргъуаны къултыл конд. Фæлæ, Алæджыхъоты Бечмырзæ куыд зæгъы, афтæмæй, дам, сæ сауджын Росеб фехалын кодта. Цæвиттон, Мзокты Габе æмæ Алæджыхъоты Дрисæн бафыста сыгъзæрин æхца æмæ уыдон фехæлдтой нывтæ. Ууыл рацыдаид 200 азмæ æввахс. Росеб ма Нузалы аргъуанæй ахаста байрагдзармыл фыстытæ. Уым амынд уыдысты Цæразонты хæзнатæ. Хæзнатæ, дам, уыдысты Нузалы хъæуы донæн йæ иннæ фарс, къæдзæхы фарсыл — фидæртты. Иры паддзах Худаны чызг Бурдухан уыд Гуырдзыйы паддзах Георги III бинойнаг. Бурдуханы-чызг паддзах Тамарæ — Давид Сосланы бинойнаг.
Хъайттаты Сергей. Фыдæлты хабæрттæ, 1982—1983, (къухæйфыст) ф. 347. Цæгат Ирыстоны культурæйы наукон-методикон центры архив.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |