Йеу хатт сахи 'фсæдтæ дæллаг æфцæгбæл Дигорæмæ æрбацудæнцæ ма Æхсæуи хумти æрбадтæнцæ. Æхсæвæ сах и гъæумæ тъасхæгæнгутæ йеу къуар лæги исæрвиста. Фæххаттæнцæ и лæгтæ, уæдта æрæгиау ба Алтæнцахъи мæсугмæ бакастæнцæ, 'ма дин уоми ба и уосæ къумæл цæгъдуй, 'ма къупхитæ ку ралæмаридæ, уæдта сæ артбæл бакалидæ, ма сæ фур сорæй цирагъау исцæфсионцæ 'ма и тар æхсæви цирагъеуæг кодтонцæ. Тъасхæгæнгутæ æриздахтæнцæ ма йеци хабар радзурдтонцæ и сахæн. Сах дæр фæттарстæй: мадта сæ уоститæ уотæ тухгин кæмæн æнцæ, уонæн сæ лæгтæ ба кунæг æнæхъаруæ нæ уодзæнæнцæ, зæгъгæ, 'ма раздахтæй. Æхсæвæ кæми фæцæй сахи 'фсад, уоми нур устур кæрдтутæ исзадæй бæхти лæхуати. Сах фитдзагидæр будури гъæутæ басаста, 'ма хонхмæ ку цудæй, уæдта æрæгфæззæг адтæй 'ма йе 'фсади бæхтæ дæр 'ма и æфсæдтæ сæхуæдтæ дæр Кети кæрдту фæххуардтонцæ. Хонхи гъæутæй ба фитдзагидæр Æхсæуæбæл æрбадтæй 'ма, æ арми ку неци бафтудæй, уæдта Дигоргомбæл раздахтæй. Уоми ба Къæмунти къубусбæл адтæй мæсуг. И мæсугмæ ба мæнгæзгъунст хед. Сахи 'фсæдтæ и хедбæл исцудæнцæ; хед син никкалдæй, и æфсад дæр Ниххæтти билæй Сонгути донмæ фæззилдæнцæ. Уой фæсте ба и мæсугмæ исцæуæн нæбал адтæй, сахи 'фсæдтæн дæр сæ рагъæймæгтæ (ахсгиæгтæ) билæй фæккалдæнцæ; нигки ба ма зумæг дæр æрхъæрттæй, ма сах, йе 'фсадæй ма ка байзадæй, уони хæтдзæ рандæй Гъевони æфцæгбæл. Уой фæсте ци рацудæй, уæдта йеу лæг Ахсахъ-Темури хабар игъусун райдæдта, æгас дунейæн хан иссæй, зæгъгæ. Йеу хатт кæми адтæй, уоми Ахсахъ-Темур фегъуста, Дигоргом сахæн сæттун куд нæ бакумдта, уой. Алтæнцахъи хабартæ дæр йимæ игъустæнцæ. Устур æфсæдтæ æримбурд кодта 'ма уони хæтдзæ Дигоргоми думæгмæ æринцадæй. Æхуæдæг ба йеунæгæй æ уорс аласабæл Æхсæуæмæ æрбацудæй. Геуæргиати мæсуги ба ма адтæй æртæ кизги. Гъæубунти хумти исраст кодта 'ма и мæсугмæ йе 'рух бахатта. Билæгидонмæ ку исхъæрттæй, уæдта æ бæхæй рафестæгæй, 'ма 'й хæрди æ фæсте ласта. Кизгутти ракаст дæр уотæ фæцæй, 'ма и бæхгинмæ кæ¬сун райдæдтонцæ, ка уодзæнæй, зæгъгæ. Къулух цо ке кодта и бæхгин, уой туххæй йибæл гурусхæ кæнун райдæдтонцæ, Ахсахъ-Темур уодзæнæй, зæгъгæ. Уалæнги и бæхгин мæсуги размæ исхъæрттæй 'ма и кизгуттæмæ æрфусун кодта. Кизгуттæ дæр йин дзикка ракодтонцæ, байвардтонцæ йин æй 'ма иуазæг астæуæй хуæрун райдæдта. Кизгуттæ дæр кæрæдземæ бакастæнцæ 'ма ниххудтæнцæ.Йе дæр сæмæ дзоруй: — Цæбæл ходетæ? — Ахсахъ-Темури хуæрунтæ кæнис, – зæгъгæ, йимæ дзоруй астæуггаг кизгæ. – Мадта æз йе дæн, 'ма ардæгæй фæстæмæ макæмæйбал тæрсетæ! Астæуггаг ка 'й, йе ба мин бийнонтæ куд уа, уотæ! Астæуггаг кизгæ дæр йеци сахат йе 'ннæ авармæ бацудæй, æхе римæхсун райдæдта, ома, арази дæн, зæгъгæ. И кæстæр ба йимæ дзоруй: — Дæ фарн, дæ фарн, де 'зæдистæн, корун ди 'ма мин ниххатир кæнæ; нур ба дæмæ йеу аййепп йес: æфсад уа, уæддæр, бæстæмæ æвналай, уæддæр астæумæ лæборис æма йеци æгъдау – астæумæ лæбурд мабал кæнæ, йе ба дæ гъуддаг растдæр цæуа. Али гъуддагæн дæр райдайæн æма кæрон йес, 'ма ду дæр йеу кæронæй райдайæ, дзиллæмæ лæборай, уæддæр æма æнæуой гъуддаг кæнай, уæддæр! Ахсахъ-Темур и кизги дзурдтæ æ зæрдæмæ байста 'ма уордæгæй фæстæмæ ба адæммæ кæронæй бавналдта. Цæрæнбунатæн ба райста Геуæргиати мæсуг. Базуртæ йин адтæй, 'ма бонæ арвбæл æртæ зилди æркæнидæ, æхсæвæ ба Геуæргиати мæсугмæ батæхидæ 'ма уоми астæуггаг кизги хæтдзæ лæг æма уосæй цардæнцæ Йеци кизгæй Ахсахъ-Темурæн æртæ лæхъуæни райгурдæй: Мали, Бицо æма Гардан. Йеци æртемæй ба устур Дигори Геуæргиати муггаг рантæстæнцæ.
Ныффыста йæ Гарданты Михал, 6 ноябрь, 1903 аз. Йæ радзурæг бæрæг нæу. «Памятники народного творчества осетин», вып. 2, 1927, ф. 83–84.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |