Ахсахъ-Темур битдзеу адтæй æма дæркъгæс адтæй. Изæрæй ба æрцудæй æма битдзеу бахъан æй, æма йимæ æ фидæ дзоруй: — Ци кæнис, битдзеу, йести ди рессуй? — Неци ми рессуй, фал ниффæлладтæн аци бон. Еу дæркъæ мин нæ рæдæй, ледзгæ мин кодта, æма мæ бафæллайун кодта. — Ма ци фæцæй, фæддинлигъдæй? — На, неци мин фæллигъдæй, æрæйтардтон. — Рацæуай, фæмминæйуинун кæнæ, маха 'й нивгæрдæн, йе исон дæр бабæй ледзгæ кæндзæнæй. Бацудæй æма 'й бамудта, уæртæ йеци дæркъæ, зæгъгæ, йе ба дин тæрхъос. Уоххай, а хуарз нæ уодзæнæй, зæгъгæ, æма йин æ фидæ æ зæнгæ басаста, æма фæкъкъулух æй. Уотемæй ислæг æй. Æ ном Темур адтæй, уæдта Ахсахъ-Темур фæцæй, ома къулух Темур. Лæгъуз кæнунбæл хаттæй æма алкæмæн дæр тухæ кодта. Йеу бон ба йимæ æстонг бахъæрттæй, æма йеу хæдзарæмæ бацудæй æма загъта: — Хуарз уосæ, æстонг дæн, æма мин йести ку бахуæрун кæнисæ. — Бахуæрун кæндзæнæн, – зæгъгæ, æма йин æхцинтæ искодта æмæ йин фингæ ниввардта. Астæумæ нивналидæ Ахсахъ-Темур фингæн æма уордиги хуардта, æ кæрæнттæмæ ба йин не 'вналдта. — Ци 'й, мæ хор, иуазæг, Ахсахъ-Темури хуæрдтитæ ку кæнис? —Ахсахъ-Темур ба куд хуæруй? Ахсахъ-Темур ба кæронæй не скъæфуй, фал астæуæй, æндæра гъæуи йеугурхуæрд ку бакæндзæнæй. Астæуæй искъæфуй, æма 'й кæми куй æййафуй, кæми лæг, æндæра кæронæй ку æскъæфа, уæдта 'й некебал раййафдзæнæй. Гъе, кæронæй æскъæфун Ахсахъ-Темур уæд байдæдта. Йеу лæбурди ба Лæдæрти йенцеги раскъафта. Йетæ ба 'й зæнхæбæл нæбал уагътонцæ æнцойнæ. Уæдта Ахсахъ-Темур искувта: – Хуцау, атæ мæ зæнхæбæл нæбал ниууадздзæнæнцæ, æма арвбæл куд фестон! Æма арвбæл исбадтæй, йетæ дæр бабæй ракурдтонцæ æма йетæ дæр бабæй арвбæл исбадтæнцæ. Хуцау Лæдæрти фесунмæ зелунмæ фæккодта, йе йеци йеунæг рауæн истуй, йетæ ба йибæл фесунмæ зелæн кæнунцæ. Уонæй уой астæу Ахсахъ-Темурæн дууæ урси зелæн кæнунцæ. Æхсæвæй бонмæ фæххæтунцæ, бонивайæни ба 'й байинунцæ, бонивайæни ба син фæдздзæгъæл уй, æма бабæй фесунмæ рандæ унцæ. — Лæдæрти дæр фæсмæрæн, Ахсахъ-Темури дæр фæсмæрæн. Æхсæуæ ба зæгъунцæ: — Мах Ахсахъ-Темури фурттæ ан, – зæгъгæ.
Радзырдта йæ Уæдаты Кубади, 83-аздзыд, Лескены цæрæг, 1924 аз. Ныффыста йæ Дзагурты Хъуыбади, Дзæуджыхъæу. ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А., опись 1, дело 15 «а», ф.74–75.
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна |